26-æм октябры 44 азы сæххæст уыдаид 58-æм армийы æфсæддон, хъайтарон дзæуджыхъæуккаг фистæг æфсады хæстон, Хъæбатырдзинады ордены кавалер (йæ амæлæты фæстæ) Бураты Фидар Нодары фырты райгуырдыл.

Хæстон архæйдтыты ветеран Бураты Фидар 2008 азы августы хайад иста Хуссар Ирыстоны адæмы бахъахъхъæныны æмæ Гуырдзыстоны тыхæй сабырадмæ æркæныны фæдыл хæстон операцийы. Афтæ ма уыд Цæгат Кавказы контртеррористон операцийы хайадисæг, сæрмагонд хæстæ æххæст кодта Сириаг Арабаг Республикæйы.

Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг сахаттæй фæстæмæ тох кодта Херсоны æмæ Запоржейы здæхтыты 58-æм армийы къорды Дзæуджыхъæуы фистæг æфсады сконды. Уыд БМП-3 механик-шофыр.

Хъайтары цард аскъуыд Запорожьейы областы горæт Василевкайы штурм кæныны рæстæджы. Уый фыццаг рæнхъыты скъæрдта командирон хæстон машинæ, æмæ йæ спырх кодтой. Æнæ фыдæй баззадысты цыппар сывæллоны, кæстæрыл уыцы рæстæджы цыд æрмæстдæр 4 мæйы…

Фидары тыххæй йæ сыхæгтæ, йæ зонгæтæ иууылдæр дзурынц, зæгъгæ, уыд тынг зæрдæхæлар адæймаг. Хъæлдзæгзæрдæ Фидар-иу йæхæдæг дзырдта: «Гæнæн ис æхцатæй баххуыс кæнын алкæмæн мæ бон куы нæ суа, уæд уæнгдыхæй баххуыс кæндзынæн». Кæддæриддæр  цæттæ уыд йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кæнынмæ. Йæ уарзон цардæмбал ын балæвар кодта цыппар фырты. «Нæ базонгæйæ æрдæг азы фæстæ нæ цард баиу кодтам. Цардыстæм хъæрмудæй, æнгомæй. Аудыдта йæ хъæбултыл. Сæ фыд куы фæмард, уæд Вадимыл цыд 13 азы, Асланыл – 9, Арсæмæгыл – 3 азы æмæ иууыл кæстæрыл та – 4 мæйы», – дзуры Фидары цардæмбал Тедеты Наталья.

Уæрæсейы арæнтæм нацизм куы æрбахæццæ, уæд Фидар тагъдыл хæрзбон загъта йæ бинонтæн æмæ ацыд æнусмæ… 58-æм армийы æфсæддон службæгæнæг, профессионалон хæстон 15-æм марты хъæбатырæй фæмард нацистты ныхмæ карз тохы æмæ афтæмæй йæ царды аргъæй бахъахъхъæдта йæ адæмы æмæ паддзахады интерестæ. 42-аздзыд Бураты Фидары Ирыстоны дзыллæ йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кодтой 24-æм марты.

Йæ мад Азæйы нæ уырныдта йæ уарзон хъæбулы амæлæт: «Куыстæй æрбацыдтæн. Кæсын æмæ нæ кæрты лæппутæ лæууынц. Æз сæ бафарстон, цы æрцыдис, зæгъгæ? Сæ сæртæ бынмæ æруагътой, афтæмæй мын загътой, зæгъгæ, дын дæ фырты ссардтой, уый фæмард. Мæ хъæбулы мын хæдзармæ æрбаластой цинкæй чырыны экспертизæты фæстæ. Æнæхъæн мæй мах  ницы зыдтам, фæлæ нæ ныфс уыди сæрæгас кæй у. Фидар хæцыд Цæцæны, Сирийы, Хуссар Ирыстоны хæстон операциты, службæ кодта Мæздæджы. Æмæ-иу алыхатт дæр сæрæгасæй æрбаздæхт йæ хæдзармæ. Контрактонæй службæ кæнынмæ куы бацыд, уæд ыл цыд 27 азы. Æхсызгон мын нæ уыд, фæлæ йын уый хыгъд уыдис стабилон куыст. Бинонты та  дарын хъуыд», – цæссыгкалгæйæ дзуры хъайтары мад  Азæ.

 

Æз дæр æфсæддон уыдзынæн

Фидары портрет æмæ йæ хорзæх – Хъæбатырдзинады орден ныр сты йæ фыртты цæстыты раз. Уыдон зонынц, УФ-йы президенты барамындæй сæ хъæбатыр фыд сæрмагонд æфсæддон операцийы равдисгæ æхсардзинад æмæ удуæлдайдзинады тыххæй хорзæхджын кæй æрцыд орденæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг сæрыстыр дзы сты. 9-аздзыд Аслан бæллы æфсæддон суæвынмæ: «Мæ фыд мын алыхатт дæр дзырдта, цæмæй мæхи хорз дарон. Сыстыр уыдзынæн æмæ æз дæр мæ фыдау суыдзынæн æфсæддон».

«Ивгъуыд аз 15 азы сæххæст нæ цард куы баиу кодтам, уыцы боныл. Фæлæ, уымæй иу боны размæ фехъуыстам йæ амæлæты хабар. Кæй зæгъын æй хъæуы, сидзæрты дарын мын тынг зын у æнæ сæ дарæгæй. Фæлæ фæзынд Хуыцауы сконд адæймаг, хæрзаудæг æмæ меценат Лалыты Лев. Уый мæ хъæбултæн балæууыд æвджиддарæй æмæ нæм йæ хъус дары, алыварсон æххуыс нын кæны. Дыууæ хистæры систы Суворовы номыл æфсæддон ахуыргæнæндоны курсанттæ», – радзырдта Тедеты Наталья.

Рæнхъон Бураты Фидары æнусон бынат сси Дзæуджыхъæуы Скæсæн уæлмæрды Хъайтарты Аллейæ фæмардуæвæг экипажы номыл сæ хæстон æмбæлттæ Запорожьейы областы сæвæрдтой уникалон мемориал. Æмæ уыцы бынат у Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты æфсымæрдзинады символ.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.