­­­­Мадæлон æвзагæн ницæимæ ис абарæн, уымæн æмæ уый зæрдæмæ лæууы иууыл æввахсдæр. Мах, ирон адæм, хъысмæтæй хъуамæ бузныг уæм, нæртон, уæздан, бæркадджын, рæсугъд æмæ æхцон зæлтæй йемыдзаг æвзаг нын кæй балæвар кодта, уый тыххæй. Ахæм æвзаг та кæддæриддæр хъæуы хъахъхъæнын цæстыгагуыйау.

Куыд нымадæуы, уымæ гæсгæ æппæт дунейы ис 6 мин æвзаджы. Мадæлон æвзаг у ахæм æвзаг, кæцы цæуы зæрдæйæ, ома, ныййарæг мады хъарм комытæфæй рацæуы хъæбулмæ æмæ афтæмæй æхцондзинад æмæ амондхæссæг свæййы. Адæймаджы царды æвзаг у ахæм стыр æмæ сæйраг æргъад, кæцыйы руаджы адæймæгтæ æмбарынц кæрæдзи æмæ сын æххуыс у куысты дæр. Æвзаджы фæрцы мах æмбарæм æмæ æнкъарæм уарзон-дзинад, хорз æмæ æвзæр, маст æмæ циндзинад æмæ афтæ дарддæр. Æвзагæн æхсæнады ис егъау ны-саниуæг, уый у культурæ, традицитæ, менталитет æмæ адæмты историты айдæн. Æвзаг ивы, мах куыд ивæм, дуг æмæ рæстæг куыд ивынц, афтæ. Æмбисондæн афтæ акæнынц, зæгъгæ, дæ кæд фæнды бахъахъхъæнын дæ адæмы, уæд хъахъхъæн де ‘взаг.

Мадæлон æвзаг у адæмы уд, чи йæ рæсугъд кæны, уыцы адæмы фидауц. Мах, ирон адæм дзурæм ахæм æвзагыл, кæцыйы уидæгтæ сты тынг рагон æмæ арф. Æнусты размæ ирон адæм райдыдтой аразын се ‘взаджы дуне, кæцы абон хуыйны ирон æвзаг æмæ йыл ахуыр кæнынц нæ фидæнаразджытæ. Æвзаджы рæзтыл аудын æмæ йæ хъахъхъæнын кæй хъæуы, уый тыххæй 15-æм май расидт æрцыд ирон æвзаджы бонæй æмæ нысан цæуы 2003 азæй. Бæрæг куыд у, афтæмæй 15-æм майы 1899 азы мыхуыры рацыд ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр» æмæ уымæ гæсгæ бæрæгбон расидт æрцыд ацы боны цытæн. Ирыстоны 15-æм майы уæлдай тынгдæр фæкад кæнынц мадæлон æвзагæн, уагъд фæцæуынц алыгъуызон культурон мадзæлттæ. Иу ахæм цымыдисон литературон-музыкалон мадзал уагъд æрцыд Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы. Ма-дзал бацæттæ кодтой ацы библиотекæйы ирон хайады кусджытæ. Ардæм æрбацыдысты æмæ дзы хайад райстой РХИ-йы Культурæйы министрады минæвæрттæ, ХИПУ-йы ирон литературæйы ис-торийы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Плиты Гацыр, профессор Битарты Зоя, ХИПУ-йы ахуыргæнæг Плиты Серго, нæ горæты библиотекæты кус-джытæ, скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ æмæ ирон фило-логон факультеты студенттæ.

Мадæлон æвзаджы бæрæгбоны цытæн æппæт æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта республикон библиотекæйы директор Кокойты Валерия. Уый цыбыртæй банысан кодта бæрæгбоны стыр нысаниуæг. Бæрæгбонон мадзалы ныхасы бар лæвæрд æрцыд Плиты Гацырæн. Уый йæ раныхасы фæстæ банысан кодта, зæгъгæ, йын тынг æхсызгон у абон ацы мадзалы бирæ фæсивæд кæй архайы æмæ хистæрты куырыхон ныхасмæ кæй байхъусдзысты, уый.  «Ацы рæсугъд фæлтæрыл баст у нæ ирон æвзаджы фидæн æмæ райрæзты хъуыддаг. Абон мах скъоладзау фæсивæдæн ирон æвзаг куы нæ бауарзын кæнæм æмæ йæ куы нæ сахуыр кæной, уæд уый уыдзæн тынг мæгуырау хъуыддаг. Ирон æвзаг махæн у, аргъ кæмæн нæй, ахæм хæзна. Ирон лæг, цæмæй иронæй баззайа, уый тыххæй хъуамæ йе ‘взаг зона. Ирон фысджытæй, æвæццæгæн, ахæм нæ разындзæнис, йе ‘взаджы тыххæй йæ хъуыдытæ чи нæ загъта. Ду-нейы адæмтимæ абаргæйæ, ирон адæм нымад цæуынц тынг рагон адæмы хаттыл. Рагон адæмæн та вæййы рагон æвзаг, рагон æвзаг та вæййы хъæздыг æвзаг æмæ нæ ирон æвзаг дæр у хъæздыг. Мæгуыр æй чи хоны, уыдон æй уый тыххæй хонынц æмæ йæ нæ зонынц. Къоста иронау никуы ахуыр кодта, фæлæ уымæ ирон дзырдтæй цы дзырдтæ нæй, ахæм нæй. Æз раздæр никуы фехъуыстон, зæгъгæ, не ‘взаг мæлы.

Абоны хуызæн ирон æвзагæн уавæртæ никуы ис, ничиуал нæ хъыгдары. Фервæзтыстæм кæйдæр æфсондзæй, не ‘взаджы рæзты фæндæгтæ нын чи ‘хгæдта, уыдонæй. Алцы дæр нын ис. Æз куы ахуыр кодтон, уæд чиныг стæм уыдис æмæ сæ афтæмæй кæрæдзийæ фыстам. Фæлæ нæ дуг æркодта иу ранмæ. Ирон æвзагæн горæты æвджид ныууадзæн нæй. Раздæр хæхбæстæ адæмæй йедзаг уыдысты æмæ нæ хъæуты уыдис ирон дзырды фарн æмæ уыдоны руаджы ирон æвзаг рæзтис æмæ хъæздыгæй-хъæздыгдæр кодта. Хъæууон царды цы терминтæ ис, уыдон абон рох сты. Бæхджын лæг нæ алчи дæр федта. Бæхы дзаумæтты ис иу фондзыссæдз дзырды æмæ дзы горæттаг сывæллон иу дæр нæ зоны. Цæуылнæ? Уымæн æмæ никуы архайдта йемæ. Нæ хъæуты æдзæрæгдзинад фæзындис не ‘взаг æмæ не ‘гъдæуттыл дæр. Уымæ гæсгæ абоны бон æвзаджы уавæрыл архайын хъæуы. Уынгты цы ‘взаг ис, уый ирон æвзаг нал у. Ирон адæм Къостайы «Ирон фæндыр» æнæкæсгæйæ зыдтой, цалынмæ йæ мыхуыры нæ рауагътой, уæдмæ. Абон, хъыгагæн, бирæ у сæ нымæц ахæм ирæттæн, Къостайæн иунæг æмдзæвгæ дæр чи нæ зоны. Афтæ – Нарты кадджытæ дæр. Æмæ не ‘взаджы хæзнатæ та уым сты. Нæ уынгты дуканитыл цы фыстытæ ис, уыдонæн сæ фылдæр æмбаргæ дæр нæ кæнын æмæ уыцы æппæт дзырдтæ иронау куы уаиккой, уæд сывæллон цал дзырды зонид. Уыдæттæ иууылдæр сты æвзаджы хъæздыггæнæн фæрæзтæ. Абайты Васо иу ран афтæ фыссы, зæгъгæ, стыр горæты куы цæрай, уæд, афишæтæ кæсгæйæ дæр суыдзынæ    ахуыргонд адæймаг. Æмæ махæн нæ афишæтæ бæззынц? Нæ уынгты фыстытæ сæ раны сты? Ацы фарстытыл фæдзурæм, фæлæ стæй ферох вæййынц», – катайгæнгæ дзырдта Плиты Гацыр. Уый фæсивæды фæдзæхста, цæмæй уазал цæстæй ма кæсой ирон æвзагмæ æмæ йæ ахуыр кæной арфдæр.

Бæрæгбонон мадзалы ирон æвзаджы нысаниуæг æмæ йæ риссаг фарстытыл æрдзырдта профессор Битарты Зоя. Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ныртæккæ раппæлинаг уавæры нæй ирон æвзаг, мæгуырау ахаст æм кæй ис, уый тыххæй æнæмæнгдæр хъæуы национ скъола бакæнын, цæмæй арфдæр, бындуронæй ахуыр цæуа ирон æвзаг. Битарты чызг куыд загъта, афтæмæй ацы фарстыл дзырд цæуы æмæ кæд æвæрццагæй скъуыддзаг æрцæуид. «Мæнæн мæ ныхас фæсивæдмæ у. Ирон æвзагæй, ирон истори æмæ националон традицитæй тæрсгæ ма кæнут. Бавдæлут æмæ бындуронæй ахуыр кæнут ирон æвзаг æмæ мах та балæудзыстæм уæ фарсмæ æмæ уæ арвитдзыстæм дарддæр дæр уæ ахуыры фæдыл. Уымæй сымах балæггад кæндзыстут уæхицæн дæр, уæ ныййарджытæн æмæ сæйраджы та – Ирыстонæн. Уæ разы ис æнæконд хуым æмæ йæ чи хъуамæ бахуым кæна уæ разæй. Ацы иумæйаг хъуыддагыл æмхуызонæй куы нæ бацархайæм, уæд мах, ирон æвзаджы специалисттæ ацы фарстытыл нæ фæтых уыдзыстæм цалдæрæй», – банысан кодта Битарты чызг.

Мадзалы ма мадæлон æвзаджы тыххæй, йе стыр нысаниуæг æмæ ахадындзинады тыххæй раныхас кодтой библиотекæйы кусджытæ æмæ ахуыргæнджытæ дæр. Уыдон дæр бирæ хъарм ныхæстæ загътой мадæлон æвзаджы тыххæй æмæ банысан кодтой, зæгъгæ, ирон æвзаг æмæ литературæйы бон кæд афæдз иу хатт йедтæмæ нæ вæййы, уæддæр стыр ахъаз у æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йæ рæзты хъуыддаджы. Æрæмбырдуæвджыты раз скъоладзау фæсивæд сæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ æвдыстой ирон поэтты фыст æмдзæвгæтæ кæсынæй, афтæ ма сæххæст кодтой музыкалон номыртæ дæр.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.