Президент Бибылты Анатоли фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсивæды активимæ. Фембæлды хайад райстой Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл Комитеты сæрдар Зассеты Сергей, йæ хæдивæг Гатыгкоты Валентинæ, фæсивæдон организациты минæвæрттæ, ХИПУ-йы студенттæ.

Паддзахады сæргълæууæг радзырдта 2021 азы комитеты куысты хатдзæгты тыххæй, афтæ ма æруынаффæ кодтой ног проекттæ æмæ уыдонмæ фæсивæдон сектор æрбаздахын, куысты бынæттæй сифтонг кæнын, фæсивæдон проекттæн æхсæнреспубликон бастдзинæдтæ æмæ грантты фарстытыл, кæцытæ здæхт сты рæзын кæнынмæ.

«Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет цалдæр хатты сорганизаци кодтой балцытæ алыгъуызон форумтæм, афтæ ма сорганизаци кодтой фæсивæдон форум Дзауы районы», – загъта Гатыгкоты Валентинæ.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, гимназ «Альбион»-ы бындурыл театралон къордмæ цы сывæллæттæ цæуынц, уыдонæн организаци æрцыд балц Мæскуымæ, цыран равдыстой хорз фæстиуджытæ. Рæзгæ фæлтæры монон-хæрзæгъдауон программæйы фæлгæтты Хуссар Ирыстоны сывæллæттæ бабæрæг кодтой Æфсæддон кады горæттæ.

Зассеты Сергей банысан кодта, фæсивæдæн æнæмæнгхъæуæг кæй у йæхи фæзуат уæвын, цыран уыдонæн сæ бон уыдзæн форумтæ аразынæн, æндæр горæттæй уазджыты æрхонынæн. Уымæй уæлдай ма, уый банысан кодта рæзгæ фæлтæры монон-хæрзæгъдауон хъомылады актуалондзинад æмæ ахсджиагыл банымадта ацы здæхт.

Президент сразы ис Зассеты Сергейы фæндонимæ, банысан кодта, фæсивæд хайад кæй хъуамæ иса, республикæйы цы процесстæ цæуы, уыдоны.

«Сымахыл ис егъау бæрндзинад æмæ уаргъ æвæрд. Ныфс мæ ис, сымахæй бирæтæ фидæны кæй кусдзыстут уæлдæр бынæтты æмæ размæ кæндзыстут нæ паддзахады. Цæмæй сымах Хуссар Ирыстоны цардархайды иу кæнæ иннæ здæхтытыл къухдариуæгад кæнат, уый тыххæй сымах хъæуы зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрд-дзинад», – загъта Бибылты Анатоли.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.