Республикӕ Хуссар Ирыстоны алы уагдӕтты хуыздӕр кусджыты ӕрӕджы паддзахадон хорзӕхтӕй схорзӕхджын кодта бӕстӕйы разамонӕг Гаглойты Алан.  Цытджын церемонийы рӕстӕджы Президенты къухӕй хорзӕхтӕ райстой мидхъуыддӕгты министрады, хъӕууон хӕдзарады ӕмӕ ахуырады фадыджы кусджытӕ, юриспруденци, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны ӕмӕ бӕстӕйы ӕддагполитикон уагдоны кусджытӕ.

Мадзалы хайадисджытӕн паддзахады сӕргълӕууӕг загъта бузныджы ныхӕстӕ республикӕйы рӕзт ӕмӕ ӕндидзынады хъуыддагмӕ сӕ ӕгӕрон хайбавӕрды тыххӕй. Нӕ бӕстӕйы алы министрадтӕ ӕмӕ уагдӕтты, зӕгъгӕ, кусынц ӕмӕ архайынц сӕ хъуыддаджы дӕснытӕ, уыдоныл баст у нӕ Райгуырӕн къуымы райрӕзты ахсджиаг хъуыддаг.

«Уӕ ӕрвылбоны куыст ӕнӕзынд нӕу махӕн. Бӕстӕйы къухдариуӕгад дӕр йӕхирдыгӕй хъуамӕ кад ӕмӕ аргъ кӕна сымах хуызӕн фӕллойгӕнджытӕн, уӕ фарсмӕ балӕууа ӕмӕ уын ӕххуыс кӕна», – банысан кодта Президент.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕймаг куы уына, йӕ куыст ӕмӕ архайдӕн къухдариуӕгады ‘рдыгӕй ӕмбӕлон аргъ цӕуы, уӕд ӕй уый уӕлӕмхас разӕнгард ӕмӕ тырнын кӕны фылдӕр ӕмӕ хуыздӕр аразынмӕ. Уымӕ гӕсгӕ паддзахады хӕс ӕмӕ нысан у, цӕмӕй ӕвзонг специалисттӕн балӕууа сӕ фарсмӕ ӕмӕ сын куыстӕн ӕмбӕлон уавӕртӕ ӕмӕ фадӕттӕ араза.

Бирӕ азты ӕнтыстджын куысты тыххӕй Кады ӕмӕ Хӕлардзинады Ордентӕ, Кадджын нӕмттӕ – «Адӕмон ахуыргӕнӕг», «Зонады сгуыхт архайӕг», «Сгуыхт дохтыр», «Хъӕууон хӕдзарады сгуыхт кусӕг», «Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны сгуыхт кусӕг», «Сгуыхт юрист», барадхъахъхъӕнӕг органты «Булкъоны сӕрмагонд ном» ӕмӕ «Сгуыхт кусӕг»-ы ӕмӕ цытджын грамотатӕй хорзӕхджын ӕрцыдысты мадзалы хайадисджытӕ.

Мадзалы рӕстӕджы сӕрмагондӕй нысан ӕрцыд, Уӕрӕсейы Федераци Украинӕйы цы сӕрмагонд ӕфсӕддон операци уадзы, уым цы ирон лӕппутӕ хайад исынц, уыдоны хъайтардзинад.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕгӕн бузныджы ныхӕстӕ загътой Хуыгаты Илья, Магкоты Эльвирӕ, Зӕгъойты Батрадз.

Ручъы хъӕууон амбулаторийы къухдариуӕггӕнӕг Плиты Алыксандр дӕр стыр бузныджы ныхӕстӕ загъта, хорзӕхы аккаг ӕй кӕй скодтой, уый тыххӕй. Радзырдта йӕ куысты райдиантыл, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлд ӕмӕ цы фыдӕбӕттӕ бавзӕрста, уыдӕттыл. Адӕмы хорзӕхӕй хайджыны фӕндиӕгтӕ бауарзта йӕ цӕст бӕстӕйы сӕргълӕууӕгӕн.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.