Хӕдзарон фос, уыцы нымӕцы, стуртӕ дӕр бирӕ низтӕй рынчын кӕнынц ӕмӕ сын сӕ низтӕ рабӕрӕг ӕмӕ сдзӕбӕх кӕныныл ӕнӕмӕнг хъуамӕ аудой канд ветеринарон службӕтӕ нӕ, фӕлӕ ма сӕ хицӕуттӕ дӕр. Уыцы куыстытӕ цас афоныл ӕххӕст цӕуой, уый бӕрц фосы продуктивондзинад уыдзӕн фылдӕр, сӕ мӕлындзинад та – къаддӕр. Ныртӕккӕ ставдкъах фосӕн ӕвӕстиатӕй цы низтӕн хъӕуы хос кӕнын, уый тыххӕй нын радзырдта нæ республикæйы Хъӕууон хӕдзарады министрады ветеринарон дохтыр, ацы хаххыл зонӕдты кандидат Лолоты Владимир.

Уый куыд банысан кодта, уы-мӕ гӕсгӕ стурты арӕх фæзыны къуыдыркалм ӕмӕ цӕмӕй ацы низ ма сытынг уа, уый тыххӕй йын хос кӕнын та фӕхъӕуы ацы рӕстӕджы. Зӕгъын хъӕуы, низӕн ацафон нӕй бафиппайӕн, уый раргом вӕййы январы мӕйы фӕстӕ. Уыцы рӕс-тӕджы стуры рагъ скъуыбӕрттӕ вӕййы ӕмӕ уӕд базонӕм,  кӕй у рынчын ацы низӕй. Низ апарахат кӕныны цырынгӕн-джытӕ сты дыууӕ хуызы бындзытӕ. Фыццӕгтӕ сезоны дӕргъы ӕрӕфтауынц 800 айчы, дыккаг хуызы бындзытӕ та – 450 айчы. Бындз цӕры 3-10 суткӕйы онг, стӕй амӕлы, уый фӕстӕ та рацӕуынц ӕндӕртӕ. Уый хӕргӕ нӕ кӕны, ратӕх-батӕх кӕны ӕмӕ айк ӕфтауы. Айк тагъддӕр ӕрӕфтауын та баст у температурӕимӕ, ома, цас хъармдӕр уа уӕлдӕф, уыйас тагъддӕр ӕрӕфтаудзӕн. Бындз батӕхы стурмӕ, хӕцгӕ йыл нӕ фӕкӕны, фæлæ уым ӕрӕфтауы ӕйчытӕ ӕмӕ сӕ райдианы ӕрфидар кӕны стуры хъуыныл, цӕмӕй сӕ дымгӕ ма ахӕсса. Айчы мидӕг сӕвзӕры лӕппын (къуыдыркалм), уыцы лӕппынӕн разӕй ис дӕндаг ӕмӕ ахуынкъ кӕны царм, стӕй йын фадат фӕвӕййы тугдадзинтӕм бабырынӕн. Туг та уӕнгты зилдух кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ уым баззайы 1-2 мӕйы, стӕй сбыры синтӕм ӕмӕ ӕрбынат кӕны рагъыцар-мæй фыды ‘хсæн. Къаддӕр ӕй-чытӕ цы бындз ӕфтауы, уый та райдианы вӕййы стуры сӕтцъары. Ахӕм рӕстӕджы стур тынг фӕтыхсы, ныхъхъуырын ын тынг фӕзын вӕййы, куынӕ йын схос кӕнай, уӕд. Уый дӕр цалдӕр мӕйы фӕстӕ схизы стуры рагъмӕ ӕмӕ уым дӕр райдайы йӕ фыдархайд. Нырма стуры синтӕ чысыл скъуыпп вӕййынц, уый фӕстӕ царм схуынкъ кӕны, цӕмӕй уӕлдӕф улӕфа. Къуыдыркалм куыд стыр кӕны, афтӕ йӕ хъӕстӕ та пырх кӕны ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ стур рӕзгӕ нал фӕкӕны ӕмбӕлон ӕгъдауӕй, нард нал фӕ-кӕны ӕмӕ йе ‘хсырӕрдыгъд дӕр фӕкъаддӕр вӕййы. Царм кӕм фегом вӕййы, уырдыгӕй къуыдыркалм хицӕн кӕны йӕ баззайӕццӕгтӕ ӕмӕ царм схъӕ-бӕр вӕййы. Царм кӕм фегом вӕййы, уырдыгӕй августы мӕ-йы рахауы ӕддӕмӕ ӕмӕ мӕрмӕ ахизы. Мӕры мидӕг та у ӕндӕр стади ӕмӕ хуыйны къуыбар, ӕнӕ хӕринагӕй дзы баззайы 20-40 суткӕйы, стӕй та дзы сӕвзӕры сыл кӕнӕ нӕл бындз, ратӕхынц ӕддӕмӕ ӕмӕ та ногӕй райдайынц сӕ фыдархайд. Ба-фиппайын хъӕуы уый, ӕмӕ ацы низ тынгдӕр ӕмхиц у ӕвзонг фосмӕ. Йӕ симптомтӕ сты, стур йӕхи кӕй фӕныхы, къуыдыркалмы бынаты алыварс срӕсийы, куы йӕм бавналай, уӕд ын фӕриссы.

Хос кӕныны рӕстӕджытӕ сты дыууӕ хуызы, фыццаг у развӕлгъау химион профилактикӕ, ома, цалынмӕ низ нӕ раргом вӕййы, уӕдмӕ. Иннӕ хуыз та хуыйны бафӕстиатимӕ химион профилактикӕ, иугӕр низ йӕхи куы равдисы, уӕд.

Цӕмӕй низ ма апарахат уа, уый тыххӕй йӕ ныхмӕ хъӕуы ацы ӕввахс рӕстӕджы хос кӕ-нын. Ис ын ахӕм хостӕ, куыд ивермек, гиподектин, ис ма, синтыл кӕй сӕрдынц, ахӕм хос дӕр. Иугӕр ацы хостӕй иу кӕнӕ иннӕмӕй куы базилай стурмӕ, уӕд скуынӕг кӕндзӕн, туджы мидӕг чи вӕййы, уыдоны ӕмӕ йын фадат нал фӕуыдзӕн синтӕм схизын кӕнӕ сӕтцъары ӕрбынат кӕнынӕн.

Сӕйраг дохтыр курӕг у цӕрджытӕй, цӕмӕй рӕстӕгыл ӕркӕсой ӕмӕ райсой ӕнӕмӕнг-хъӕуӕг мадзӕлттӕ стурты ацы низӕй фервæзын кӕныны сӕ-раппонд.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.