РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд Туркы Республикæйы Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æххæстбарджын минæвар Хъаныхъуаты Ремзиимæ. Фембæлды ма хайад райста РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр.

Уазæгæн æгас-цу зæгъыны фæстæ йын паддзахады сæргълæууæг бузныг загъта, Хуссар Ирыстонмæ йæ бинонтимæ кæй æрцыд, уый тыххæй. «Мах æмбарæм Ирыстонмæ дæ уарзондзинад, Туркы цахæм куыст кæныс, уыдæттæ цæмæй Ирыстонмæ æмæ нæ уазæгуарзон адæммæ цымыдисдзинад сæвзæрын кæнай. Мæ зæрдæ зæгъы дæ бинонтæн царды æппæт хæрзиуджытæ, æмæ дæуæн та  æнтыстытæ, цы ахсджиаг куыст кæныс, уый размæцыды», –  загъта Бибылты Анатоли.

Йæ рады, Хъаныхъуаты Ремзи   Президентæн радзырдта 1992 азæй 2008 азмæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийы рæстæджы Туркы ирон æхсæнад цы куыст кодта, уый тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Турчы цæрæг Кавказы адæмты минæвæрттæ цæрынц æнгомæй, иумæ куыстам уæззау азты, цæмæй куыд гæнæн уыд, афтæ баххуыс кодтаиккам Хуссар Ирыстонæн æмæ абон дæр лæмбынæг нæ хъус дарæм республикæйы уавæрмæ. «Ирæттæ цæрынц дунейы алы къуымты, фæлæ уыдоны тыххæй фылдæр базыдтой 2008 азы августы трагикон цауты фæстæ. Хæст тæссаг фæзынд у, фæлæ уæлдай уæззаудæр та у Райгуырæн бæстæйæ хæсты тыххæй хабар хъусын. Абон мах лæмбынæг нæ хъус дарæм Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады æнтыстытæм дипломатон ахастыты æмæ æндæр бæс-тæтимæ æмгуыстады рæзты фадыджы», – банысан кодта уый.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.