Президент Бибылты Анатоли Мæскуыйы фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Президенты администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Дмитри Козакимæ æмæ æруынаффæ кодтой уæрæсейаг – хуссарирыстойнаг æмархайды актуалон фарстытыл.

Уæлдай хъусдард здæхт æрцыд 2025 азмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты программæ среализаци кæнынмæ, афтæ ма Уæрæсейы Федерацийы бюджетон фæрæзтæ эффективонæй хардз кæнынмæ, кæцытæ здæхт сты республикæйы социалон-экономикон уавæр сфидар кæнынмæ.

Фембæлды рæстæджы лæмбынæг æруынаффæ кодтой Хуссар Ирыстоны бюджетон фадгуыты æмæ тыхон структурæты кусджытæн куыстмызд фæфылдæр кæныны тыххæй дыууæварсон сразыдзинæдтæ бацæттæ кæныны фарстытыл. Банысангонд æрцыд, ныртæккæ кæй фæуд кæны хъæугæ æхсæнхицауадон документтæ æрбæстон кæныныл куыст, кæцытæ здæхт сты Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитет, Хъахъхъæнынады министрад, Уæлвæткон уавæрты министрад æмæ Паддзахадон таможнæйон комитеты кусджытæн куыстмызд фæфылдæр кæнынмæ. Ацы сразыдзинæдтыл къухтæ æрфыссын план æрцыд ацы азы маймæ.

Уæрæсейаг фарс банысан кодта дыууæ бæстæты æххæсткæнынадон хицауады органты дарддæры координацион куысты ахсджиагдзинад дыууæварсон боны фæткы акуталон фарстыты æппæт спектры, афтæ ма хуссарирыстойнаг партнерты иузæрдыгдзинад республикæйы æхсæнадон-политикон стабилондзинад бахъахъхъæнын æмæ Уæрæсейы æддагполитикон курсыл ориентаци кæныны фæдыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.