Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент 5 апрелы йæхимæ райста абхазаг делегаци Культурæйы министр Даур Ковейы сæргълæудæй. Уыдон Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты Абхазы Культурæйы бонтæ равдисынмæ.

Уый æхсызгонæй загъта,  æфсымæрон абхазаг уазджытæ Хуссар Ирыстоны сæ культурæ кæй равдисдзысты, уый тыххæй. Банысан кодта æхсæнкультурон æмархайды ахсджиагдзинад.

«Нæ адæмтæ иумæ, кæрæдзимæ æххуысы уæхск фæдаргæйæ, уæззау фæндæгтыл рацыдысты. Абхазы фыдыбæстæйон хæсты хайад растой ирон адæмы минæвæрттæ дæр, уыдонæй бирæтæ хорзæхджын æрцыдысты Абхазы бæстæйы уæлдæр хорзæхæй. Уыдоны ‘хсæн, хъыгагæн, ис сæ амæлæты фæстæ хорзæхджын чи æрцыд, ахæмтæ.

Нæ иумæйаг истори у, æмæ нæ адæмтæ кæрæдзиимæ баст сты, ис нын иу хъысмæт. Æмæ махмæ цы фыдæвзарæнтæ æрхаудта, уыдон иумæ рацыдыстæм, нæ къухты иумæ бафтыд нæ бæстæты хæдбардзинады банымад æмæ абон нæ стратегион партнер Уæрæсейы Федерацийы руаджы размæ цæуæм æмæ дарддæр рæзæм», – банысан кодта Гаглойты Алан.

Мах кæд хъуыды кодтам, æппæтдæр фæстейæ баззад, нæ фыдæвзарæнтæй ирвæзт стæм, зæгъгæ, уæддæр афтæ нæ рауад. Радон хатт та нæ бахъуыд уæрæсейаг бирæнацион адæмимæ иумæ нæ истори æмæ æргъадтæ хъахъхъæнын Донбассы зæххыл. Уæлахизыл дызæрдыг нæ кæнæм, æнæмæнг нæ къухты бафтдзæн.

«Æхсызгон у уый, æмæ ахæм вазыгджын уавæрты рæстæг кæй ссарæм æмæ кæрæдзимæ кæй цæуæм бæрæгбоны дæр æмæ хуымæтæг рæстæджы дæр», – банысан кодта Гаглойты Алан.

Абон Республикæ Абхазы президент йæ юбилей кæй нысан кæны, уый цытæн бæстæйы сæргълæууæг бахатыд, цæмæй йæм фæхæццæ кæной арфæйы ныхæстæ йæ райгуырæн боны цытæн. Абхазы адæмæн та йæ цæст бауарзта сабырдзинад, дидинæфтыд æмæ хæлардзинады фæндиæгтæ.

Абхазы Культурæйы министр Даур Ковейы цæст Хуссар Ирыстоны адæмæн бауарзта хæрзиуджытæ æмæ размæцыды фæндиæгтæ. «Махæн ныртæккæ ахсджиаг уый у, æмæ нын фадат кæй ис æфсымæрон республикæйы уæвынæн, цæмæй нæ культурæйы чысыл хай равдисæм æгас Хуссар Ирыстоны адæмæн».

Даур Кове бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны культурæйы министр Зæгъойты Радмилæйæн, уый руаджы, сын фадат кæй фæцис Хуссар Ирыстоны Абхазы Культурæйы бонтæ сорганизаци кæнынæн, уый тыххæй.

«Мах дæр æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсæм не ‘фсымæрон коллективты æрцыдмæ Абхазы Республикæмæ. Мах ноджыдæр ныфс ис Культурæйы бонтæ æмæ æндæр мадзæлттæ кæй æрхæсдзысты бирæ позитивон фæзындтытæ нæ ахасты-тæн», – банысан кодта уый.

Къæбулты Марина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.