Президент Гаглойты Алан хайд райста Æхсæнадæмон фæсивæдон туристон-патриотон форум «Единый Кавказ»-ы проектон сессийы куысты. Сесси уагъд æрцыд Кæсæг-Балхъары республикæйы – 18 июлæй 21 июлмæ.

Мадзалы хайад райстой Цæгат Кавказы Федералон зылды Уæрæсейы Федерацийы Президенты æххæстбарджын минæвар Юри Чайка, цæгаткавказаг республикæты сæргълæуджытæ.

Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ банысан кодта форумы нысаниуæг.

«Абон стыр хъусдард здæхт цæуы æхсæннацион æмæ æхсæнконфессионалон кæрæдзиæмбарынады æмæ Кавказы адæмты иудзинад сфидар кæныны фарстатæм. Уымæ гæсгæ ацы мадзал у æмбæстагон-патриотон æмæ æхсæнадон пайдахæссæг фæсивæдон туризмы фадыджы проекттæ аразыны ахсджиаг инструмент – туризмы æмæ уазæгуарзондзинады индустрийы рæзты фæсивæды нысаниуæгыл æруынаффæ кæнын.

Абоны æхсæнадæмон форумы нысаниуæг, йæ программæ æмæ хайадисджыты сконд дзурæг сты йæ интернационалон, сабырад фидаргæнæн характеры тыххæй. Уый у алыгъуызон национ, конфессионалон æмæ этникон къордты ‘хсæн хæларадон ахастытæ сфидар кæныны фадат», – загъта Гаглойты Алан.

Президент мадзал схуыдта ахсджиаг цау, кæцы æрбаиу кодта алыгъуызон бæстæтæ æмæ Уæрæсейы регионтæй курдиатджын, инициативон æмæ хъаруджын æвзонг адæймæгты, кæцыты хъуыд активон куыст, нырыккондзинады актуалон проблемæтыл æруынаффæ кæнын, иумæйаг проекттыл бакусын æмæ сæрмагонд контакттæ сфидар кæнын.

«Форум ссис диалогон фæзуат студентон хæдразамынады рæзты æмæ хъомыладон куысты рæзты фарстаты фæдыл, цыран  хайадисджытæ баконд æрцыдысты агурæн-иртасæн архайдмæ æмæ хæстæ скъуыддзаг кæнынмæ, кæцытæн ис практикон нысаниуæг туризмы фадыджы рæзты.

Æнæ дызæрдыгæй, форумы æппæт хайадисджытæн сæ бон суыдзæн проектон куыстытæ ныббиноныг кæнын, цæмæй райсой фылдæр информаци æмæ фадæттæ хи реализацийæн, профессионалон зонындзинæдты фæлгæтты сæ компетенци фæбæрзонддæр кæнынæн, социалон инициативæтæ сæххæст кæнынæн.

Бузныг зæгъын мæ фæнды организатортæн абоны фембæлды тыххæй. Ныфс мæ ис тагъд рæстæджы ног фембæлдæй фæсивæдон туризм æмæ уазæгуарзондзинады индустрийы рæзты фадыджы кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ бацамоныны тыххæй.

Форумы организатортæн æмæ хайадисджытæн Гаглойты Аланы цæст бауарзта фæрныгад æмæ æппæт снысангонд плæнтты реализаци.

«Цытджын Хъазбег Валерийы фырт, фадатæй пайда кæнгæйæ, дæуæн æмæ Æхсæнадæмон фæсивæдон-туристон-патриотон форум «Единый Кавказ»-ы æппæт организатортæ, хайадисджытæ æмæ уазджытæн мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, æппæт идеятæ æмæ снысангонд плæнтты реализаци», – загъта Президент.

Форумы программæйы уыд алыгъуызон здæхтыты, проектон куыстыты, командæаразæг форматты фæдыл ахуырадон фæзуæттæ, афтæ ма туристон-æмбарынгæнæн программæ.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.