1 июлæй 3-æм июлмæ Мæскуыйы уагъд цæуы «Парламентаризмы рæзты» II дунеон форум, цыран хайад исы РХИ-йы Парламенты делегаци спикер Тадтаты Аланы сæргълæудæй. Делегацийы сконды сты РХИ-йы Парламенты Сæрдары хæдивæг Плиты Александр æмæ Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынады фæдыл комитеты сæрдар Габатты Алан.

Ацы аз Форум, кæцы уагъд цæуы Паддзахадон Думæйы инициативæмæ гæсгæ, бабæрæг кæндзысты 132 паддзахадæй минæвæрттæ – 800 онг парламентаритæ æмæ эксперттæ. План цæуы 40 фылдæр национ парламентариты  спикерты хайадист.

Форумы хайадисджытæн раарфæ кæнгæйæ, УФ-йы Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володин банысан кодта нырыккон дунейы æхсæнпарламентон ахастыты æмæ парла-ментон дипломатийы ахсджиагдзинад.

«Парламентаризмы рæзты» II Дунеон форум, кæцы абоны бон æнгом кæны мах, уагъд цæуы дыккаг хатт. Ацы аз хайадисджыты бæрц фæфылдæр ис, ивгъуыд азы Форумы уыд 19 спикеры, ацы аз та – 41. Афтæ ма ивгъуыд азы æрцыдысты 96 бæстæйæ, ацы аз та – 132 бæстæйæ 800 парламентари æмæ эксперттæй фылдæр. Уый ууыл дзурæг у, æмæ Форуммæ цымыдисдзинад кæй фылдæр кæны, уымæн æмæ ацы фæзуаты алкæмæндæр ис бар йæ хъуыдытæ зæгъа æмæ йæ фехъусой», – загъта УФ-йы Паддзахадон Думæйы Сæрдар.

Вячеслав Володин банысан кодта, зæгъгæ, Форумы фæлгæтты цы диалог уыдзæн, уый ахъаз кæндзæн иууыл актуалондæр дунеон æмæ регионалон проблемон фарстытæ скъуыддзаг кæнынæн.

Афтæ ма УФ-йы Паддзахадон Думæйы Сæрдар раарфæ кодта Форумы хайадисджытæн Парламентаризмы дунеон боны цытæн, банысан кодта, зæгъгæ, «ацы æвзонг бæрæгбон нысан кæнынц 2018 азæй фæстæмæ, фæлæ уый дунеон тыгъдады фидар кæны национ парламентариты нысаниуæг».

Форумы программæйы сты дунеон æдасдзинад æмæ стаби-лондзинады, нымæцон экономикæйы, фæсивæдон æмæ экологон политикæйы рæзты актуалон фарстытæ. Форумы фæлгæтты уагъд æрцæудзысты парламентон конференци «Россия-Африка»-йы мадзæлттæ.

Банысан кæнын хъæуы, мадзалы хайад кæй исынц зынгæ европæйаг парламентаритæ: æндæр æмæ æндæр азты Европæйы Советы Парламентон ассамблейы къухдариуæггæнджытæ – 2005-2008 азты Европæйы Советы Парламентон ассамблейы Сæрдар Рене Ван дер Линден æмæ 2016-2017 азты Европæйы Советы Парламентон ассамблейы Сæрдар, Испанийы Сенаты уæнг Педро Аграмунт, афтæ ма ЕÆÆО-йы Парламентон ассамблейы кадджын сæрдар Илкка Канерва æмæ Ассоциаци «Франко-уæрæсейаг диалог»-ы æмсæрдар Тьерри Мариани.

Аккредитаци æрцыдысты 400 уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг журналистæй фылдæр.

Афтæ ма Форумы фæзуаты план цæуынц дыууæварсон фембæлдтытæ УФ-йы Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володинæн фæсарæйнаг парламенты сæргълæуджытимæ.

30 июны «Парламентаризмы рæзты» II Дунеон форумы хайадисджытæ культурон программæйы фæлгæтты бакастысты оперæ «Бал-маскарад»-мæ Стыр театры артистты хайадистæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.