РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста хъазахъаг змæлд райрæзын кæныны фæдыл Иумиагуæрæсейон æхсæнадон организаци  «Уæрæсейы æмæ Фæсарæйнаг хъазахътæ-хæстонты цæдис»-ы делегацийы, Сæйраг атаман Николай Дьяконовы сæргълæудæй.

Уазджытæн æгасцу зæгъгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, хъазахъæгтæ кæддæриддæр аккаг бынат ахстой Уæрæсейы паддзахады царды æмæ историйы.

«Хъазахъæгтæ уыдысты паддзахады ныфсджын бындур, æцæг патриоттæ. Хъазахъæгты змæлды минæвæрттимæ нын бастдзинæдтæ кæй ис, уый мæнæн тынг æхсызгон у.

Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ дыууæфарсон æмкуысткæнынад рæздзæн, иумиаг хæслæвæрдтæ скъуыддзаг кæныдзыстæм æнгом æмархайд кæнгæйæ. Уырны мæ, сымахæн уæ бон бауыдзæн æрмæст Уæрæсейы нæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны дæр хъазахъаг змæлд иу нысаны, иу уырнынады, иу традициты алыварс æрбангом кæнын», – загъта Президент.

Уый бахахх кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн Уæрæсе у йе стратегион партнер æмæ æдасдзинады гарант æмæ республикæйы рæзты вектор здæхт у Уæрæсейы Федерацийы ‘рдæм.

Йæ рады Дьяконов Николай хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæгæн ныфс бавæрдта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн йæ бон у ныфс æвæра æрмæст Доны хъазахътæй нæ, фæлæ астрахайнаг, фæсбайкалаг æмæ уссуриаг хъазахътæй дæр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æхсæнадон организаци «Уæрæсейы æмæ Фæсарæнты хъазахъæгтæ-хæстонты цæдис»-ы сконды ис 70 регионы, кæцыты регистрацигонд сты фæсарæнты уæвæг организациты хайадтæ æмæ 40 общинæйы.

«Нæ организаци ис Уæрæсейы  10 стырдæр организацитимæ. Махæн сымахимæ ис æнгом бастдзинæдтæ, кæддæриддæр цæттæ стæм  æххуысы къух уæм фæдаргъ кæнынмæ. Стыр ныфс нæ ис Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл хъомысджын хъазахъаг организаци арæзт кæй æрцæудзæн, уымæй», – банысан кодта уый.

Уæрæсейаг фарсæрдыгæй фембæлды хайад райстой Сæйраг атаманы æххуысгæнæг Павел Пустынников, Цæгат Ирыстоны регионалон организаци «Двуглавый орел» – ы къухдариуæггæнæг Зозыраты Георги, Уæрæсейы æмæ фæсарæнты хъазахъты цæдисы Цæгат Ирыстоны регионалон организацийы къухдариуæггæнæг Амилханты Дзамболат æмæ ФСК æмæ РХИ-йы Сæйраг управленийы минæвар Беппиты Инал.

Хуссарирыстойнаг фарсы æрдыгæй та  Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим æмæ Хуссар Ирыстоны  Уæрæсейы æмæ фæсарæнты хъазахъты цæдисы минæвар Кокойты Зураб.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.