СӔХХӔСТ СЫН КОДТОЙ СÆ КУЫРДИАТ

Ногхъӕуы иу сыхы цӕрджытӕ тынг тыхстысты, сӕ фӕндаг бынтон мӕгуырау кӕй уыд, уый аххосӕй. Зынтӕй йыл цыдысты куыд фистӕгӕй цӕуджытӕ, афтӕ ма автомашинӕтӕ дӕр. Фарст ӕрбӕстон кӕныны тыххӕй бахатыдысты районы администрацимӕ ӕмӕ сын сӕ куырдиат сӕххӕст кодтой. Администрацийы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарад (йӕ сӕргълӕууӕг Хъотайты Барис) ӕрӕджы ӕрӕвнӕлдта, йӕ дӕргъ иу километры кӕмӕн у, уыцы фӕндагыл арӕзтадон-цалцӕггӕнӕн куыстытӕ ӕххӕст кӕнынмӕ. Фыццаг рады уал ӕй алӕгъз кодтой, ныккалдтой йыл ставд хуырдур, уый фæстæ та лыстӕгдӕр хуыр. Цæрджытæ бузныг зӕгъынц, сӕ куырдиат сын цыбыр рӕстӕгмӕ чи сӕххӕст кодта, уыдонӕн.

РАЙСТОЙ КАФӔН ДАРӔС

Аивадон коллективты ралӕуд сценӕйыл ноджы ахадгӕдӕр вӕййы, ӕмбӕлон кафӕн дарӕсӕй ӕххӕст куы вӕййынц, уӕд. Фӕлӕ нырма иуӕй-иу хӕдархайгӕ къордтӕ уыдонӕй цух кӕй вӕййынц, уымӕ гӕсгӕ сын тынг ӕндавы сӕ аивадон рӕзтыл. Уыдӕттӕ хынцгӕйӕ, районы Культурӕйы хайад архайы, цӕмӕй уыцы хъуагдзинад иуварс цӕуа. Ахӕм ӕхсызгондзинад ӕрӕджы банкъардтой Къостайыхъӕу ӕмӕ Тъбеты хъӕууон хӕдархайгӕ коллективтӕ. Цӕвиттон, Къостайыхъӕуы Культурӕйы хӕдзары директор Мамиты Дзерассӕ ӕхсызгондзинады ӕнкъарӕнтимӕ банысан кодта, сӕ кафджыты къордӕн ныртӕккӕ кӕй ис ног кафӕн дарӕс, уыдон ӕдӕппӕт сты фараст фӕлысты куыд лӕппутӕн, афтӕ чызджытӕн дӕр.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.