Цин кæнæм. Нæ ахуыр куыд у, афтæ – алцæуыл дæр. Цин кæнæм, ирон адæм, уæлдайдæр, æрыгон фæлтæр нæ рагфыдæлты монон æргъадтæм се ‘ргом тынгдæр здахын кæй райдыдтой, сæ фыдæлты кувæндæттæм сæхи фæдзæхсынмæ арæхдæр кæй райдыдтой цæуын, ууыл. Фыдæлтæй нын цы баззад, уыдон мах дæр хъуамæ æххæст кæнæм, уыдон сæ куыд æххæст кодтой, афтæ, цæмæй сæ фидæны фæлтæртæм адæттæм, нæ размæ сæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ куыд лæвæрдтой, афтæ.

Зын зæгъæн у, советон системæ фылдæр рæстæг куы ахастаид, уæд куыд уыдаид сæ уавæр нæ рухс кувæндæттæн… Хорз æй хъуыды кæнæм, партийы уæнг чи уыд, ахæмтæ дзуарыбонты сæ фыдæлты кувæндæтты бынмæ цæуын куыд нæ уæндыдысты, уый. Бирæтæ-иу дзуармæ сæхи фæдзæхсынмæ цыдысты къуырийы фæстæ, ома, йе ‘рвитæн бон. Ахæм бар лæвæрд уыд партион хицæутты ‘рдыгæй. Цы уыд уый – цинизм æви дзуæртты фыдæхæй тæрсын?.. Куыдфæнды ма уа, уæддæр æнæсæрфатдзинад уыдис. Дзуармæ фæнды йæ боны ссу, фæнды – йе ‘рвитæн бон, уымæй коммунистон партийы идеологийæн цы хъауджыдæр уыд? Бынтондæр – ницы. Уæдæ ма цы, цæмæн хъуыдысты ахæм уæлдай æмæ æнæхъуаджы митæ? Чизоны, уыцы идеологийæн йæ нысан уый уыд, цæмæй ахæм ницы-мацытæй адæм сзæрдæцъæх уой æмæ бынтондæр сисой сæ къух дзуæрттæм сæхи фæдзæхсынмæ цæуыныл?..

Ныр ничиуал æмæ ницыуал иргъæвы адæмы сæ зæдтæ æмæ сæ кувæндæттæн табу кæнынæй. Раздæры азты кæд Ирыстоны хуссар хайы адæм бирæ фылдæр цард, уæддæр нæ дзуæртты бынмæ, уæлдайдæр сæ кувæн бонты бирæ фылдæр адæм æрæмбырд вæййы, раздæры рæстæгимæ абаргæйæ.

Хъæуы уый тыххæй цин кæнын? Хъæуы, куыдфæндыйæ дæр æхсызгон хъуыддаг у. Фæлæ, раздæры рæстæгимæ абаргæйæ, ныр та æндæр цæуылдæр риссы зæрдæ, æндæр цыдæр æнад кæны уыцы цин… Раздæр адæм кувæндæттæм цыдысты сæхи фæдзæхсынмæ, ныр та – хæрын æмæ нуазынмæ… Æмæ кæд раджы заманы хъазгæйæ æви традицимæ гæсгæ дзырдтой: «Зæдтæ-дауджытæ – гуыбынрæвдауджытæ», уæд ныр та уыцы æмбарынад æцæгдзинадмæ рахызт. Раздæр алы кувæндонæн дæр уыдис дзуары лæг. Куывддон адæмæй-иу алкæй дæр бафæдзæхста йæ зæдыхайыл, уый-иу сын скуывта сæ куви-нæгтæй. Ныр алчи дæр скувæг кæны йæхи æмæ бæстæ сæмтъеры вæййы, адæмы дзогъло-могълойæ хъустæ къуырма кæнын райдайынц, кæддæр хъæрæй ныхас скæнын дæр кæм нæ фæччыдис, уыцы уаз кувæндæтты. Раздæр чъирикувæджы куывдтытыл кæстæртæ дзырдтой оммен, уæзданæй, хиуылхæцгæйæ, курыны, лæгъзтæ кæныны хуызы, ныр та? Чи хъæрдæрæй ныоммен кæна, кæй хъыллист дарддæр фехъуыса, ууыл ерысы бацæуынц…

Стæй табуйаг бынатмæ сæхи фæдзæхсынмæ, æгъдау æххæст кæнынмæ кæй ссæуынц, уый бирæтæй ферох вæййы дыууæ-æртæ куывды фæстæ. Хуыцаумæ, дзуармæ цы æртæ кæрдзынæй скувынц, уыдоны уæлхъус бадгæйæ, бирæтæ æлгъитын дæр райдайынц. Æмæ уый цы у, уый ма цæй дзуармæ цыд у, уæд ма йæм цæмæн кувыс, кæд дзы æфсæрмы дæр нæ кæнынс, уæд? Кæд дæм афтæ кæсы, æмæ дын дæ куывд хъусы, уæд дын де лгъитын нæ фехъусдзæн, къуырма у?..

 Дзуармæ цæуын, дзуары бын бадын чындзæхсæв кæнæ банкет нæу, æмбисæхсæвтæм бадын æмæ нуазын дзы нæ фидауы, не ‘мбæлы, нæ фæччы. Алцæмæн дæр йæхи фæтк æмæ æгъдау ис. Нæ фыдæлтæ дзуармæ сæхи фæдзæхсынмæ ссæугæйæ, алы хатт дæр зыдтой бæрц, цал куывды ракæнын уыдис гæнæн, уый. Ныр та, фырбадынмондагæй ма цæмæн æмæ кæмæн ракувой, уый дæр нал фæзонынц, бирæ хатт европæйаг хæлд зарджытæ æмæ музыкæмæ сæхи тилынæй дæр нал фефсæдынц. Нæ уаз кувæндæтты бын!

Кæй сæм цæуæм, кæй сын табу кæ-нæм, уый хорз у, фæлæ, уæуу – уыцы цыд, уæуу – ахæм табу… Æмæ нын ахæм уæлæнгай æмæ куыдфæндыйы бынаты кæй сты, уымæй сæ нæхиуыл ардауæм… Нæ Тæхгæ-нæргæ Уастырджийы кæйдæр Святой Георгий хонын райдыдтам, нæ зæдтæ æмæ нæ дауджытæм та – гуыбын-рæвдауыны цæстæй кæсын! Æмæ сæ стæй хъаст кæнынмæ фæвæййæм, нæ хъуыддæгтæ куы ныссуйтæ вæй-йынц, уæд…

Уымæй диссагдæр та, нæ иумæйаг уаз бæрæгбонты уынгты, тротуарты æмвæзадмæ кæй æрæппæрстам, уый у… Горæты уынгты, тротуартыл ацы Дауджытæм кувæн бон бадгæ æмæ нуазгæ никæй федтат? Уал амонды уын Хуыцау куы радтид! Дауджытæ, дам, нысан кæнæм… Æмæ дауджытæм, асфальты хъæбæрыл бадгæйæ, æлгъитгæ æмæ æнæфсарм анекдоттæ дзургæйæ, кувгæ у, æндæр аккаг нын не сты?.. Æнæхъæн сых кæнæ æнæхъæн уынг куы кувой дауджытæм, иумæйаг фынг куы æрæвæрой, уæд хъуамæ уынджы сбадой, уæдæ – кæм? Фæлæ иумæйаг фынг æндæр хъуыддаг у. Кæд искæй æмæ искæйты  алкæимæ нæ фæнды дауджытæм скувын, уæд – табуафси, фæхон сæ дæ хæдзармæ кæнæ дæхиуыл къулдуар уæддæр бахгæн… Цалдæр нозтуарзаг лæджы уынджы хъæбæрыл æнцъухой, æмбисæхсæвтæм адæмы фынæй кæнын ма уадзой, стæй сæ фæйнæрдæм сæ къæхтæ зæххыл хафгæ ласой, уый цæй дауджытæм кувын у, уый у ирон фарныл цъыфкъахæй лæгæрдын, дауджытæн сæ хорзæх нæ, сæ фыдæх агурын!.. Уый махмæ хонынц «пьянка» кæнæ – «лотоба»!..

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.