МАДÆЛОН ÆВЗАГ – НÆ СÆЙРАГ АУДИНАГ

Нацийы стырдæр хъæздыгдзинад у æвзаг. Æвзагыл та æппынæдзух хъуамæ куыст цæуа æмæ рæза. Афтæ куынæ уа, уæд фесæфы æмæ уый та, æгæрыстæмæй, æркæны нацийы сæфтмæ дæр. Алы нацийы минæварæн дæр йæ бон у йе ‘взаджы фæрцы равдиса йæ монондзинад, йæ культурæ, йæ миддуне, йæ ахаст æндæр нацитæм.

Алы адæймагæн дæр йæ мадæлон æвзаг мады ад хъуамæ кæна. Алы адæймаг дæр мадæлон æвзагмæ уарзты æнкъарæнтæ хъуамæ мады æхсыримæ рахæсса. Алкæцы ныййарæг дæр хæрзчысылæй хъуамæ бауарзын кæна йæ сывæллонæн мадæлон æвзаг, фæлæ алы хатт афтæ нæ вæййы.

Æмхуызонæй нæ мадæлон ирон æвзагæн куы аргъ кæниккам, уæд абон йæ уавæр бынтон æндæргъуызон уаид. Махæй алчидæр хъуамæ тырна йæ мадæлон æвзагыл йæ хъуыдытæ, йæ зæрдæйы фæндиæгтæ дзурынмæ. Уæд куыд æмбæлы, афтæ зондзыстæм не ‘взаг, æмæ йын кад кæндзыстæм.

Мадæлон æвзаг кæй нæ хъæуы, уый у Хуыцауæй æлгъыст адæймаг, уымæн æмæ мадæлон æвзагыл зæрдæ сивын нысан кæны Фыдыбæстæ нæ уарзын. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм ирон адæмы номдзыд лæг Колыты Аксойы ныхæстæ: «Нæ фæлтæртæ цæмæй хорз хъомыл кæной, цæмæй сæ мадæлон æвзаг уарзой, уый тыххæй хъæуы       ахуыр æмæ размæдзыд бинон тæ… Фыццаджы-фыццагдæр та – размæдзыд сылгоймаг-мад». О, алцыдæр сæйрагдæр мадæй цæуы, бинонтæй. Ирон æвзаджы фарн дæр саби бинонтæй хъуамæ банкъара. Хæдзары саби ирон ныхас куынæ хъуса, йæ ныййарджыты мадæлон æвзагыл газет кæсгæ куынæ уына, уæд уый дæр мадæлон æвзагæн нæ аргъ кæндзæн. Хъуамæ нæ рох ма уа, æвзагыл цас фылдæр дзурой, фыссой æмæ кæсой, уыййас фидардæр кæй кæны, уый.

Уый хынцгæйæ, Цæгат Ирыстон-Аланийы раздæры Сæргълæууæг Дзасохты Александры Барамындæй 2003 азы 15 май расидт æрцыд Ирон æвзаг æмæ литературæйы бонæй. Уæдæй фæстæмæ йæ æрвылаз дæр куыд Цæгаты, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр цытджын æгъдауæй банысан кæнынц.

Ирон æвзаджы бон кæд нырма æвзонг бæрæгбон у, уæддæр йæ нысаниуæг тынг стыр у. Ахсджиаг ма у уый дæр, æмæ бæрæгбон нысан кæй цæуы Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр» куы рацыд, рухс куы федта, уыцы бон.

15-æм майы нæ республикæйы скъолаты уагъд æрцæуынц семинартæ ирон æвзаг æмæ ли-тературæйы ахуыргæнджытæн, уагъд фæцæуынц гом уроктæ, афтæ ма конкурстæ хуыздæр ирон æмдзæвгæтæ бакæсынæй. Скъоладзаутæ сæ бацæттæгонд изæрты фæкæсынц зынгæ ирон фысджыты æмдзæвгæтæ, сæххæст кæнынц ирон зарджытæ, уый æдтейæ ма бацæттæ кæнынц инсценировкæтæ ирон традицитæ æмæ æгъдæутты фæдыл. Бæрæгбоны фæлгæтты ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнджытæ хорзæхджын æрцæуынц алыгъуызон паддзахадон хорзæхтæй мадæлон æвзаг бахъахъхъæнынмæ се стыр хайбавæрды тыххæй. Ирон æвзаджы Боны цытæн алыгъуызон цымыдисон мадзæлттæ бацæттæ кæнынц нæ горæты сывæллæтты цæхæрадæтты дæр. Цæхæрадæтты арæзт æрцыдысты ирон къуымтæ, бирæтæ сæ самал кодтой рагон ирон мигæнæнтæ дæр суанг авдæн æмæ пирæны онг, афтæмæй сывæллæттæ зонгæ кæнынц сæ фыдæлты æгъдæуттæ æмæ традицитимæ.

Ирон æвзаджы Боны цытæн культурон мадзæлттæ  уагъд æрцæуынц канд Ирыстоны нæ, фæлæ ма Уæрæсейы алы æмæ алы горæтты, афтæ ма фæсарæнты дæр. Фæлæ ацы бæрæгбон вæййы æрмæстдæр афæдзы мидæг иу хатт æмæ  махæй алчидæр куынæ аргъ кæна мадæлон æвзагæн, куынæ йыл дзурæм æрвылбондæр, куыд нæ хæдзæртты, афтæ уагдæтты, куыстуæтты, скъолаты, уæлдæр ахуыргæнæндæтты, уæд æрмæст иу бонæй цы рацæудзæн. Ныййарджытæ алыхатт дæр цæвиттон хъуамæ уой сæ кæстæртæн мадæлон æвзагæн кад кæнынæй. Хъуамæ кæдфæнды дæр æвзонг фæлтæр сæ зæрдыл дарой Санахъоты Гришикы æмæ иннæ ирон хъайтарты хъæбатырдзинæдты тыххæй. Гришикы знæгтæ удхарæй мардтой, фæлæ уый йæ фæстаг сулæфты онг дæр йæ дзыхы дзаг хъæр кодта «æз ирон дæн», зæгъгæ. Хъуамæ æвзонг фæлтæр цæрæнбонтæм сæ зæрдыл бадарой нæ «хорзмæбæллæг сыхæгтæ» нын не ‘взаг фесафынмæ кæй хъавыдысты, уыцы хъуыддаг. Хъуамæ дзурын макæмæн хъæуа, цæмæй йæ мадæлон æвзаг уарза æмæ йын кад кæна. Афтæ куы уа, уæд ирон æвзаг цæрæнбонтæм цæрдзæн. Цæр нын æнустæм, нæ мадæлон ирон æвзаг!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.