Ивгъуыд къуыри Цхинвалы районы Дменисы астæуккаг скъоламæ фæуазæг Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт. Йемæ ма уыд Цхинвалы районы ахуырады хайады фæсивæды хъуыд-дæгты фæдыл комитеты сæргълæууæг Козаты Олег.

Фембæлдмæ æрбацыдысты скъолайы ахуыргæнджытæ, ахуыргæнинæгтæ æмæ сæ ныййарджытæ.

Гаглойты Роберт куыд банысан кодта йæ раныхасы, афтæмæй йæ балцы нысан у Ирыстоны цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæнын, ирон æвзаджы рæзт æмæ фæсивæды монон хъомылады фарстатыл æрдзурын.

«Алы нацийæн дæр æндæр адæмтæ фæаргъ кæнынц, йæхæдæг йæ мадæлон æвзагæн куыд аргъ кæны, йæ культурон цыртдзæвæнтæ цы уавæры сты æмæ йæ фæсивæды ‘хсæн хæрзæгъдаумæ цахæм ахаст ис, уымæ гæсгæ. Мах, хистæртæ дæр нæ фыццаградон хæсыл хъуамæ нымайæм ирон адæмы культурон бынтæ бахъахъхъæнын, ахæм æнæниз фæсивæд схъомыл кæнын, кæцы аргъ кæндзæн йæ мадæлон æвзагæн. Ирон æвзаджы бæрæгбон сæрмагонд бынат ахсы нæ республикæйы ахсджиагдæр бонты къæлиндары. Мадæлон æвзаг у адæмы удварн æмæ культурæйы сæйрагдæр хæзна. Нæ хъæздыг традицитæ æмæ æгъдæуттыл æнцой кæнгæйæ хъуамæ сæрыстыр дарæм нæхи æндæр адæмты ‘хсæн. Йæ мадæлон æвзагыл чи дзуры æмæ хъуыды кæны, уыдонæй алкæуыл дæр ис нæ культурæ бахъахъхъæныны хæс. Фидарæй мæ уырны, уый фыццаджыдæр бинонтæй кæй хъуамæ цæуа. Бинонты ‘хсæн мадæлон æвзагæн аргъ куы кæной æмæ уыцы уарзондзинад иу фæлтæрæй иннæмæ куы цæуа, уæд уый у раст фæндаг национ хиæмбарынады хъуыддаджы», – дзырдта Гаглойты Роберт.

Уый ма чысыл афæлгæст сарæзта, республикæйы территорийыл цы историон цыртдзæвæнтæ ис, уыдон тыххæй дæр. Сæ иумиаг уавæрмæ сын стыр хъусдард кæй хъæуы здахын, уыцы фарстытыл дзургæйæ, бахатыд ахуыргæнинæгтæм, цæмæй уый фæдыл равзарой бирæтæ сæ дæсныйад.

Уымæй дарддæр ма Гаглойы фырт æрсидт ахуыргæнинæгтæ æмæ ныййарджытæм, цæмæй  исты историон-культурон æрмæджытæ куы ссарой, уæд-иу сæ æрбавдисой зонад-иртасæн институтмæ.

Уазæг ма ахуыргæнинæгты раз ныхасгæнгæ æрдзырдта монон хъомылады фарстатыл дæр. Æрæджы Интернет-ресурсты фæрцы цы негативон видеотæ апарахат ахуыргæнинæгты тыххæй, уыдоныл æргом дзургæйæ, фæдзæхста, цæмæй рæзгæ фæлтæр сæхи хизой æмæ хъахъхъæной сæ намыс. Ныййарджытæм та бахатыд, цæмæй къæрцхъус уой сæ саби-тæм, цæмæй сæхæдæг дæр æмæ сæ сывæллæттæ дæр цæрæнбонтæм фæсмонгонд ма фæуой – «Бинонты ‘хсæн ирон традицитæ фидар куы уой, æгъдæуттæн фидар тæгтæ куы уа, уæд саби дæр хызт уыдзæн, æп-пæрццаг цы у, уымæй», – амыдта ахуыргонд.

Дарддæр ацы скъолайы 9-æм къласы ахуыргæнинаг Джиголаты Моникæ бакаст доклад «Ирон æвзаджы цытæн», зæгъгæ, ахæм темæйыл. «Мах нæ ахуыргæнджытæй æрвылбон дæр хъусæм, ирон æвзаг нæ хæзна кæй у. Мадæлон æвзаджы бахъахъхъæныны хæс алкæуыл дæр кæй ис, йæхи ирон чидæриддæр хоны, уыдонæй. Фæлæ, æцæгæй та, æвзагæн аргъгæнджытæ вæййынц æрмæстдæр фысджытæ, ахуыргæндтæ. Нæ политиктæй иуæй-иутæ бынтондæр нæ аргъ кæнынц æвзагæн. Сæ докладтæ, сæ министрадты рабадтыты фæуадзынц уырыссаг æвзагыл. Мæнмæ афтæ кæсы  æмхуызонæй хъуамæ уырдыг лæууæм нæ мадæлон æвзагæн»,- дзырдта Джиголаты Моникæ.

Уазджыты зæрдæмæ тынг фæцыд ахуыргæнинаджы доклад. Уый фæстæ ахуыргæнинæгтæ кастысты æмдзæвгæтæ, равдыстой музыкалон номыртæ дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.