Ацы бонты Дзауы районы 18 бинонтæн арфæйы ныхæстæ кæнынц сæ хиуæттæ æмæ æввахс адæм сæ бæллиц кæй сæххæст, ног хæдзæртты хицæуттæ кæй баисты, уый сæраппонд.

2-æм апрелы Дзауы районы цытджын æгъдауæй байгом ивгъуыд аз санатори «Дзау»-ы фарсмæ цы æртæуæладзыгон цæрæнхæдзар сарæзтой, уый æмæ 18 бинонтæн сæ къухтæм радтой сæ ног фатерты дæгъæлтæ. Ацы хъуыддаджы æмбæлон куыст бакодта, райадминистраци цы сæрма-гонд къамис сарæзта, уый. Цы бирæ куырдиæттæ сæм уыдис, уыдонæй æвзæрст æрцыдысты иууыл тыхстдæр бинонтæ. Ныр уыдонæн сæ зæрдæтæ райынц, цин кæнынц сæ ног хæдзæрттыл æмæ пълæнттæ кæнынц сæ дарддæры цардæн.

Ногарæзт хæдзар байгом кæныны цытджын церемонийы хайад райстой Дзауы районы администрацийы разамынад Джиоты Андрейы сæргълæудæй, афтæ ма хæдзары арæзтадæн чи разамынд кодта, уыцы подрядон Козаты Игорь æмæ ацы бæрæгбонмæ æнæрхъæцæй чи æнхъæлмæ каст, бонтæ чи нымадта, уыцы ног фатерты хицæуттæ.

Цытджын церемонийы цытæн ног фатерты хицæуттæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой районы хистæр лæгтæ. Уыдон ирон æгъдаумæ гæсгæ æртæ уæливых æмæ дзаггарзимæ сæмбæлдысты, стыр цины æнкъарæнтæй йемыдзаг кæй зæрдæтæ уыдысты, уыцы бинонтыл. Сæ циныл уыдон дæр кæй цин кæнынц æмæ хæрзиуæгон хъуыддаг кæй у, уый равдыстой сæ арфæты. Джиоты Андрей бузныджы ны-хæстæ загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Хица-уадæн хæдзар сæ хъусдарды фæрцы хæрзарæзт кæй æрцыд, уый тыххæй. «Абон нæ районы, зæххæнкъуысты фæстæ фыццаг хатт байгом кодтам æртæуæладзыгон цæрæнхæдзар æмæ уый махæн у куыд иумиаг бæрæгбон, афтæ. Дызæрдыггаг нæу, абон 18 бинонтæн сæ зæрдæтæ кæй барухс сты æмæ стыр цины æнкъарæнтимæ кæй æрбацыдысты, уыцы хъуыддаг. Куыд администрацийы сæргълæууæг, афтæ мæ бузныджы ныхæстæ фæнды зæгъын нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли æмæ Хицауадæн, ацы хæдзар сæ уынаффæмæ гæсгæ кæй æрцыд арæзт, уый тыххæй. Бузныг ма мæ фæнды зæгъын Уæрæсейы Федерацийæн лæмбынæг хъусдард нæм кæй здахынц æмæ нын æппынæдзух кæй æххуыс кæнынц, уый сæраппонд. Сымахæн та, зынаргъ цæрджытæ, мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй уæ ног хæдзæртты уа фарн. Амондджынæй æмæ сæ æнæнизæй цæрут, уæ зæрдæтæ куыд рухс кæной, афтæмæй. Мах дæр уын цин кæнæм уæ цины хъуыддагыл, уымæн æмæ нæ районы ног хæдзарæй ныр кæлдзæнис бирæ рухсытæ. Уымæн та ис егъау нысаниуæг æмæ уæ къахæрбайстимæ фæдзæхст ут стыр Хуыцауæй», – цины æнкъарæнтимæ банысан кодта Джиоты Андрей. Уый ма йæ раныхасы æрхъуыды кодта корпусы аразджыты дæр, кæцытæ цæсгомджынæй æххæст кодтой сæ куыст æмæ сын загъта бузныджы ныхæстæ.

Цытджын арфæты фæстæ сырх лентæ алыг кæныны церемонийы хайад райстой Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей йæ хæдивæг Хъоцыты Мендик æмæ арæзтадон фирмæ ООО «Шанс»-ы разамонæг Козаты Игорь. Уый фæстæ æрæмбырдуæвджытæ цингæнгæйæ азылдысты æмæ федтой сæ ног фатерты.

Бæстыхай арæзт æрцыд нырыккон домæнтæм гæсгæ æмæ дзы цæрынæн ис æппæт уавæртæ дæр. Йæ кæрт дæр у хæрзарæзт æмæ хæрзæфснайд. Фатертæ се ‘ппæт дæр сты дыууæхатæнонтæ æмæ 60 квадратон метрæй фылдæры бæрц та сты сæ цæрæнфæзуæттæ. Ног цæрджытæ сæ фатертæй баззадысты тынг райгондæй æмæ сæ цины тæлмæнтæ дих кодтой кæрæдзийæн. Уыдон ацы фатертæм æнхъæлмæ кастысты бирæ рæстæджы æмæ ныр сæ цинæн кæрон нал ис. Уыцы амонд бахудт Гаглойты бинонтæм дæр. Уыдон хъомыл кæнынц æхсæз сывæллоны æмæ нырмæ цардысты кæйдæр хæдзары. Уымæ гæсгæ сæ проблемæйы фæдыл бахатыдысты районы администрацимæ, цæмæй сын баххуыс кæной цæрæн-уатæй. Æмæ ныр дæгъæлтæ сæ къухтæм куы райстой, уæд сæхи банымадтой амондджыныл æмæ стыр бузныджы ныхæстæ зæгъынц, сæ хъуыддагмæ сын æмбаргæ ахаст чи равдыста æмæ сæ уавæры чи бацыд, æппæт уыдонæн, сæрмагондæй та нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн.

Цæрæнуатон проблемæ ма уыд Цхуырбаты бинонтæн дæр. Сæ чындз Галуанты Зæлинæ дæр ног фатеры хицау кæй бацис, уый тыххæй йæ цины æнкъарæнтæ дих кæны махимæ. Уый дæр тынг райгондæй баззад йæ фатерæй. «Нырма дæр мæ нæ уырны, ахæм хорз фатеры хицау бадæн, уый. Иууылдæр баззадыстæм райгондæй æмæ цин кæнæм не стыр циныл. Æнæаргъæй дæ ныры рæстæджы хæдзар фæуа, уый кæуылты хъуыддаг у. Абон мæ ног сыхæгты куы федтон, уæд бамбæрстон иу хъуыддаг, фатертæ рæстæй æмæ æмбæлонæй уæрст кæй æрцыдысты адæмыл, уый. Ныр мæ уырны, мах хуызæн æххуысхъуаг бинонтæм нæ Президент Бибылты Анатоли æмæ Хицауады æрдыгæй хъусдард здæхт кæй цæуы æмæ нын кæй æххуыс кæнынц. Æз абон куыд цин кæнын, уымæн зæгъæн дæр нæй. Мæ цин æмæ мын мæ зæрдæйыуаг бамбардзысты, мæ уавæры чи уыдис æмæ сæ проблемæтæ скъуыддзаг кæмæн æрцыдысты, уыдон. Уый стыр хæрзи-уæгон хъуыддаг у æмæ абон æз стыр бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ зæгъын нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли-йæн, сæрмагонд къамисæн æмæ стыр Уæрæсейæн», – арфæ кæны ног фатеры хицау.

Джиоты Андрей ма нын куыд радзырдта, афтæмæй ацы æртæуæладзыгон хæдзар æвæрд æрцыд Дзауы районы администрацийы балансыл æмæ йæм сæ хъус дардзысты. «Цыдæриддæр дзы куыстытæ уа, уыдон сын æххæст кæндзысты районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ», – зæгъы администрацийы сæргълæууæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.