Хуссар Ирыстоны фӕллойгӕнджытӕ, уыцы нымӕцы Цъунары хъæуы хъӕбатыр гуырдтӕ дӕр се стыр хайбавӕрд бахастой Советон хицауад Хуссар Ирыстоны ӕрфидар кӕнынмӕ. Бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй 1918 азы кӕрон партион чыртӕ сырӕзтысты Дзау, Рукъ, Ортъеу, Цъунар ӕмӕ ӕндӕр хъӕуты. Фӕстӕдӕр, ома 1919 азы кӕрон ӕмӕ 1920 азы райдианы Хуссар Ирыстоны Цхинвал ӕмӕ хицӕн хъӕуты фӕзындысты фӕсивӕдон революцион дӕластӕрдон къордтӕ. Советон хицауады сæрыл активон тохгӕнӕг Тедеты Димитры фӕндонмӕ гӕсгӕ фӕстӕдæр дӕластӕрдон къорды куыст хаст ӕрцыд Цъунармӕ. Сӕйраг организаторон куыст кодта бынӕттон цӕрӕг, дӕластӕрдон къорды уӕнг Джиоты Иван Уасилы фырт. Уыцы рӕстӕгмӕ Дзауӕй Цъунармӕ ӕрцыдысты Мамиты Никъала ӕмӕ Бетъу. Уыдон сӕхимӕ ӕрбамбырд кодтой хъӕуы цӕрӕг фӕсивӕды ӕмӕ сӕ бакодтой сӕ организацимӕ. Уыдоны нымӕцы уыдысты Бӕззаты Сикъо, Хетӕгкаты Яков, Коцты Никъала, Джиоты Оля, Бигъуылаты Степан ӕмӕ Гугуца.

Зӕгъын хъӕуы, Цъунары фӕллойгӕнджытӕ активон хайад кӕй райстой революцион змӕлды. Зӕгъӕм, Бигъулаты Григол Гаврилы фырт Бакойы нефтгуырæнты бакусыны фӕстӕ, ӕрыздӕхт йӕ райгуырӕн хъӕумӕ ӕмӕ ссис сырх партизан. Уый 1920 азы хайад райста Цӕгат Кавказы инӕлар Хвостиковы бандӕты ныхмӕ тохты. Активон уыд йе ‘рвад Бигъуылаты Григол Зурабы фырт дӕр, уый дӕр 1918-20-ӕм азты революцион растадты хъазуатонӕй тох кодта Советон хицауады знӕгты ныхмӕ, уыд Бургъустаны хӕсты хайадисӕг. Фӕстӕ нӕ фӕлӕууыд Бигъуылаты иннӕ сырх партизан Бигъуылаты Алыксандр (Джебе) дӕр. Уый дӕр райгуырд ацы хъӕуы 1873 азы мӕгуыр зӕхкусӕг бинонты ‘хсӕн. Большевикон партийы уӕнг ссис 1905 азы, уыд УСДКП-йы Цхинвалы бюройы уӕнг. Фыццаг уырыссаг революцийы бацыд Уалыты Шакройы сырхсӕдӕйонты дружинӕмӕ ӕмӕ 1905-1906-ӕм азты кодта активон тох помещиктӕ ӕмӕ паддзахы отрядты ныхмӕ. 1906 азы йӕ ӕрцахстой ӕмӕ ӕрвыст ӕрцыд Архангельскы губернимӕ, фӕлӕ йын 1909 азы бантыст ралидзын ӕмӕ ногӕй архайдта революцион тохты. Хъыгагӕн, та йӕ ногӕй  ӕрцахстой 1911 азы хӕдхӕцӕгады ныхмӕ йӕ революцион архайды тыххӕй ӕмӕ йын Кавказы ӕфсӕддон округон тӕрхондон рахаста 20 азы каторгӕйы куыст. Бигъуылайы фырт амард Метехы ахӕстоны 1913 азы. Революцийы сæрыл активон тохгӕнджытӕ ма Цъунары хъӕуӕй уыдысты Джиоты Иван Уасилы фырт, Джиоты Серги Георгийы фырт, Мӕргъиты Георги Алексийы фырт, Хаситы Никъала Писыры фырт ӕмӕ ӕндӕртӕ. Уыдон се ‘хсардзинадӕй тас уагътой знӕгты, активон уыдысты революцион змӕлды ӕмӕ сӕ бӕллиц уыд, цӕмӕй тагъддӕр ралӕууыдаид ног, амондджын дуг. Ахӕм хъӕбатыр ӕмӕ ныфсхаст сырх партизанты фӕрцы Хуссар Ирыстоны дӕр фӕуӕлахиз Советон хицауад ӕмӕ сӕ кӕддӕриддӕр хъуыды кӕн-дзысты фӕлтӕртӕ.ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.