Æфсæддон уацхæссæг Мамсыраты Георги (Ксанти) куыд хъусын кæны, афтæмæй Запорожьейы здæхты дæргъвæтин карз тохты фæстиуæгæн ныхмæлæууæг фæстæмæ лæууын райдыдта. Батальон «Алани»-йы дыууæ штурмон къорды цыдысты знæгты фæдыл. Фæндагыл хæстонты  машинæтæй иу спырх фугасыл. Дыккаг срæмыгъдæй тас кæй уыд, уымæ нæкæсгæйæ, хæстонты дыккаг къорд экстренон æххуыс бакодта æмæ райдыдта цæфты эвакуаци кæнын. Афтæмæй мæлæтæй аирвæзтысты нæ лæппуты фылдæр хай.

Цъæхилты Мурат

12 январы Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы æфсæддон хæс æххæст кæныны рæстæджы хъæбатырæй фæмард батальон «Алани»-йы хæстон Цъæхилты Мурат Русланы фырт. Ацы тохы ма фæмард сты Туаты Эльбрус æмæ Джыгкайты Георги. Агънаты Давид та фæстæдæр амард госпиталы.

Уалыты Георги

Екатеринбургы æфсæддон госпиталы цардæй ахицæн дзæуджыхъæуккаг  Уалыты Георги. Хайад иста Сæрмагонд æфсæддон операцийы æмæ карз тохы уæззау цæф фæцис. Георгийыл цыдис æрмæстдæр 21 азы.

Джыгкайты Георги

12 январы Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатырæй фæмард батальон «Алани»-йы хæстон, 1977 азы гуырд Джыгкайты Георги Никъалайы фырт.

Агънаты Давид

Цæгатирыстойнаг, батальон «Алани»-йы хæстон Агънаты Давид амард госпиталы. Фæцæфис 12 январы Запорожьейы здæхты. «Стыр хъынцъымимæ хъусын кæнæм, Агънаты Давид госпиталы кæй амард, уый тыххæй. Мах уырныдта, диссаг кæй æрцæудзæн æмæ куывтам нæ хæстон æмбалы тыххæй, фæлæ… Хæстон уæвын нысан кæны æнусон цард!», – дзырдæуы батальонтæ «Алани» æмæ «Осетия»-йы телеграм-каналты.

Дзансолты Марат

Сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмард ноджы иу ирон хæстон – Дзансолты Марат. Райгуырд 1985 азы. Фæмард 2022 азы 30 декабры. Рухсаг у!

Бæзаты Анатоли

Йе ‘фсæддон хæс æххæст кæныны рæстæджы хъæбатырæй фæмард мобилизацигонд, Змейскаяйы станицæйы цæрæг Бæзаты Анатоли Юрийы фырт. Æфсæддон службæгæнæгыл цыд 42 азы, баззад ын æртæ сывæллоны. «РЦИ-Аланийы цæрæг хæцыд Запорожьейы фронты. Цардæй ахицæн 2023 азы 2-æм январы.  31 декабры фронты раззаг хаххæй йæ фæстаг аудиоафысты дзырдта йæ хæларæн: «… Тынг нæ æхсынц,  афтæ æввахс нæм æрхауынц снарядтæ æмæ цъыф ныхъуырæм. Ныр дæр мæ дзаумæттæ цъыфы бын фесты, цы сæ фæкæнон, уый нæ зонын. Бæласыл сæ æрцауындзын æмæ сæ пæлæз-цатырæй бамбæрзын, цæмæй ма хуылыдз кæной, снарядтæй мæ дзаумæттæ иууылдæр ныхуынчъытæ сты. Афтæ æввахс хауынц æмæ цъыфæй байдзаг вæййынц нæ акъоппытæ дæр…».  Анатоли йæ амæлæты фæстæ бавдыст æрцыд бæрзонд паддзахадон хорзæхмæ. Æнусон кад дæуæн!

Туаты Эльбрус

12-æм январы Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы йæ хæстон хæс æххæст кæныны рæстæджы хъæбатырæй фæмард батальон «Алани»-йы хæстон Туаты Эльбрус Барисы фырт, 1979 азы гуырд. Рухсаг у!

Гусаты Дмитри

Цæгат Ирыстоны горæт Мæздæджы цæрæг, йæ Райгуырæн бæстæйы аккаг фырт Гусаты Дмитри хъæбатырæй фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы. Цыдис ыл 35 азы.

Гæззаты Давид

Сæрмагонд æфсæддон операцийы хисæрмагонд æфсæддон компани «Вагнер»-ы сконды йе ‘фсæддон хæс æххæст кæныны рæстæджы 2022 азы 27-æм октябры фæмард Гæззаты Давид.  Цыдис ыл 23 азы. Рухсаг у!

Татраты Руслан

РЦИ-Аланийы Горæтгæрон районы Ног Бæтæхъойы хъæуы цæрæг Татраты Руслан хъæбатырæй фæмард 2022 азы 12 декабры Артемовскы (Бахмут) карз тохы рæстæджы. Цыдис ыл 26 азы. Хæстоны йæ фæстаг фæндагыл афæндæраст кодтой 19 январы.

Багаты Эмзар

Цæгат Ирыстоны Южныйы поселочы цæрæг, матрос Багаты Эмзар Гурамы фырт хъæбатырæй фæмард 2023 азы 2 январы. Цыдис ыл 44 азы. Хæстонæн баззадис дыууæ сывæллоны. Йæ фæстаг фæндагыл æй афæндæраст кодтой 15 январы.

Калоты Солтан

21 январы  Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы йе ‘фсæддон хæс æххæст кæныны рæстæджы фæмард Цæгат Ирыстоны цæрæг Калоты Солтан Алыксандры фырт. Солтаныл цыдис 28 азы.

Гуытъиаты Сослан

РЦИ-Аланийы Горæтгæрон районы Чермены хъæуы цæрæг Гуытъиаты Сослан фæмард Сæрмагонд æфсæддон операцийы. Цыдис ыл 45 азы. Баззад ын дыууæ сывæллоны. Рухсаг у!

Нæ уацх.