Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик раарфæ кодта Михаил Мишустинæн, УФ-йы Хицауады Сæрдары бынатмæ нысан кæй æрцыд, уый тыххæй.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Михаил Владимиры фырт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады номæй дын зæрдиаг арфæ кæнын, УФ-йы Хицауады Сæрдары бынатмæ нысан кæй æрцыдтæ, уый цытæн.

Ныфс мæ ис, къухдариуæггæнæг бынæтты куысты фæлтæрддзинад, профессионализм, нысанмæ тырнындзинад æмæ куыстуарзондзинад дарддæр дæр кæй ахъаз кæндзысты УФ-йы социалон-экономикон потенциал сфидар кæнынæн, æмæ махæн та иумæйаг тыхтæй нæ бон кæй суыдзæн æмцæдисон æмархайд фæхъæздыгдæр кæнын æмæ ног импульс ратдын нæ бæстæты ‘хсæн алыварсон æмгуыстадæн, кæцы бындуриуæг кæны хæлардзинад, кæрæдзийæн аргъ кæнын æмæ æууæнчы традицитыл.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Михаил Владимиры фырт, æнæниздзинад, фæрныгад æмæ æнтыстытæ дæ бæрнон архайды Уæрæсейы паддзахады хæрзиуæгæн».

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик бузныджы ныхæстæ загъта УФ-йы раздæры премьер-министр Дмитри Медведевæн æнтыстджын æмгуыстады тыххæй.

«Цытджын Дмитри Анатолийы фырт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады номæй дын зæгъын стыр бузныг бирæ азты дæргъы æнтыстджын æмгуыстады тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны банымад, кæцы ссис хъысмæтскъуыддзаггæнæн нæ адæмæн, æмæ дарддæр дæр де стыр æххуысæй ды ахъаз кодтай нæ паддзахаддзинад сæндидзын кæнынæн, ног импульс радтай республикæйы социалон-экономикон рæзтæн.

Мах æууæндæм, не ‘хсæн цы хъуыддагон æмæ хæларадон ахастытæ æрбæстон сты, уыдон хъахъхъæд кæй цæудзысты, кæй нæ фесæфдзысты, æмæ нæ ныфс ис, дарддæр кæй кæндзæн кæрæдзийæн пайдахæссæг æмгуыстад.

Мæ цæст дын уарзы дарддæры æнтысгæ архайд, ног æнтыстытæ, æппæт фæндтæ дæр æнтыстджынæй сæххæст кæнын», – дзырдæуы телы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.