Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй ивгъуыд къуырийы кæрон нæ республикæмæ кусæгон балцы æрцыдысты цæгатирыстойнаг информацион фæрæзты сæргълæуджытæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Мыхуыр æмæ массон коммуникациты фæдыл комитеты сæрдар Фидараты Юрийы сæргълæудæй. Уыдонæн се ‘рцыды нысан уыдис, цæмæй хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæм хæццæ кæной сæ периодикон мыхуыры фæрæзтæ æмæ информацион тыгъдады æмгуыстад кæнæм.

 Сæрмагондæй делегацийы сконды уыдысты: газет «Северная Осетия»-йы сæйраг редактор Битарты Маринæ, газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Хозиты Барис, республикон фæсивæдон газет «Слово»-йы сæйраг редактор Олисаты Альбинæ, журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор Томайты Сергей, литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон журнал «Дарьял»-ы сæйраг редакторы хæдивæг Саламты Таймураз, журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ.

Делегацийыл сæ хуссарирыстойнаг коллегæтæ РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Марияйы сæргълæудæй фембæлдысты Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты конференц-залы, цыран ма хайад райстой нæ республикæйы ахуырады къабазы кусджытæ, университеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ.

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты медиа-холдингы директор, модератор Джиоты Аллæ бацæуæн ныхасæй байгом кодта мадзал. Уый, фыццаджыдæр, бузныджы ныхæстæ загъта уазджытæн се ‘рцыды тыххæй æмæ сын раарфæ кодта университеты ректор Тедеты Вадимы номæй. Банысан ма кодта, фембæлды хайадисджытæ тынг хорз кæй зонынц журналисты куыст æмæ йæ алыварс цы проблемæтæ æвзæрынц, æппæт уыдон. «Махæй алчидæр йæ хайбавæрд хæссы дзыллон-информацион фæрæзтæм æмæ тынг хорз æмбарæм рагæй дæр æмæ абон дæр, æхсæнады донау кæй хъæуы нæ куыст, уый.  Ныр цы хорз хъуыддаджы тыххæй фæуазæг стут, уымæн хорз фæстиуджытæ кæй уыдзæнис, ууыл нæ дызæрдыг кæнын, уымæн æмæ нæ университеты æмбырд кæнынц уыцы интеллигентон адæймæгтæ, кæцытæ цымыдис кæнынц периодикæмæ», – загъта Джиоты Аллæ.

Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария йæ раныхасы арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ загъта цæгатирыстойнаг делегацийæн ацы хъуыддагон фембæлды тыххæй. «Мæнæн тынг æхсызгон уыдис нæ абоны фембæлд нæ цæгаттаг коллегæтимæ. Уый тыххæй нæ фарсмæ æрбалæууыдис нæ паддзахадон университет æмæ сын зæгъын бузныг. Фембæлд сорганизаци кодтой мæ коллегæтæ Цæгат Ирыстонæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, нырма дæр периодикон мыхуыры фæрæзтæ рафыссыны хъуыддаг куыд Цæгат Ирыстоны, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр цæуынц проблемæтимæ æмæ нын сты бакусинаг. Нырыккон дунейы стыр къахдзæфтæ акодтой социалон хызæгтæ æмæ уыимæ иумæ газетты уавæр мæгуыраудæр кæны уыцы хъуыддаджы. Интернеты руаджы адæм фылдæр кæй дарынц сæ хъус информацимæ, уый сусæггаг нæу. Уый та баст у рæстæг æмæ дугимæ. Ис ахæмтæ, кæцытæ рагæй фæстæмæ сты æнувыд газетыл æмæ йæ ныр дæр фыссынц. Арæх нæ фæаххосджын кæнынц, зæгъгæ, нæ газетты æвдыст нæ цæуынц актуалон проблемæтæ æмæ цымыдисон не сты уацтæ. Уый дæр ис гæнæн. Фæлæ мах абон æрæмбырд стæм уый тыххæй, цæмæй æруынаффæ кæнæм дарддæр куыд бакусæм æмæ куыд бахъахъхъæнæм газеттæ рафыссыны размæцыды хъуыддаг, уый», – загъта Хъотайты Мария.

Цæгат Ирыстон-Аланийы Мыхуыр æмæ дзыллон-коммуникациты комитеты сæрдар Фидараты Юри дæр йæ рады арфæйы ныхæстæ загъта æппæт æрæмбырдуæвджытæн сæ фембæлды тыххæй. «Мах стæм иу адæм, нæ фидæн у иу, æмæ нæ кусын дæр хъæуы иумæ, хæларадон æмбаргæ уавæрты. Ивгъуыд аз мæ коллегæ Хъотайты чызгимæ Дзæуджыхъæуы бафыстам иу бадзырд, цæмæй дыууæ Ирыстоны информацион фæрæзты коллективтæ кæрæдзийы тынгдæр бæттой нæ адæмы, цæмæй Хуссар Ирыстонæй хабæрттæ мыхуыргонд цæуой махмæ æмæ Цæгат Ирыстоны хабæрттæ та – Хуссар Ирыстоны. Битарты Маринæ уæд «Рæстдзинад»-ы редактор уыдис æмæ цыдæр рæстæджы æрмæджытæ лæвæрдтой кæрæдзийæн. Фæлæ махмæ афтæ кæсы, æмæ уæддæр хъуамæ цæгатæй газеттæ цæуой хуссармæ. Ардыгæй та махмæ хъуамæ хæццæ кæной. Мах æрцыдыстæм уый тыххæй, цæмæй нæ бастдзинад ноджы фæтыхджындæр кæнæм. Нæ периодикæимæ цæмæй кæстæртæ дæр зонгæ кæной, уымæн æмæ уыдон сты иумиаг газеттæ æмæ журналтæ. Цæмæй цæгат æмæ хуссар мауал дзурæм, фæлæ дзурæм æрмæстдæр Ирыстон. Ууыл мах фæлтæр куы нæ архайа, уæд æй чи бакæндзæн мах бæсты? Мах хъуамæ дарддæр кæнæм, нæ фыдæлтæ нын цы фæтк æмæ æгъдæуттæ ныууагътой, уыдон», – загъта Фидараты Юри.

Дарддæр цæгатирыстойнаг информацион фæрæзты сæргълæуджытæ бæстонæй æрдзырдтой сæ дæлбаруæвæг мыхуыры органтыл æмæ сæ куысты фæлтæрддзинадыл.

Газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Хозиты Барис дæр цыбыртæй æрдзырдта йæ дæлбаруæвæг мыхуыры органы куысты фæдыл, сæрыстыр дзы цæмæй сты æмæ газеткæсджытæм фæндаг куыд агурынц, æппæт уыдæттыл. «Нæ фембæлдæн ис стыр нысаниуæг. Ахæм фембæлдтытæ нæ аразын хъæуы арæхдæр, уымæн æмæ уæд нæ куыстæн уыдзæнис размæцыд. «Рæстдзинад»-ы бирæ фæрнджын адæм куыстой йæ фыццаг номырæй абоны онг. Уый у адæмон газет æмæ махыл та æвæры стыр хæс, цæмæй адæмæн лæггад кæнæм. Абон национ хъуыды чи у, уымæн йæ фыццаг къæпхæн у, цæмæй дыууæ Ирыстоны баиу уой. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ раздæр «Рæстдзинад» æмæ «Хурзæрин»-æн кæй уыдис диссаджы бастдзинæдтæ æмæ уыдон сног кæнын кæй ис нæ зæрды. Уыцы фембæлдтытæ сног кæнын хъæуы, цæмæй нæ разы цы хæстæ æвæрæм, уыдон иумæ лыг кæнæм. Мæнмæ гæсгæ, уыцы рохгонд традицитæ адарддæр кæнын нæ къухты бафтдзæнис», – загъта Хозиты Барис. Уый ма æрдзырдта, газеты цавæр тематикон фæрстæ уадзынц æмæ йæ куыд популяризаци кæнынц, æппæт уыдæттыл. «Зæгъæм, политикон фарстытыл нæм активонæй архайы Мæскуыйæ ирон лæппу Ататы Артур. Уый кусы президенты цур стратегион иртасынæдты институты æмæ нæм арæх ныффыссы æрмæджытæ Хуссар Ирыстоны тыххæй дæр, стæй æнæуый дæр æндæр ахсджиаг политикон темæтыл. Мах тынг фæнды, цæмæй хуссарирыстойнаг газеткæсджытæ кæсой Цæгат Ирыстоны хабæрттæ дæр. Фæсивæдимæ дæр нын ис æнгом ахастытæ. Битарты Вячеславæн йæ цæрæнбон бирæ, йæхи хардзæй райста 2 курсы профилон факультеттæй студенттæ æмæ сæм мах нæ хъус дарæм, цæмæй нын фидæны ма уа кадрты цухдзинад», – банысан кодта Хозиты Барис. Уый ма бахатыд университеты ирон кафедрæйы ахуыргæнджытæм, цæмæй «Рæстдзинад»-мæ арæхдæр фыссой, цы мадзæлттæ сорганизаци кæнынц, уыдоны тыххæй.

Газетæн фесæфæн кæй нæй æмæ йæ размæ кæнын кæй хъæуы, уый фæдыл йæ хъуыдытæ загъта газет «Северная Осетия»-йы сæйраг редактор Битарты Маринæ дæр. Фæндон ма бахаста, цæмæй æмгуыстад кæна йæ коллегæ газет «Южная Осетия»-йы сæйраг редактор Чилæхсаты Александримæ. «Баныхас кодтам æмæ ног форматыл бакусдзыстæм мæ хуссарирыстойнаг коллегæимæ. Тагъд рæстæджы рухс фендзæнис нæ иумиаг проект æмæ уый та у арфæйаг хъуыддаг», – загъта Битарты чызг.

Фæсивæдон газет «Слово»-йы сæйраг ре-дактор Олисаты Альбинæ дæр цыбыртæй æрдзырдта йæ куысты фæдыл, газет куыд фылдæр кæны йæ кæсджыты нымæц æмæ фæндон бахаста, цæмæй æмгуыстад кæной нæ университеты студенттимæ «ЮОГУ ТВ»-йы фæлгæтты. «Мах тынг цымыдис кæны, абон хуссарирыстойнаг фæсивæд та куыд æрвитынц сæ сæрибар рæстæг, цы домæнтæ сын ис, куыд ахуыр кæнынц æмæ бирæ æндæр фарстытæ. Куы бахъæуа, уæд сын уавæртæ дæр сараздзыстæм, цæмæй махмæ рацæуой практикæ æмæ уыимæ иумæ саразиккам иумиаг проекттæ дæр», – загъта Олисаты Альбинæ.

Журнал «Ногдзау»-ы номæй Сæлбиты Дианæ дæр бахаста фæндон, цæмæй хуссарирыстойнаг сывæллæттæ сæ фыццаг сфæлдыстадон къахдзæфтæ кæнын райдайой ацы мыхуыры органæй. Журнал, зæгъгæ, пайда уаид ныййарджытæн, ахуыргæнджытæн æмæ сывæллæттæн сæхицæн дæр. Сæ фæндтæ æмæ куысты фæдыл хъуыддагон ныхас ракодтой иннæ мыхуыры органты сæйраг редактортæ дæр.

Фембæлды рæстæджы ма дзырд цыдис æндæр æнгæс фарстытыл дæр æмæ хъуыддаг куыд равдыста, уымæ гæсгæ сыл хъæуы иумиагæй бакусын. Ууыл сразы сты дыууæ фарс дæр æмæ мадзал ахицæн хъарм, хæларадон  фæндиæгтимæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.