17-æм июны фæстаг дзæнгæрæг айзæлыд Знауыры астæуккаг скъолайы аст рауагъдонæн. Ацы ахуыры азы фæстаг дзæнгæрæг кæд дзæвгар афæстиат коронавирусы пандемийы аххосæй, уæддæр скъолайы къухдариуæгад директор Хуыгаты Валя æмæ организатор Гобозты Циурийы сæргълæудæй бацархайдтой сæ рауагъдонтæн бæрæгбонон мадзал сорганизаци кæныныл. Мадзал уагъд æрцыд скъолайы кæрты, кæцы уыд  бæрæгбонвæлыст. Раугъдонтæн сæ ахуыргæнджытæ дзырдтой фæндарастгæнæн арфæйы ныхæстæ.

 Мадзалмæ фæуазæг сты РХИ-йы геологи, экологи æмæ æрдзæй пайда кæныны фæдыл комитеты сæрдар Бестауты Бала, РХИ-йы Парламенты депутат Гæбæраты Инал, Знауыры районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Пухаты Аллæ, ацы районы администрацийы ахуыры хайы сæргълæууæг Гæбæраты Эльвирæ. Бæрæгбонон мадзал байгом кодта скъолайы директор Хуыгаты Валя. Уый зæрдæбын арфæтæ ракодта уал азы дæргъы йын хи хъæбулты хуызæн чи систы, уыцы аст рауагъдонæн.

Мадзалы ма раныхас кодтой æмæ рауагъдонтæн арфæ ракодтой Бестауты Бала, Пухаты Аллæ, Гæбæраты Эльвирæ. Рауагъдонты ныййарджыты номæй цытджын линейкæйы раныхас кодтой Сиукъаты Альмæ æмæ Икъоты Инал. 1-æм къласы ахуырдзаутæ рауагъдонтæн бакастысты æмдзæвгæтæ, балæвар сын кодтой дидинджытæ. Сæ рады сын рауагъдонтæ та фыццагкъласонтæн балæвар кодтой  сывæллæтты чингуытæ. Рауагъдонтæн конверты лæвæрттæ æрбарвыста меценат, ацы скъолайы рауагъдон Гобозты Алан.

Цытджын линейкæйы кæрон рауагъдонтæн айхъуыст фæстаг дзæнгæрæг.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.