Бирæ æнусты дæргъы музыкæ цæры адæмы зæрдæты. Музыкæ адæймагæн фæлдисын кæны, лæвар ын кæны уæлтæмæнад æмæ йын æххуыс кæны ног курдиæттæ раргом кæнынæн. Музыкæйы æндæвдады бын ныффысгæ гениалон нывтæ æмæ диссаджы æмдзæвгæтæ арвы стъалытæй къаддæр не сты.

Махæй алкæмæндæр музыкæ у нæ уды иу хай. Музыкæ у ахæм диссаг, кæцыйæн ныхæстæй зæгъæн нæй. Фæлæ ис ахæмтæ дæр, кæцытæн сæ бон ссис ирдæй музыкæйы мидис равдисын. Аивады ахæм адæймæгты категоритæм хауы композитор, зарджытæ æххæстгæнæг, РХИ-йы адæмон артист, РЦИ-Аланийы адæмон артист, РЦИ-Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг, РХИ-йы аивæдты сгуыхт архайæг, Хæлардзинады ордены кавалер, «Во имя жизни»-йы майданы кавалер, Уæрæсейы æмæ РЦИ-Аланийы Композиторты цæдисты уæнг, æппæтцæдисон æмæ дунеон конкурсты лауреат æмæ дипломант, РХИ-йы æнæофициалон гимн – Ирыстоны тыххæй культон зарæг «Мæ Ирыстон»-ы автор, эстрадон зарæджы бындурæвæрæг Харебаты Тимур.

Харебаты Тимур у зынгæ композитор, ирд æмæ бирæфарсон курдиаты хицау,  кæцыйæн йæ бон ссис музыкæйы нæ историйы æнæхъæнæй равдисын æмæ диссаджы зарджытæ сфæлдисын, кæцытæ систы æцæг «хиттæ».

Цытджын Тимур Владимиры фырт!

Айс нын нæ иууыл зæрдæбындæр æмæ хуыздæр фæндиæгтæ дæ 70-азы юбилейы цытæн!

Дæ музыкæ у æнæрæстæгон, уымæн æмæ уый у зæрдæбынæй цæугæ æмæ уды хъармдзинадæй йедзаг. Дæ диссаджы уацмыстæ æххуыс кæнынц «зæрдæйæ ма зæронд кæнынæн» æмæ сæ æххæст кæнынц æндæр æмæ æндæр фæлтæртæ.

Уадз, дæ царды райсгæ фæлтæрддзинад æмæ куырыхондзинад суæд ног æнтыстыты бæрзæндтæ!

Нæ зæрдæ дын зæгъы, цæмæй æнтыстытæ æмæ уæлтæмæнад уой царды дæ æнувыд æмбæлццæттæ!

РХИ-йы Культурæйы министрад

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.