Дзæуджыхъæуы йе ‘нусон фæндагыд афæндараст кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны УФ-йы фыццаг Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Къарджиаты Эльбрусы.

Фыдохы церемонимæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны делегаци Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, Цæгат Ирыстоны хицауады органты минæвæрттæ, æхсæнады архайджытæ, дыууæ республикæйы цæрæг мингай адæймæгтæ.

Фыдохы панихидæ уагъд æрцыд, дипломат цы хæдзары цард, уым.

Къарджиаты Эльбрусы тыххæй, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн йæ цæсгомджын архайды тыххæй загъд æрцыд бирæ хорз ныхæстæ.

Дипломаты бинонтæн æмæ йе ‘ввахс хиуæттæн мæсæллæйы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны паддзахады сæргълæууæг.

«Эльбрус Хъаныхъойы фырт  махæн уыд æмгар æмæ ахуыргæнæг, уыд ахæм адæймаг, кæцы æнæмæнгхъæуæг рæстæджы æрбалæууыдаид  дæ фарсмæ, раст фæндаг дын бацамыдтаид æмæ сарæзтаид æппæт дæр, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны раз цы фарстытæ æвæрд цыд, уыдон скъуыддзаг цыдаиккой. Уый бирæ сарæзта, цæмæй Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы ‘хсæн ахастытæ уæлдæр æмвæзадмæ сырæзтаиккой. Эльбрус Хъаныхъойы фырт уыд интеллигент, йæ хъуыддаджы профессионал æмæ патриот, кæцы йæ зæрдæмæ иста РХИ-йы æмбæстæгты проблемæтæ, зыдта уыдонмæ хъусын æмæ сæ скъуыддзаг кæнын. Æппæт уыдæттæ йын Хуссар Ирыстоны цæрджты ‘хсæн скодтой стыр кад.

Эльбрус Хъаныхъойы фырт æнустæм баззайдзæн нæ зæрдæты», – загъта Бибылты Анатоли.

Афтæ ма каст æрцыд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы тел, кæцы дипломаты схуыдта Ирыстоны аккаг фырт, стыр хайбавæрд бахаста УФ-йы æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн æмгуыстад сфидар кæныны хъуыддагмæ.

«Йæ бирæазон профессионалон архайд алы хатт дæр уыдзæн йæ адæмы интерестæн цæсгомджынæй лæггад кæныны цæвиттон, æппæт нæ бирæнацион Фыдыбæстæйæн», – загъта Битарты Вячеслав.

Мæсæллæйы ныхæстæ ма Къарджиаты Эльрусы бинонтæ æмæ æввахс хиуæттæн загъта РХИ-йы УФ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.

«Эльбрус Хъаныхъойы фырт дипломаттæн сарæзта серьезон базæ, кæцытæ йын йæ куыст дарддæр кæнынц Хуссар Ирыстоны. Уæрæсейы къухдариуæгад стыр аргъ кодта йæ куыстæн», – банысан кодта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.