Кæцыфæнды горæт дæр аив кæнынц йæ улæфæн бынæттæ, чысыл сквертæ. Уыдон æхцондзинадхæссæг сты æрмæст дзы йæ фæллад суадзынæн чи тезгъо кæны уыдонæн нæ, фæлæ йæ фæрсты цæуджытæн дæр, нæ чысыл сабитæн, уыдон зæрдæаивæй чысыл гæлæбутау фæратæх-батæх кæнынц улæфæн бынæтты, доны бабызтау сæхи феппарынц скверты чысыл фонтантæм.
Нæ горæты фæстаг рæстæджы цы сквертæ сырæзт, уыдонæй сæ иу у, раздæры сыгъд универмаджы бæстыхайы бынаты. Скверæн лæвæрд æрцыд зындгонд ирон дипломат, Турчы Хуссар Ирыстоны кадджын минæвар Хъаныхъуаты Ремзийы ном.
Ацы чысыл скверæн æнæхъуаджы не ‘рцыд лæвæрд Хъаныхъуаты Ремзийы ном. Уый уыд Турчы ирон диаспорæйы сæрдар æмæ æхсæнадон организаци «Алан»-ы сæрдар. Уыд йæ рæстæджы æхсæнадæмон змæлд «Стыр Ныхас»-ы фыццаг хæдивæг. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ Турчы цæрæг ирæттæ бахъахъхъæдтой сæ мадæлон æвзаг. Уыцы хъуыддагыл йæ рæстæджы стыр куыст кодта Ремзи, цæмæй хъахъхъæд æмæ парахат цæуа ирон æвзаг, йæ культурæ, традицитæ æмæ афтæ дарддæр. Уый æдзух йæ хъус дардта Хуссар Ирыстоны цаутæм æмæ уым, Турчы, ирон адæмы зонгæ кодта уыдонимæ. Уымæй дарддæр æмбæлон информаци лæвæрдта информацион фæрæзтæн, цæмæй объективон информаци парахат цыдаит Ирыстоны цауты фæдыл, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй ирон адæмы геноциды тыххæй. Уымæн æмæ бирæ информацион агентадтæ, телеканалтæ лæвæрдтой æнæраст информаци, уыдысты Гуырдзыстоны политикæйы фарс.
Хъаныхъуаты Ремзи вазыгджын куыст кодта, цæмæй Турчы бæстæйы къухдариуæгад банымадтаит Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад дæр, фæлæ, хъыгагæн, уыййас нал бантыст цæрын туркаг ирон патриотæн.
Цытджын уавæрты Владимир Путины уынджы чысыл скверæн зындгонд ирон дипломаты ном радтыны церемонийы хайад райстой Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр, горæты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Пухаты Димитр, горæты администрацийы Культурæ, фæсивæд æмæ спорты управленийы къухдариуæггæнæг Тасойты Игорь æмæ администрацийы æндæр кусджытæ.
Ацы церемонийы сæйраг хайадисджытæ уыдысты Турчы минæвæрттæ – Турчы бæстæйы Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар Хоситы Бурхан æмæ Турчы баиугонд Кавказон æхсæнадты федерацийы сæрдар Йылмаз Батибей. Уыдон уымæй размæ Ирыстонмæ æрцыдысты президентон æвзæрстытæм дунеон хъусдарджыты хуызы.

Боныгъæд кæд фадат нæ лæвæрдта ацы æхсызгон æмæ ахсджиаг мадзал æмбæлон уагыл ауадзынæн, уæддæр уый не ‘ндæвта æрæмбырдуæвджыты хорз зæрдæйы равгыл. Афтæмæй нæ горæты иууыл хуыздæр сквертæй иуæн лæвæрд æрцыд Хъаныхъуаты Ремзийы ном. Мадзалы хайадисджытæ æмæ уазджытæ сквермæ бахизæны фæйнæфарс бакодтой номарæн фæйнæджытæ.
Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, горæт Цхинвалы администрацийы уынаффæмæ гæсгæ ацы сквер нырæй фæстæмæ хæсдзæн зындгонд ирон дипломат Хъаныхъуаты Ремзийы кадджын ном. Хъыгагæн, уый раджы ахицæн а-дунейæ, æмæ йæ ном сæнусон кæныны тыххæй ист æрцыд ахæм уынаффæ.
Туркаг минæвар Хоситы Бурхан бузныг загъта мадзалы организатортæн, Турчы бæстæйы цæрæг ирæттæм сын ахæм ахаст æмæ стыр хъусдард кæй ис, уый тыххæй.
«Абон ам, Хуссар Ирыстоны зæххыл, ацы скверæн Хъаныхъуаты Ремзийы ном лæвæрд кæй æрцыд, уый дзурæг у ууыл, æмæ стыр кад кæй кæнут махæн дæр. Махæн æхсызгон уыд президентон æвзæрстыты дæр хайад кæй райстам, уымæй нæхи банкъардтам Хуссар Ирыстоны æцæг цæрджытæй дæр», – дзырдта минæвар.

СКВЕР – КАД ÆМÆ ЦЫТЫ АККАГ ИРОН ЛÆДЖЫ НОМЫЛ

Аив æмæ цымыдисон у сквер йæ арæзтæй. Йæ бæстыастæу цы чысыл фонтан ис, уый уæлдай æхцондзинад фæхæссы æнтæф рæстæджы уым сæ улæфт цы æмбæстæгтæ фæуадзынц, уыдонæн. Сæйраг та банысан кæнын хъæуы уый, æмæ арæзт кæй у националон стилыл. Йæ комкоммæ сисыл конд æрцыдысты ирон аргъæутты зындгонд æмæ Нарты кадджыты персонажтæ.

  • КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.