УЫДЗÆН НЫРЫККОН ПАРК НÆ ГОРÆТЫ

Хуыбылты Валерийы номыл улæфæн парчы сæ тæмæны сты арæзтадон куыстытæ. Ныртæккæ ам æмызмæлд кæнынц кусджытæ сæ техникæимæ. Уæзласæн машинæтыл ласт цæуы сау мæр æмæ дзы йедзаг кæнынц фидæны тротуарты, скверты. Арæзтадон фадыджы хистæр Джиоты Фронтик куыд зæгъы, афтæмæй парчы ныс-садздзысты бæлæстæ, алыгъуызон цъæхдарæнтæ, дидинджытæ. Раздæр дзы цы бæ-лæстæ уыд, уыдонæй иу дæр нал бæззыд, скæлæццаг сты æмæ тас уыд сæ рафæлдæхынæй.

Леуахийы былгæрæтты арæзт æрцыдис бетон, арæзт дзы æрцыд æфсæн æмбонд æмæ иуæй тас нал уыдзæн донивылды рæстæджы паркмæ дон бакæлынæй, иннæмæй та сывæллæттæн уыдзæнис æдас. Парчы фæндæгтыл æвæрд цæуы тротуарон плиткæ. Уыдон арæзт фæуыдзысты августы мæймæ. Стæй уый фæстæ æрывналдзысты тенисæй хъазæн фæзуат аразынмæ, сывæллæттæн æмæ хистæр фæл-тæрæн дæр тренажерон фæзуатты арæзтадмæ. Паркмæ ныридæгæн уагъд æрцыдысты рухсы хæххытæ æмæ рæхджы æрывналдзысты телцæджындзтæ æвæрыны куыстытæм. Ам арæзт æрцыдысты къахбынæттæ, уагъд сæм æрцыд дон, рухс.

Парчы арæзтад, Джиоты Фронтик куыд зæгъы, афтæмæй сæрды мæйты кæрон-мæ арæзт фæуаид, фæлæ дидинджытæ æмæ бæлæс-тæн дæр нæй ныссадзæн уыцы мæйты, уымæ гæсгæ Октябры кæронмæ аххæс-дзысты куыстытæ.

Арæзтадон æрмæджытæй сæ ифтонг кæны Ереды арæзтадон æрмæджыты завод. Сæрмагонд фæзуат арæзт æрцыдис машинæтæн дæр.

Парчы арæзтадыл ныртæккæ кусы 28 адæймаджы, фæлæ арæзтадон фадыджы хистæр куыд зæгъы, афтæмæй ма ноджыдæр райсдзысты 10 кусæджы бæрц.

Ныридæгæн бæрæг у, парк кæддæр, советон дуджы куыд уыд уымæй бирæ аивдæр кæй уыдзæн.

РÆЗЫ НОГ РÆВДАУÆНДОН

Æхсызгон у, нæ горæты азæй азмæ кæй рæзынц æмæ фылдæр кæнынц скъолайы кары агъом-мæйы уагдæттæ. Фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, уæддæр нæ фаг кæнынц бынæттæ æмæ алы къорды дæр сывæллæттæ вæййынц цас æмбæлы, уымæй фылдæр. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ та ацы аз дæр 160 сывæллонæн æрывнæлд-той, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтдзæнис ахæм рæвдауæндон аразынмæ. Уый арæзт цæуы нæ горæты Суворовы уынджы.

Ацы ног объект арæзт цæуы, раздæр дзы чи уыд, уыцы рæвдауæндоны бынаты. Уый ныппырх 2008 азы хæсты фæстиуæгæн.

Сывæллæттæн ацы рæвдауæндон арæзт цæуы 2018-2019 азтæн Инвестпрограм-мæйы фæлгæтты. Йæ арæзтадæн рахицæн æрцыд 150 милуан сомы. Уый уыдзæнис дыууæуæладзыгон, ныккæнди-мæ.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы районы кæй нæй иунæг рæвдауæндон дæр æмæ уымæ гæсгæ ныййарджытæ сæ сывæллæтты кæнынц горæты æндæр æмæ æндæр рæвдауæндæттæм.

Объект аразы бынæттон подрядон организаци «Престиж». Банысан кæнын хъæуы уый æмæ объекттæ аразыны ацы подрядон организацимæ кæй ис стыр фæлтæрддзинад. Раздæр ма Инвестицион программæйы фæлгæтты уый сарæзта Ленингоры поселочы скъола, нæ горæты центры базар æмæ сывæллæтты цæхæрадон, афтæ ма Хъорнисы хъæуы скъола.

Сывæллæтты рæвдауæндон хъуамæ арæзт фæуа азы кæронмæ. Объект арæзтады фæзуат у у 2,2 мин квадратон метры. Ныртæккæ объекты фесты сисамайæн куыстытæ æмæ æрыв-нæлдтой йæ агъуыст æмбæрзæн куыстытæм.

Ацы рæвдауæндон куы сырæза, уæд нæ республикæйы уыдзæнис 30 рæвдауæндоны. Уый та нысан кæны нæ адæмы цард кæй бæстон кæны æмæ нæм кæй гуыры фылдæрæй фылдæр сабитæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.