НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров  ИНО-йы генералон секретарь Серхио Гутеррешимæ телефоны ныхас кæнгæйæ, æруынаффæ кодтой Сирийы фарст æрбæстон кæныны проблемæйыл. Ныхасы рæстæджы ма уынаффæ кодтой ИНО-йы архайды эффективондзинад фæбæрзонддæр кæныны перспективæтыл, уыцы нымæцы конфликттæ æрбæстон кæныны æмæ фидауынгæнынады здæхты дæр. Афтæ ма кæрæдзийæн сæ хъуыдытæ загътой ИНО-йы боны фæткы фарстыты фæдыл, сириаг бæстонкæнынады фарстмæ уæлдай хъусдард аздахгæйæ.

ЙÆ КЪУХ ÆРФЫСТА ХЪАХЪХЪÆНЫНАДЫ БЮДЖЕТЫЛ

АИШ-ы президент Дональд Трамп йæ къух æрфыста 2019 азæн АИШ-ы хъахъхъæнынады бюджетыл. Суммæ у рекордон бæстæйы æппæт историйы – 716 миллиард доллары. Уыцы фæрæзтæ ацæудзысты æфсады нымæц фæфылдæр кæныныл, Æфсæддон уæлдæфон тыхты сног кæныныл æмæ донбындзугæнæг ракетæтæн ядерон боеголовкæтыл. Документы хынцыд æрцыд 16 мин ног æфсæддоны райсын æмæ Трамп куыд загъта, афтæ мæлæтхæссæг хæцæнгарз балхæнын. Æхсæз миллиард доллары арвитдзысты Европæмæ «уæрæсейаг агресси» уромыны тыххæй кæнæ та Уæрæсейы арæнты цур НАТО-йы уæвынад фæтыхджындæр кæныны тыххæй. Документы ма фыст æрцыд,  иннæ финансон азы Украинæйæн 250 милуан доллары рахицæн кæныны тыххæй. Æмæ хæрдзты ног статья та  космикон командæкæнынад саразын. Дæлхайæн ныридæгæн хæслæвæрд æрцыд – орбитæйы Уæрæсейы баййафын æмæ йæ разæй фæуын. «Нæ фæсарæйнаг конкуренттæ æмæ ныхмæлæуджытæ ныридæгæн райдыдтой космосы милитаризаци, ног технологитæ бакусгæйæ, цæмæй бандзыг кæной бастдзинады ахсджиагдæр фæрæзты, «куырм кæной» спутникты. Акæсут-ма, уыдон цы аразынц! Мæнмæ ис бæрæггæнæнтæ, уыдон цас размæ ацыдысты, уый тыххæй. Мах сæ тагъд баййафдзыстæм. Уыдоны фæнды не ‘фсæддон операциты фæсыкк кæнын æмæ бирæ æндæртæ. Фæлæ  мах афтæ тагъд сæ разæй фæуыдзыстæм, æмæ сымахæн уæ сæртæ разилдзысты тагъдадæй», – фехъусын кодта Дональд Трамп.

АГУРЫ НОГ ХÆЛÆРТТЫ

«Иуæрдыгæй, сымах дзурут стратегион цæдисы тыххæй, иннæрдыгæй та кард садзут уæ партнеры фæсонты. Махæн нæ бон нæу уый райсын», – фехъусын кодта Туркы президент Реджеп Тайип Эрдоган, АИШ Туркæй ластцæуæг æндон æмæ алюминийыл фиддонтæ дыууæ хатты кæй фæфылдæр кодта, уымæн комментаритæ кæнгæйæ. АИШ-ы расидгæ мадзæлттæ фæлæмæгъдæр кодтой туркаг лирæйы æмæ йæ аргъ æрхауд. Эрдоган бафæдзæхста Вашингтоны, зæгъгæ, АИШ-ы политикæ гæнæн ис æркæна уымæ, æмæ сæ бахъæуа ног æмцæдисонты агурын. Æмæ, зæгъ, кæд Иугонд Штаттæ кад кæнын нæ райдайой Туркы суверенитетæн, уæд тас у нæ партнерондзинадæн. Туркы лидеры ахæм карз хъусынгæнинаг æвдисæн у дыууæ пад-дзахады ахастыты серьезон кризисыл. Ныртæккæ Турк у АИШ-ы сæйраг æфсæддон æмцæдисон Æввахс Хурскæсæны, ацы бæстæйы ис егъау америкæйаг æфсæддон базæ. Æмæ цалынмæ АИШ Туркæй йæ базæ нæ ракæна, уæдмæ развæлгъау дзурæн нæй, дыууæ бæстæйы ахастытæ цæхгæр кæй февзæрдæр сты, ууыл. Фæлæ уæддæр санкцитæ бандæвтой дыууæ бæстæйы æфсæддон æмгуыстадыл: Конгресс вето сæвæрдта Анкарамæ  фæндзæм фæлтæры америкæйаг куынæггæнæг хæдтæхджытæ арвитыны тыххæй. Туркы экономикæ америкæйаг базар куы фесафа, уæд ыл бандавдзæн.

УÆРÆСЕ ÆМÆ ИРАН ТАГЪД КÆНЫНЦ БАХХУЫС КÆНЫНМÆ

АИШ æмæ Туркы ахастытæ кæй февзæрдæр сты, уыцы уавæрты гæнæн ис Турк йæ товарты æрзылд фæфылдæр кæна Уæрæсеимæ, цыран  рог сæудæджерады гъæдджын туркаг товартæ агурынц æхсызгонæй. Политикон бастдзинæдты тыххæй дзургæйæ, æвæццæгæн, гæнæн нæй тынг æрбаввахс уæвынæн, уымæн æмæ фæрстæ кæрæдзийыл тынг не ‘ууæндынц. Уыимæ нырма бæрæг нæу, Анкара куыд архайдзæн Сирийы террористтыл фæуæлахизы фæстæ, уымæн æмæ Эрдоган у Сирийы президент Башар Асады ныхмæ. Уыимæ Эрдоган иу æмæ дыууæ хатты нæ ралæууыд карз хъусынгæнинæгтимæ Хъырымы фæдыл æмæ йын цахæмдæр æндæвдад ис æрдæгсакъадахыл хъырымаг тæтæйрæгты туркаг диаспорæйы хуызы. Турк тактикон цæдисы ис Иранимæ дæр, фæстаг мæйты фæрстæ æрбаввахс сты æндæр фадгуыты дæр. Санкцитæй слæмæгъгонд Тегераны хъæуынц инвестицитæ æмæ сын ам хорз партнер гæнæн ис суа Турк. Дыууæ паддзахады кæрæдзи хъахъхъæнынц америкæйаг санкцитæй. Турк стæрхон кодта ядерон программæйы фæдыл  Ираны ныхмæ АИШ-ы санкцитæн. Æрæджы Тегеран та стæрхон кодта Туркы ныхмæ АИШ-ы санкцитæн æмæ сын баныфсæвæрдта æххæстмасштабон æххуыс.

КУЫНÆГ ÆРЦЫДЫСТЫ ÆНÆПИЛОТОНТÆ

Фондз æнæпилотон тæхæг аппараты куынæг æрцыдысты Сирийы уæрæсейаг авиабазæ Хмеймимы. Æнæпилотонтæ рауагътой деэскалацийы Идлибы зонæйы территорийæ, кæцы ис æнæзакъонон хæстон къордты контролы бын. Инциденты хъыгдард ничи баййæфта.

НЫККАЛД ХИД

Италийы цæгаты Генуяйы хид кæй æркалд, уый фæстиуæгæн фæмард сты 35 адæймаджы. Фæмардуæвджыты ‘хсæн сты 12 æмæ 13-аздзыд сывæллæттæ. 30-35 автомобилы æмæ цалдæр уæзласæн машинæйы фесты пырхæнты бын. Хид цы аххосагæн æркалд, уый бæрæг нæма у.

АМАРД ЭДУАРД УСПЕНСКИЙ

80-аздзыдæй йæ цардæй ахицæн зынгæ фыссæг, драматург æмæ сценарист Эдуард Успенский. Уый крокодил Гена æмæ йе ‘мбæлтты тыххæй йæ фыццаг чиныг ныммыхуыр кодта 1966 азы, æмæ «Приключения друзей из Простоквашино»-йы та – 1974 азы. Успенский уыд алæвæрд «Спокойной ночи, малыши», «Радионяня» æмæ «АБВГДейка»,  афтæ ма авторон зарæджы тыххæй программæ «В нашу гавань заходили корабли»-йы аразджытæй сæ иу. Успенскийы чингуытæм гæсгæ ист æрцыдысты цалдæргай дæсгай анимацион æмæ аивадон фильмтæ. Къуыри раздæр та амард нывгæнæг-мультипликатор Аркадий Шер, кæцы сныв кодта «Дядя Федор», «Почтальон Печкин» æмæ Эдуард Успенскийы æндæр персонажты.

ÆРСИДТ БРИТАНИМÆ

Итали æрсидт Британимæ мигранттимæ радон нау райсыны тыххæй. Номхуындæй, Стырбритани хъуамæ хæсса бæрндзинад мигрантты науы тыххæй, кæцы цæуы Гибралтарийы тырысайы бын, – банысан кодта Италийы инфраструктурæ æмæ транспорты министр Данило Тонинелли, уымæн æмæ июны Рим не сразы нау райсыныл æмæ афтæ саразын фæнд кæны дыккаг хатт. Министры ныхæстæм гæсгæ, ацы хатт Британи хъуамæ райса науы, кæцы ивгъуыд къуыри  Астæуккаг денджызы  аирвæзын кодта 141 мигранты. «Врачи без границ» æрсидтысты Евроцæдисы бæстæтæм, цæмæй æдас порт радтой мигрантты рахизынæн.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.