Президент Бибылты Анатоли фембæлд Парламенты депутаттимæ. Уый размæ паддзахады сæргълæууæг закъондæттæн органмæ арвыста фыстæг паддзахадон хицауиуæгады органты ‘хсæн сæвзæргæ быцæудзинæдтæ аиуварс кæныны нысæнттæн æмзæрдæдзинады процедурæтæ ауадзыны тыххæй фæндонимæ. Сæрмагондæй, уый фæндон бахаста РХИ-йы Парламенты депутатты æмæ Президенты минæвæртты скондæй æмбæлон къамис саразыны тыххæй.

Парламенты фембæлды фæлгæтты Бибылты Анатоли банысан кодта æндæр фадæттæ дæр быцæудзинæдтæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй.

«Ацы фембæлдæн ис кусæгон характер. Мах æруынаффæ кæндзыстæм уыцы фарстытыл, кæцытæ сæвзæрдысты мæнмæ дæр æмæ сымахмæ дæр. Уыдон гæнæн ис скъуыддзаг цæуой алыгъуызон амæлттæй:  уыдонæй иу у æмзæрдæдзинады процедурæтæ ауадзын, кæнæ та фарстытæ гæнæн ис скъуыддзаг цæуой уынаффæйы фæстиуæгæн иу хъуыдымæ æрцæугæйæ. Абон цы уавæр сæвзæрд уый у вазыгджын, уый нæ стабилизаци æмæ æхсæнады иудзинадмæ нæ кæны, фæлæ – æхсæнадон-политикон уавæр схæццæ кæнынмæ», – загъта Президент.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, ахæм уавæр сæвзæрд фыдракæнды алыварс.

«Ацы фарсты фæдыл Президент æмæ Парламенты ‘хсæн иунæг æнæмбæрстдзинад ис уый мидæг, æмæ мæн уырны, фæдагуырд æххæст кæй æрцæудзæн кæронмæ, фæлæ сымах ууыл дызæрдыг  кæнут. Ноджы ма уын иу хатт фидарæй зæгъын, ацы фыдракæнды аххосджынтæ æфхæрд баййафдзысты», – загъта Бибылты Анатоли.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, ницахæм цау, ницахæм фыдракæнд, ницахæм уавæр  бар нæ дæттынц хицауиуæгады иунæг къабазæн дæр, цæмæй ма æххæст кæной сæ хæстæ.

«Мæнæн бынтондæр æмбæрстгонд нæу цы бындурыл, цы приницптæм гæсгæ, кæцытæ нысан сты нæ закъæтты, закъондæттæн кæнæ æххæстгæнæн хицауиуæгады минæвар зæгъа, зæгъгæ, йæ нæ фæнды кусын, йæ хæстæ æххæст кæнын», – загъта уый.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта, зæгъгæ, хицауиуæгады къабæзтæй иуæн дæр бар нæй иннæйы раз домæнтæ æвæрынæн. Цæвиттон Президент æрхаста уыцы уавæры тыххæй, депутаттæ закъоны проект куынæ фæисынц, кæцы сæм æрбарвиты Президент кæнæ Хицауад.

«Ацы цауы Президентæн йæ бон нæу домын æмæ хъусын кæнын, зæгъгæ, йæ хæстæ нал æххæст кæндзæн. Афтæ ма йын бар нæй домын Парламенты Сæрдары хæдивæджы кæнæ парламентон комитеты сæргълæууæджы сæ бынæттæй сисыны тыххæй. Сымахæн дæр, цытджын депутаттæ бар нæй, цæмæй Президентæй домат цыдæр сæххæст кæнын, бар уын нæй уæ куыст æруромынæн».

Бибылты Анатоли ноджы иу хатт банысан кодта, зæгъгæ, Парламенты архайдтытæ не сты Конституци кæнæ æндæр закъоны фæткмæ гæсгæ.

«Уымæ гæсгæ ацы уавæрæй рахизыны тыххæй цы закъонон фадæттæ ис, уыдонæй хъуамæ спайда кæнæм, уыцы нымæцы Конституцион тæрхондоны фадæттæй дæр. Кæд сы-мах афтæ нымайут, зæгъгæ, нын Конституцион тæрхондон баххуыс кæндзæн ацы уавæрæй рахизынæн, уæд, табуафси, иууыл æввахсдæр рæстæджы саразæм Конституцион тæрхондон, уадз, æмæ уый скъуыддзаг кæнæд проблемон æмæ быцæудзинады фарстатæ, кæцытæ уæвынад кæнынц Парламент æмæ Президенты ‘хсæн», – загъта уый.

Паддзахады сæргълæууæг зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, Парламентмæ æрвыст æрцыдысты паддзахадон бюджетмæ барасткæнинæгтæ, кæцытæ хауынц дыууæ бюджетон организацийæн куыстмызд рахицæн кæнынмæ. «Дыууæ бюджетон организацийæн дыууæ мæйы дæргъы сæ бон нæу сæ куыстмызд райсын. Уыимæ ацы куыстмызд цæуы 30 процент фæфылдæргондæй. Фæлæ Парламент нæ уадзы сесси, нæ исы бюджет æмæ адæм баззадысты æнæ мыздæй. Курæг уæ дæн, цæмæй рахизат ацы рæдыд къахдзæфтæй, кæрæдзимæ домындзинæдтæй æмæ саразын хъæуы афтæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны куыст цæуа», – загъта Бибылты Анатоли.

Депутат Дриаты Заза радта фарст Президентмæ, зæгъгæ, куыд уайы афтæ æмæ депутаттыл баст у бюджетон фадыджы кусджы-ты куыстмызд райсын æмæ уыцы иурæстæджы уыдоныл баст нæу Генералон прокуроры отстав-кæ. Паддзахады сæргълæууæг бамбарын кодта, зæгъгæ, уый нысан у депутатты æххæстбарты цы закъондæттынад нæм  уæвынад кæны, уый фæлгæтты.

Депутат Медойты Дзамболат йе ‘нæразыдзинад равдыста Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæджы къухдариуæгады бын цы фæдагуырд уагъд цæуы, уый тыххæй. Фæрссаг бæрæггæнæнтыл бындуриуæг кæнгæйæ, уый загъта, зæгъгæ, фæдагуырд æмæ  ахст чи æрцыд, уыцы кусджытыл гæнæн ис уа æндæвдад. Президент банысан кодта, зæгъгæ, крими-налон милицийы ахст кусджытæ аххосджын æрцыдысты, уыдон æнæуый дæр æмбарынц сæ бæрндзинад æмæ сæм цы æфхæд æнхъæлмæ кæсы, уый. Уыдоныл æндæвдад кæд æрцыд, уæд хæсджын сты, цæмæй сæ ныффыссой фæдагуырды рæстæджы, ничи сæ хъыгдары.

Уый ма зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, депутаттæм æрбавдыста йæ фæндон къамис саразыны фæдыл, цæмæй контроль кæна фæдагуырдыл. Парламентаритæн бар ис депутатон домæны тыххæй дæр.

Депутат Бесаты Зитæ загъта, зæгъгæ, Парламенты нæ хъæуы къамис, комитеттæн сæхи бон у æмæ ныридæгæн пайда кæнынц депутатон домæны барæй, уыимæ барадхъахъхъæнæг органты дзуаппытæй разы не сты. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, «Парламенты куыст æруромын у Парламенты кæройнаг мадзал. Уый у нормалон реакци, раст уынаффæтæ ист куынæ фæцæуынц, уæд».

Фембæлды кæрон паддзахады сæргълæууæг ноджы иу хатт æрсидт депутаттæм, цæмæй банхъæлмæ кæсой фæдагуырды фæстиуджытæм, кæцытæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, нæ адаргъ уыдзысты æмæ зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, хицауиуæгады æппæт къабæзтæ дæр хъуамæ пайда кæной æрмæстдæр закъонон методтæй быцæудзинæдтæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй. Уый бахатыд депутаттæм, цæмæй йын æркæсой йæ фæндонмæ Конституцион тæрхондон саразыны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.