Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æрæджы цы хъусынгæнинаг сарæзта — Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны инициативæйы фæдыл, уый бирæбæрцæй раудгас кодта нæ æхсæнады. Ныртæккæйы уæззау дуджы, стæй Уæрæсейæн йæхи ныхмæ бирæ бæстæтæ кæй растадысты æмæ æфсæддон æххуыс кæй кæнынц Уæрæсейы Федераци нацизмы нацизмы уидæгтæ сыскъуыныны тыххæй Украинæйы цы операци уадзы, уымæн, уымæ гæсгæ хъуыды хъæуы нæ дарддæры хъысмæт æмæ уавæрыл. Сæйраг — æдасдзинады уавæртæ хынцгæйæ æмæ чысылнымæц адæм кæй стæм, уымæ гæсгæ нæ хъæуы нæ стратегион партнер Уæрæсейы скондмæ бацæуын. Референдуммæ бацæуыны нысанæн ныртæккæ æмбырд цæуынц æмбæстæгты къухфыстытæ нæ горæты Сталины уынджы 19, цæмæй та радон хатт нæ фæндондзинад равдисæм, нæ дарддæры хъысмæт Стыр Уæрæсеимæ кæй бæттæм.

Референдуммæ бацæттæ кæнын æмæ ауадзыны фæдыл юридикон къахдзæфтæ ист æрцæудзæн æввахс рæстæджы æмæ æппæтадæмон хъæлæскæныны руаджы.

Бæстæйæн ацы ахсджиаг хъуыддагмæ цæттæ кæнын æмæ йæ нысаниуæгыл нын сæ хъуыдытæ дзурынц:

Джиоты Андрей, Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг:

— Фыццаджыдæр, референдум ауадзыны фарст æз бæттын нæ бæстæйы æдасдзинадимæ. Ирон адæмæн уый у цæрæнбонты бæллицц. Махæй алчидæр хъуамæ йæ зæрдыл дара уый, æмæ нын цы хуссайраг сыхæгтæ ис, уыдон та кæддæр нæ ныхмæ сæ фыдмитæ, гæнæн ис æмæ, сног кæной.

Уымæ гæсгæ нæ бæстæ æмæ нæ адæмæн æндæр фæрæз нæй.

Нæ республикæйы ныртæккæ фæлхасадон товартæ цы æргътæй æлхæнæм, уый у сæйраг аххосаг цы у?

— Уæрæсейы Федерациимæ не ‘хсæн цы арæн ис, уый аххосаг. Уымæн æмæ таможнæйы сæрты хизгæйæ алы товарæн дæр фидын хъæуы йæхи бæрæг суммæ — уыцы хæрдзтæ уый фæстæ æвæрд цæуынц товартыл æмæ сæ фæлхасгæнджытæ æндæр регионтæм абаргæйæ ам бынаты æлхæнынц бæрæг фылдæр æргътæй. Уымæ гæсгæ Уæрæсейы сконды уæвгæйæ цæрын бæрæг фенцондæр уаит алы хуымæтæг æмæстагæн дæр.

Æмæ ма иу ахсджиаг хъуыддаг — Цæгат æмæ Хуссар иу адæм стæм, æмæ цæмæн хъуамæ уæм æбарвæндонæй дих, уымæн гæнæн нæй.

Саппиаты Зæлинæ, Хуссар Ирыстон, Цæгат Ирыстоны æмæ Абхазы Республикæты сгуыхт артисткæ:

— Уый тыххæй дзурын дæр нал хъæуы. Махæн Уæрæсейы Федерацийы ныфсджын уæхск куынæ уа, уæд нын фæзын уыдзæн, уымæн æмæ нæ цардархайды фадгуытæ нырма куыд æмбæлы, афтæ сæ къахыл нæ лæууынц. Бæстæйы экономикæ стабилон нæма у, медицинæ у бæрзондтехнологон æххуысхъуаг. Дунемæ нын ис, æрмæстдæр, иу ахизæн — уый у Уæрæсейыл. Уымæ гæсгæ тырнæм уыцы хъуыддагмæ.

Ахуырад — ис нын, нæ æвзонг фæсивæд хорз æмæ бæрзонд уæлдæр ахуырад кæм райсой, ахæм куырдадз. Фæлæ уым алыфарсон хъæуæг професси райсыны фадæттæ нæй. Уымæ гæсгæ нæ фæсивæды бæрæг хай ахуыр кæнынц Уæрæсейы Федерацийы алыгъуызон уæлдæр ахуыргæнæндæтты, уым райсынц бæстæйæн хъæуæг æмæ ахсджиаг дæсныйæдтæ.

Уæрæсейы Федерацийы руаджы æнæкъуылымпыйæ ифтонг цæуæм финанстæй, азæй азмæ æнтыстджынæй æххæст цæуы бæстæйы рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ. Фæскъæвда зокъотау уый руаджы рæзынц республикæйæн æнæмæнгхъæуæг социалон æмæ æндæр объекттæ.

Дунейы æндæр нацитау махæн дæр хъæздыг истори æмæ культурæ ис. Фæлæ чысыл наци кæй стæм, уымæ гæсгæ нæхи бæттæм Уæрæсейыл. Кадджын фынгтыл дæр ирон сыкъайæ сæрбæрзондæй Стыр Уæрæсейы кадæн ракувæм.

Æз культурæйы минæвар кæй дæн, уымæ гæсгæ банысан кæндзынæн уый, æмæ мах тынг хорз райсынц æрмæст Уæрæсейы алы къуымты нæ, фæлæ дард фæсарæнты дæр. Æмбæрстгонд у уый, æмæ нын хæдбындур культурæ кæй ис, у æвæлхатт, йæхи хуызтæ йын ис. Фæлæ нын Уæрæсе куынæ уа, уæд нын нæ уыдзæн фадат Уæрæсейы къуымты алыгъуызон фестивалтæ æмæ культурон ма-дзæлтты хайад райсынæн.

Ныртæккæ дæр бирæ хонæн гæххæтытæ райсæм алы рæттæй концертон программæты хайад райсынæн, фæлæ зæрдæ нæ райы, уымæн æмæ Уæрæсейы Федераци нацизмы ныхмæ цы сæрмагонд æфсæддон операци уадзы, уый, хъыгагæн, æнæ удызиæнттæй нæу. Æмæ махæрдыгæй раст нæ уыдзæн, алы сценæтæй хъæлдзæг зарджытæ куы кæнæм, уыцы хъуыддаг.

Наниты Асиат, фыссæг:

— Тынг æхсызгон мын уыд, бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли референдум ауадзыны тыххæй сидт сарæзта, уыцы хъуыддаг. Референдум ауадзын æнæмæнг хъуыддаг у, уый фæдыл бирæ хорз хабæрттæ баст ис.

Ацы референдум ауадзыны алфæмблай бирæ ныхæстæ ис фехъусæн — иутæ дзурынц, зæгъгæ, дыууæ Ирыстоны иу паддзахад хъуамæ уой. Аннæты фæнд та у афтæ æмæ, зæгъгæ, хицæн субъектæй уæм Стыр Уæрæсейы Федерацийы сконды. Мæ хъуыды та у афтæ, æмæ Хуссар Ирыстон Уæрæсейы сконды уæт, æмæ дыууæ вариант дæр сты хорз. Аннæмæй та Уæрæсейы скондмæ бацауæм, æмæ уый фæстæ дыууæ Ирыстон баиу кæнын дæр зын хъуыддаг нæ уыдзæн.

Хуссар Ирыстон Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны нысанæн референдум ауадзыны кой кæй айхъуыст, уый æхсызгон кæцæй уыд нæ «хорз сыхæгтæн». Уымæ гæсгæ цæмæй уыдон нæ ныхмæ дзурынхъом мауал уой, уый тыххæй уал мах цадæггай нæ хъуыддæгтæ хъуамæ бæстон кæнæм.

Ацы хъуыддагæн стыр нысаниуæг ис. Лæмбынæг куы ахъуыды кæнæм, уæд æнæ Уæрæсейы Федерацийæ махæн ницы у нæ бон саразын, уымæ гæсгæ нæ æнæмæнгдæр хъæуы референдум ауадзын. Тынг хорз фæндон у уый. Уавæрæй пайдагæнгæйæ æз сидын Хуссар Ирыстоны алы цæрæгмæ дæр, цæмæй ацы хъуыддаджы райсой активон хайад æмæ цæргæцæрæнбонты цæуыл тох кæнæм, уыцы фарст аскъуыддзаг уа.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.