Сфидар кодта хицауады ног сконд

УФ-йы Президент Владимир Путин сфидар кодта бæстæйы хицауады ног сконд, цыран ис бирæ æвзонг адæймæгтæ. Ног министрты астæуккаг кар у 44 азы. «Ис къорд ахсджиаг фæндоны, кæцытæ здæхт сты æххæстгæнæг хицауады органты архайæг системæйы оптимизацимæ», – фехъусын кодта УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитри Медведев. Ивындзинæдтæ æрцыд Ахуырады министрады, кæцы дихгонд æрцыд ахуырады министрад æмæ зонад æмæ уæлдæр ахуырады министрадыл. Фыццаг министрад контроль кæндзæн скъолатæ æмæ астæуккаг специалон ахуырадон уагдæттыл. Дыккаг та  зонадон æмæ уæлдæр ахуырадон уагдæттыл. Æдæппæтæй министрты ног кабинеты ис 22 министры. Уыимæ уыдонæй иу, номхуындæй, финансты министр Антон Силуанов  уыдзæн фыццаг вице-премьер дæр. Ноджы ма иу структурон ивындзинад. Раздæры коммуникацион бастдзинæдты министрад ныр у нымæцон рæзты министрад. Министры ног кабинетмæ бацыдысты æртæ губернаторы. Уый размæйы командæйæ дзы баззадысты авд министры.

Фæуæлахиз архайæг президент

Венесуэлæйы президентон æвзæрстыты бюллетенты 90% банымайыны фæстиуджытæм гæсгæ, фæуæлахиз бæстæйы архайæг президент Николас Мадуро. Уый райста æвзарджыты 68% хъæлæсы. Йæ ныхмæлæууæг, оппозиционер Энри Фалькон та æрæмбырд код-та æвзарджыты 21%. Республикæйы национ æвзарæн советы сæргълæууæг Тибисай Люсена фехъусын кодта, зæгъгæ, Венесуэлæйы адæм сарæзтой сæ равзæрст сабырады тыххæй æмæ рацыдысты хъæлæс кæнынмæ. Афтæмæй Мадуро æвзæрст æрцыд дыккаг æхсæзазон æмгъуыдмæ.

Бахъахъхъæд æрцыд украинæйаг транзит

Сочийы УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ Германы канцлер Ангела Меркель сæ фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой бирæ ахсджиаг фарстытыл, уыцы нымæцы «Северный поток-2» куы скуса, уый фæстæ Украинæйы территорийыл газы транзит бахъахъхъæныны тыххæй. Канцлеры ныхæстæм гæсгæ, Германæн уый уыд стратегион фарст, уый ныфс бавæрдта куыдфæндыйæ дæр Киевæн ацы фарст æвæрццагæй аскъуыддзаг кæнынæй  æмæ йын бантыст.

Авиакатастрофæ

Кубæйы хæдтæхæг кæй æрхауд, уый фæстиуæгæн фæмард сты 110 адæймаджы, æртæ адæймаджы та кæд сæрæгасæй баззадысты, уæддæр сты уæззау уавæры. Фæмардуæвджытæй 20 уыдысты аргъуаны службæгæнджытæ. Кубæйы расидт æрцыд æппæтнацион фыдох. Авиакатастрофæйы фæдыл Кубæйы лидермæ мæсæллæйы тел арвыста УФ-йы Президент Владимир Путин.

Ядерон æмгуыстады фæдыл

Евроцæдис æмæ Иран ноябры ауадздзысты семинар ядерон æмгуыстады фæдыл. 19-æм майы Европæйаг къамисар Мигель Ариас Каньете æмæ Ираны ядерон энергетикæйы фæдыл организацийы къухдариуæггæнæг Али Акбар Салехи бадзырдтой, зæгъгæ, Евроцæдис æмæ Иран бафидар кодтой Ираны ядерон программæйы фæдыл иумиаг планы архайдтытæ сæххæст кæныны тыххæй иузæрдыгдзинад, сæрмагондæй, сабырадон атомы фадыджы æмгуыстады фæдыл. Европæйаг организаци æмæ официалон Тегеран ядерон æмгуыстады фæдыл бæрзонд æмвæзады æртыккаг семинар уагъд æрцæудзæн ацы аз ноябры кæрон Бельгийы столицæ Брюсселы. «Европæйаг къамис ма фæндвидарæй хæцы ядерон энергетикæйæ æдас æмæ бæрнонæй спайда кæныны фæдыл Ираны архайдтыты, уыцы нымæцы æмбæлон дунеон конвенцитæм баиу уæвыны æвварс дæр», – дзырдæуы документы.

Санкцитæ

АИШ-ы финансты министрад санкцитæ бакодта Венесуэлæйы цыппар æмбæстаджы æмæ уыдонимæ баст æртæ компанийы ныхмæ. Фирмæтæ иууылдæр регистрацигонд уыдысты АИШ-ы. Майы райдианы АИШ санкцитæ бакодта Венесуэлæйы æртæ æмбæстагмæ ахасты æмæ 20 боливариаг компанийы ныхмæ, кæцы-тæй цыппар регистрацигонд уыдысты Панамæйы æмæ иннæтæ та – Венесуэлæйы.

Теракттæ

Афганистаны горæт Джелалабады стадионы аст адæймаджы фæмард сты цалдæр срæмыгъды фæстиуæгæн, 45 адæймаджы та фесты алыгъуызон цæфтæ. Срæмыгъдтæ æрцыдысты крикетæй матчы рæстæджы. Фæмардуæвджыты ‘хсæн сты турнир организатортæй æртæ адæймаджы æмæ горæт Мехтарламы мэры хæдивæг.

Куынæг æрцыдысты

Цæцæны Республикæйы сæргълæууæг Рамзан Кадыров фехъусын кодта, цыппар боевикы кæй скуынæг кодтой, уый тыххæй. «Боевиктæ бацыдысты Архангел Михаилы аргъуанмæ, сæ нысан уыд аргъуанмæ цæуджыты æрцахсын. Æвæстиатæй уагъд æрцыд спецопераци, кæцыйы фæстиуæгæн куынæг æрцыдысты цыппар боевикы дæр», – загъта Кадыров. Республикæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, фæмард иу полициаг æмæ иу адæймаг та фæцæф ис. Цæгаг Кавказы Федералон зылды фæдыл УФ-йы Президенты æххæстбар-джын минæвар Олег Белавенцев банысан кодта, зæгъгæ, уавæр ис республикон æмæ федералон хицауадты контролы бын. «Мах дарддæр дæр тох кæндзыстæм дунеон терроризмы ныхмæ æввахс æмæ дард арæнты».

Къухтæ æрфыстой сразыдзинадыл

Уæрæсейы Федерацийы хицауад æмæ Швейцарийы Конфедерацийы Федералон совет къухтæ æрфыстой сразыдзинадыл Гуырдзыстонимæ таможнæйон контроль æмæ товартæй базар кæныны мониторингы механизм среализаци кæныны тыххæй. Уымæй дарддæр ма арæзт æрцыд паддзахадон контракт Уæ-рæсе æмæ Швейцариаг компани SGS-ы ‘хсæн, кæцы æххæст кæндзæн уæзты мониторинг. «Уымæй Уæрæсейы Федераци сæххæст кодта уыцы процедурæтæ, кæцытæ æнæмæнгхъæуæг уыдысты Гуырдзыстонимæ таможнæйон контроль æмæ товартæй базар кæныны мониторингы механизмы сæйраг принципты тыххæй 2011 азы 9 ноябры райсгæ Сразыдзинад практиконæй сæххæст кæныны тыххæй», – дзырдæуы хъусынгæнинаджы. 24-æм майы Прагæйы уагъд æрцæудзæн  Уæрæсеимæ æмахастыты фæдыл Гуырдзыстоны премьеры сæрмагонд минæвар Зураб Абашидзе æмæ УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Григорий Карасины фембæлд, цыран фæрстæ æруынаффæ кæндзысты базарады, экономикæ æмæ транспортон коммуникациты фарстытыл.

Ракæндзысты сæ минæвæртты

Украинæйы президент Петр Порошенко фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ къух æрфыста барамындыл Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады æппæт уставон органтæй йæ минæвæртты ракæныны тыххæй. «Мах уым ницы хъуыддаг ис. Мах цæуæм Европæмæ», – загъта уый. Порошенко банысан кодта, зæгъгæ, Украинæйы фидæн ис Европæйы.

Бадзырдтой базарадон хæст ма æруадзыны тыххæй

АИШ æмæ Китайы хицауадтæ бадзырдтой базарадон хæст ма райдайыны тыххæй. Ахæм бадзырд æмбæлон у  дыууæ бæстæйы æмæ æнæхъæн дунейы рæзты интерестæн. Уый тыххæй фехъусын кодта Китайы сæрдары сæрмагонд æрвыст лæг, вице-премьер Лю Хэ. «Китайаг-америкæйаг баныхæсты рæстæджы къухты бафтыдысты тынг хорз фæстиуджытæ, мах æрцыдыстæм иу хъуыдымæ æмæ нæ райдайдзыстæм базарадон хæстытæ. Уыцы иурæстæджы дыууæ фарсы дæр нæ фæфылдæр кæндзысты таможнæйон фиддонтæ кæрæдзийы товартыл», – загъта Лю Хэ.

Фæнд кæнынц ног референдум ауадзын

Шотландийы хицауад фæнд кæны хæдбардзинады тыххæй ноджы иу референдум ауадзын. Шотландийы национ партийы лидер Никол Стерджены ныхæстæм гæсгæ, референдум, гæнæн ис, уагъд æрцæуа ацы аз фæззæджы, Евроцæдисæй Стырбританийы рахызты уавæртæ куы сбæрæг уой, уæд. Политик ма фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ парти æввахс рæстæджы райдайдзæн дебаттæ уадзын, кæцыты рæстæджы радзурдзæн, Шотландийæн хæдбардзинад цы нысан кæны, уый тыххæй.

Фæсидтысты санкцитæ фæкарздæр кæнынмæ

Британийы парламенты палатæйы æхсæ-надты дунеон комитет адæмæн фехъусын кодта доклад «Стырбританийы уæрæсейаг коррупцийы» тыххæй, цыран æрсидтысты, Уæрæ-сейы хицауадимæ баст чи сты, уыцы адæй-мæгтæй фылдæры санкцион номхыгъдмæ ба-хæссыны тыххæй. «Московское золото: российская коррупция в Великобритании»-йы доклады нысан цæуы, зæгъгæ, Кремлимæ баст адæй-мæгтæ тæссаг сты Стырбританийы национ æдасдзинадæн. Комитет æрсидт Тереза Мэйы министрты кабинетмæ, цæмæй санкцитæ бакæной уæрæсейаг паддзахадон хæсы ныхмæ, уыимæ банысан кодтой, зæгъгæ, цахæмфæнды къахдзæфтæ дæр аразын хъæуы Евроцæдис, АИШ æмæ иннæ æмцæдисонтимæ иумæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.