Нæ республикæйы Культурæйы министрады архайд гуырахстджын æмæ вазыгджын фадыг у нæ царды. Йæ дæлбаруæвæг уагдæттæ нæ зонгæ кæнынц нæ адæмы националон æмæ духовон хъæздыгдзинæдтимæ. Алы наци дæр йæ культурон хæрзиуджытæй у сæрыстыр. Ирон адæмæн дæр ис хъæздыг æмæ цымыдисон историон æмæ культурон бынтæ, кæцытæ алы адæймагæн дæр сты цæстыгагуыйау хъахъхъæнинаг.

Ацы министрады куысты иумиаг уавæры, сæ дарддæры плæнтты æмæ æндæр ахсджиаг фарстытыл 26-æм ноябры пресс-конференцийы æрдзырдта, РХИ-йы Культурæйы министр Остъаты Мадинæ. Пресс-конференци уагъд цыдис информацион агентад «Спутник»-ы конференц-залы.

Культурæйы министр йæ бацæуæн ныхасы æрдзырдта, ацы аз февралы мæйы нæ республикæйы Президент Тыбылты Леониды Настуаны сæ куыстæн  аккаг аргъ кæй æрцыд, уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, хъæуы хуыздæр культурон бастдзинæдтæ саразын Уæрæсейы Федерацийы субъекттимæ æмæ нын хæларадон ахастытæ цы бæстæтимæ ис, уыдонимæ, куыд зæгъæм, Абхаз, Приднестроваг Молдаваг Республикæ, Хæххон Хъарабах, Никарагуа æмæ æндæртимæ.

Остъаты Мадинæ ма æхсызгонæй банысан кодта сæ дæлбаруæвæг уагдæтты кусджытæн цалдæр азы дæргъы сæ мыздтæ кæй никуы фæфылдæр сты, æмæ ныр Тыбылты Леонид куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ сæ мыздтæм кæй бафтдзæнис.

Уый фæстæ  Культурæйы министр æрдзырдта Кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-ы æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры сфæлдыстадон æнтыстытыл. Йæ раныхасы рæстæджы афæлгæст сарæзта нæ республикæйы районты культурон цардыл дæр.

Мадзалы дыккаг хайы Остъаты Мадинæ дзуаппытæ лæвæрдта журналистты фарстатæн.

– Цахæм аргъ скæндзыстут нæ театры бæстыхайы арæзтадæн. Цавæр сæрмагонд конд нывтæй фæлыст хъуамæ уа?

– Ацы объект у нæ республикæйæн ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг. Ахæм æндæр объект нæ республикæйы нырма арæзт никуы уыдис. Ацы арæзтадæн йæ аргъ та у 1 миллиард æмæ 279 милуан сомы. Нæ театры арæзтад егъау кæй у, уымæ гæсгæ йæ фæуды æмгъуыд æнцон зæгъæн нæу, фæлæ, фылдæр акцент æвæрын хъæуы йæ арæзтадон куысты гъæдыл, техникон ифтонгадыл æмæ кадртыл.

Йæ арæзтадмæ та йын сæ хъус дарынц, куыд Арæзтады æмæ Культурæйы министрадтæ, афтæ нæ республикæйы къухдариуæггæнджытæ дæр. Цæмæй нæ ног сырæзгæ театр ифтонг æрцæуа нырыккон техникон ифтонггæрзтæй, уый тыххæй консультацитæ исынмæ ацæуæм Санкт-Петербургмæ, ис ма нын æнгом бастдзинæдтæ Мариинаг æмæ дунеон театралон фестиваль «Золотая маска»-йы коллективимæ.

Нæ театр арæзт куы фæуа, уæд ахæм нырыккон ифтонг театр æнæхъæн Кавказы регионы уыдзæнис иунæг. Йæ техникон персонал æмæ актерты тыххæй та зæгъдзынæн уый, æмæ нæ кæй бахъæудзæнис ахуырмæ арвитын. Театры къултæ аивадон æгъдауæй сфæлындзыныл та бакусдзысты нывгæнджытæ Уалыты Захар, Хетæгкаты Аслан, Кæсойты Лаврент æмæ Чилæхсаты Магрез.

Нæ паддзахадон драмон театр арæзт куы фæуа, уæд байгом уыдзæнис Хетæгкаты Къостайы поэмæ «Фатимæ»-мæ гæсгæ арæзт спектаклæй.

– Нæ цыртдзæвæнты хъахъхъæныны æмæ реставраци кæныны фæдыл та цавæр куыст кæнут?

– Æз зæгъдзынæн уый, æмæ нæ Культурæйы министрады сæйраг фæдыздæхтытæй сæ иу кæй у нæ культурон бынтæ бахъахъхъæнын. Уымæ гæсгæ нæ фæрæзтæ куыд амонынц, афтæмæй сын сæ реставраци кæныныл дæр бакусæм. Нæ цыртдзæвæнтæм хъусдард ныртæккæйы хуызæн никуы цæуы. Уымæн æмæ нæ республикæйы территорийыл ис хъæздыг культурон бынтæ æмæ сæ мах та хъуамæ бахъахъхъæнæм нæ фидæны фæлтæрæн.

– Культурæйы министрад, куыд зонæм, афтæмæй бакуыстой цалдæр цымыдисон проектыл, уыдон нымæцы Джиоты Вероникæйы фестиваль сорганизаци кæныныл. Рæхджы та нын цавæр проекттæ нæ зæрдæтæ барухс кæндзысты?

– Джиоты Вероникæимæ нын ныр дæр ис ног плæнттæ. Музыкалон фестивалы мах фæнды фæуæрæхдæр кæнын, ома, йын йæ хайадисджыты нымæц фæфылдæр кæнын. Джиоты Вероникæйы ма фæнды Фестивалы ном фæивын дæр, нырмæ кæд хуындис «Звезда Алании», уæд æй ныр та фæнды «Звёзды Алании» схонын.

Зæгъдзынæн ма æндæр проектты тыххæй дæр, Гергиты Ларисæимæ та кусæм проект «Ацæмæзы сыгъзæрин уадындз»-ыл. Йæ хайадисджытæ та уыдзы-сты ахуырдзау фæсивæд. Хайад дзы исдзысты цыппар номинацийы: вокал, хореографи, аивад, нывкæнын æмæ музыкалон номинацитæ.

Нæ ног арæзт театр куы байгом уа, уæд нæ фæнды национ театрты фестиваль ауадзын. Нæ нымадмæ гæсгæ фестивалмæ къуырийы дæргъы хуынд æрцæудзысты, куыд Цæгат Кавказы театртæ, афтæ Уæрæсейы Федерацийы горæттæй дæр.

Банысан ма кæндзынæн уый, æмæ уæрæсейаг зынгæ актер Сергей Безруков дæр ивгъуыд аз ам куы уыдис, уæд фæндон бахаста, цæмæй ацы фестивалы йæ театримæ хайад райса. Театралон фестивалы хайад райсынмæ ма фæндондзинад равдыстой Санкт-Петербург дæр, Челябинск, Казань æмæ æндæр рæттæй.

Ахæм мадзæлттæ уадзыны рæстæджы та нын зын кæны уый, æмæ нæ республикæмæ æрцæуæг уазджытæн æхсæвбынат кæй нæ вæййы, фæлæ кæд уыцы рæстæгмæ кæд нæ уазæгдæттæ æмбæлон уагмæ æрцæуиккой.

– Нæ театры куыст ирдæй зыны, фæлæ кинематографийы тыххæй та цы зæгъдзынæ?

– Куыд æй зонæм, афтæмæй Хуссар Ирыстонæн йæхи сæрмагонд кинематографи никуы уыдис. Уыдис Цæгат Ирыстоны киностуди, цыран-иу бирæ кинонывты хуссарирыстойнаг актертæ истой хайад.

Ацы аз, куыд æй зонæм, афтæмæй нæ паддзахадон телерадиокомпанийы æмæ Мамиты Григорийы руаджы ист æрцыдис документалон фильм «Ирон Вандея». Уый у кинематографийы нæ фыццаг къахдзæф. Æз бузныг зæгъдзынæн, ацы документалон фильмыл чи бакуыста, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр.

Æрæджы махæй алчи дæр æвдисæн уыдис Дыгъуызты Алан æмæ Кæсойты Аланы ист кинофильмтæ «Соврешь-умрешь» æмæ «Воскресенье»-йы презентацитæн.

Ацы æвзонг режиссер æмæ оператор бахатыдысты нæ республикæйы Президентмæ, цæмæй сын баххуыс кæна ног кинофильм «Улицы героев» сисынæн, цыран æвдыст æрцæу-дзæнис нæ лæппуты æмæ уæрæсейаг æфсæддонты хъæбатырдзинад.

Нæхи театры актертæ Дзуццаты Тамерлан, Битарты Бесик æмæ Харебаты Жан-Жакмæ дæр уыдис киностуди бакæныны хъуыды, фæлæ уый тыххæй хъæуы дзæвгар финансон фæрæзтæ.

– Уæрæсейы Федерацийы æмæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрадтæ сæ къухтæ æрфыстой мадзæлттæ уадзыны фæдыл? Цавæр куыст бакодтат йæ фæл-гæтты æмæ ма цы хъавут бакусынмæ?

– Ныртæккæ, куыд зонæм, афтæмæй экономикон кризис бандæвта нæ республикæйыл дæр. Æппæт ахæм мадзæлтты фæхъæуы финансон æххуыс. Уымæ гæсгæ ацы бадзырды план сæххæст кодтам 80 проценты бæрц. Уырдæм хауынц нæ Национ музей æмæ Мæскуыйы музейы баиугæндтимæ æмгуысткæнынады тыххæй бадзырдыл къухтæ æрфыссын, уæрæсейаг кинойы фестивалы къуыри ауадзын, ис нын хорз æнгом ахастытæ Мæскуыйы Нывгæнджыты цæдисимæ, нæ кусджытæн сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæнын æмæ æндæр ахæм мадзæлттæ уадзын.

Ныр та бакусдзыстæм 2017 азы планыл дæр.

– Бельгийы уагъд фæцæуынц Ирон культурæйы бонтæ. Уæ министрад цавæр куыст бакæны, цæмæй дзы Хуссар Ирыстон дæр хайад райса?

– Мах тынг æнгом куыст кæнæм æндæр бæстæты уæвæг ирон диаспорæтимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, Пухаты Радионимæ дæр.

Ивгъуыд азы апрелы мæйы нæ нывгæнджытæ хайад райстой равдыст «Отражение Европы»-йы. Стæй та ацы проект декабры мæйы æвдыст æрцыд киноконцертон зал «Чермен»-ы, цыран ын арæзт æрцыд хатдзæгтæ дæр. Равдысты хайад райстой дыууадæс нывгæнæджы, уыдонæй дыууæ сты Хуссар Ирыстонæй – Кæсойты Лаврент  æмæ Гæбæраты Барис, иннæтæ та сты Цæгат Ирыстонæй.

Нæ нывгæнджытæн ацы проекты хайад райсынмæ ацæуынæн баххуыс кодта нæ республикæйы Президент.

Тынг хорз ахастытæ нын ис æмæ сæ архайдæй райгонд стæм Челябинскы, Волгограды ирон диаспорæты куыстæй.

Мæн ма фæнды Челябинскы диаспорæйы уæнг Мамиты Михаилы кой ракæнын.    Уый ацы азы йæ сывæллæтты æркодта Хуссар Ирыстонмæ, цæмæй хуыздæр базоной сæ мадæлон æвзаг æмæ хореографийы сусæгдзинæдтæ. Мамиты лæппуйы руаджы фидæн азы нæ паддзахадон ансамбль «Симд» хайад райсдзæнис дунеон фестиваль «Синегорье»-йы

Нæ паддзахадон кафт æмæ зарды ансамбль ма хуынд æрцыд Таджикистанмæ дæр, фæлæ дзы, хъыгагæн, хайад нæ райстой, æндæр фестивалы кæй уыдысты, уымæ гæсгæ. Уый та дзурæг у, æмæ цадæггай кæй хизæм дунейы аивæдты æмвæзадмæ.

Пресс-конференцийы ма Культурæйы министрмæ радтой ахæм фарстытæ: нæ республикæйы нывгæнджыты кусæн æрмадзты уавæры, композитор Плиты Жаннæйы æнæниздзинады тыххæй, нæ фæсивæды культурон хъомылады фарстатыл цы куыст цæуы  æмæ ноджы æндæр ахæмтæ.

ТУАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.