Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Плиты Агуындæ фембæлд йæ уæрæсейаг коллегæ, УФ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады сæргълæууæг Михаил Мурашкоимæ.

Плиты чызг куыд радзырдта, афтæмæй Мæскуыйы фембæлдæн уыд зонгæ кæныны характер, кæцыйæн йæ нысан уыд профилон министрады къухдариуæгадимæ фембæлын.

«Кусæгон балцы рæстæджы уагъд æрцыдысты фембæлдтытæ УФ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады къухдариуæггæнæг Михаил Мурашко, йæ фыццаг хæдивæг Виктор Фисенко, министры æххуысгæнæг Алексей Кузнецов æмæ уæрæсейаг æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады æндæр минæвæрттимæ.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтам 2019-2022 азты Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны системæ модернизаци кæныны фæдыл мадзæлтты план сæххæст кæныны фарстытыл», – загъта Плиты Агуындæ.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, хъыгагæн, ацы фарсты фæдыл хуссарирыстойанг фарсæн ницы уыд зæгъинаг, уымæн æмæ ацы рæстæджы куысты бæрæггæнæнтæ къухты нæ бафтыдысты.

«Дарддæры рæзтæн мах хъæуы нæ разы цы  хæстæ уыд, уыдон сæххæст кæнын», – банысан кодта ведомствойы сæргълæууæг.

Плиты Агуындæ ма радзырдта, зæгъгæ, модернизацийы фæдыл мадзæлтты план конд уыд дыууæ этапæй. Фыццаг этап хуссарирыстойнаг фарст сæххæст кодта, растдæр та арæзт æрцыдысты рынчындæттæ æмæ сæ сифтонг кодтой. Дыккаг этап уыд цæрджытæн медицинон æххуысы гъæд фæхуыздæр кæнын æмæ, зæгъгæ, мах тырндзыстæм йæ реализаци кæныныл.

Министры ныхæстæм гæсгæ, ведомствойы раз цы хæс æвæрд æрцыд, уый у нырыккон информацион системæтæ ныббиноныг кæнын.

«Абон, республикæйы ис фаг энергоресурстæ, интернет, æмæ æрбалæууыд информацион технологиты рæстæг. Хъæуы медицинон кусджыты иумæйаг регистр ныббиноныг кæнын, кæцы арæзт у, фæлæ актуализаци не ‘рцыд. Æнæмæнгхъæуæг у бухгалтерон æмæ финансон хыгъд саразын. Уымæй уæлдай ма, мах кусдзыстæм рынчыны бæлвырдгæнæн электронон гæххæт æмæ электронон медици-нон картæ саразыныл», – загъта Плиты чызг.

Уый ма загъта, зæгъгæ, æмбырдты рæстæджы æруынаффæ кодтой республикæйы иугæндзон цæрæг УФ-йы æмбæстæгты ОМС системæйы (æнæмæнгхъæуæг медицинон фæдзæхстад) æмгуыстады тыххæй Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн сразыдзинад сæххæст кæныныл. «Ацы сразыдзинадыл къухтæ фыст æрцыд 2017 азы. Сразыдзинад сæххæст кæныны план махæрдыгæй кæронмæ æххæст не ‘рцыд. Сарæзтам æнæмæнгхъæуæг медицинон фæдзæхстады полистæ дæттыны пункт, фæлæ домæнтæн сæ иу хай хуссарирыстойнаг фарс нæ сæххæст кодта.

Уымæй уæлдай ма, æруынаффæ кодтам республикæйы æмбæстæгтæн, кæцытæн ис УФ-йы æмбæстагдзинад, специализацигонд, бæрзондтехнологион медицинон æххуыс бакæныны фæдыл сразыдзинад среализаци кæныныл, афтæ ма РЦИ-Аланийы фондз клиникæйы рахицæн кæныныл, кæцытæм æрвыст цæудзысты не ‘мбæстæгтæ хос кæнынмæ куыд аргъыл, афтæ ОМС-мæ гæсгæ дæр», – загъта Плиты Агуындæ.

Уый ма радзырдта Виктор Фисенкоимæ фембæлды тыххæй дæр, кæцы йын радта рекомендацитæ, УФ-йы Æдасдзинады советы секретары хæдивæг Рашид Нургалиевимæ фембæлды та Хуссар Ирыстоны министримæ ныхас цыд кусæгон фембæлды фарстатыл.

Плиты Агуындæ куыд банысан кодта, афтæмæй загъд æрцыдысты хуссарирыстойнаг фарсы фæндтæ, сæ нымæцы медицинон ифтонггæрзты техникон ифтонгадæй сорганизаци кæнын æмæ тагъд медицинон æххуысы ног хæдтулгæтæ балхæныныл. «Афтæ ма дзырд цыдис магнитон-резонансон томографи аразынæн, цæугæ нымæцон æмæ стационарон флюорограф балхæнын, туаггуыры медицинон концентрат сæвæрын кæнæ та архайгæ концентратормæ компрессор, кæцы кусы республикон бирæпрофилон медицинон центры», – загъта уый.

Плийы чызг банысан кодта, зæгъгæ, цалынмæ ацы фарстатæ скъуыддзаг æрцæуой, уæдмæ хуссарирыстойнаг фарсы æнæмæнгæй хъæуы æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы модернизацийы фæдыл мадзæлтты план сæххæст кæнын.

«План хъуамæ кæронмæ фæуыдаид 2022 азы. Паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан нæ ведомствойы раз сæвæрдта хæс, цæмæй 2022 азы бæлвырдгæнæнтæ сæххæст кæнæм 2023 азы», – банысан кодта министр.

Уый ма радзырдта, зæгъгæ, фембæлды рæстæджы ма æруынаффæ кодтой 2021-2022 азты УФ-йы казначействойы æрцыд республикæмæ.

«Хъыгагæн, сбæлвырд ис факт, ацы дыууæ актты ‘хсæн дыууæ азы дæргъы кæй ницы хицæндзинæдтæ, ома иу фиппаинаг дæр, кæцытæ фыст æрцыдысты уым, хуссарирыстойнаг фарс нæ сæххæст кодта», – банысан кодта уый.

Уæрæсейаг казначействойы актты ахæм пунктты ‘хсæн ис медицинон ифтонггæрзты техникон ифтонгад сорганизаци кæнын, куыстмызд фидæн ног системæ, эффективон контракттыл къухæрфыст. Махæн бантыст уыдонæй æрмæстдæр иу сæххæст кæнын. Уый у республикæйы æмбæстæгтæн æнæаргъ медицинон æххуыс бакæныны фæдыл паддзахадон гарантийы программæ сфидар кæнын», – банысан кодта министр.

Плиты Агуындæйы ныхæстæм гæсгæ, ведомствойы хъæуы куысты егъау гуырахст бакæнын, æмæ ныфс бавæрдта æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад тагъд рæстæджы æх-хæстæй арæзт кæй æрцæудзæн.

«Командæ куы саразæм, уæд нын бантысдзæн нæ разылæууæг хæстæ аскъуыддзаг кæнын», – загъта уый.

Министрады сæргълæууæг ма куыд банысан кодта, афтæмæй цæсгомæй-цæсгоммæ фембæлдтытæ хуымæтæгдæр кæнынц профилон министрадтимæ æмархайд. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, йæ радон кусæгон балц уыдзæн РЦИ-Аланимæ цæгатирыстойнаг коллегæимæ базонгæ уæвыны тыххæй.

Информацион агентад «Рес»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.