Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитры.

Æддагполитикон ведомствойы сæргълæууæг радзырдта цалдæр ныгуылæневропæйаг бæстæтæм визиты фæлгæтты йæ куысты фæстиуджыты тыххæй.

«Европæйаг бæстæтæм дæ командировкæйы фæлгæтты ды бабæрæг кодтай Европарламент, хайад райстай ахсджиаг фембæлдтыты нæ републи-кæимæ сæ базонгæ кæныны, афтæ ма историон факттæ объективонæй равдисыны нысанæн», – загъта Президент.

Медойты Димитр радзырдта æндæр æмæ æндæр бæстæты политиктимæ фембæлдтыты тыххæй.

«Нæ республикæйæн балц рауад цы-мыдисон. Командировкæйы фæлгæтты æз фембæлдтæн Берлины регионалон Парламенты депутаттимæ. Уыдоны инициативæмæ гæсгæ Германы арæзт æрцыд «Хуссар Ирыстоны хæлæртты клуб». Депутатты цымыдисдзинад Хуссар Ирыстонмæ у ахсджиаг», – загъта уый.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр банысан кодта, зæгъгæ, цымыдисон уыд Италимæ  йæ  балц  дæр.

«Миланы æз фембæлдтæн инициативон къордимæ, кæцыйы уæнгтæ уыдысты нæ республикæйы, хорз зонынц Хуссар Ирыстоны. Къорд сарæзта Ассоциаци «Алани-Италийы хæлардзинад». Фембæлды ма æруынаффæ кодтой æмархайды алыгъуызон фадгуытыл, политикон фадыгæй райдайгæйæ æмæ экономикон фадыгæй фæугæйæ», – банысан кодта уый.

Медойты Димитр радзырдта, Неаполы уый кæй фембæлд юристтимæ, кæцытæ сæ цæттæдзинад равдыстой Хуссар Ирыстоны интерестæ хъахъ-хъæнынмæ 1920 азты гуырдзыйы хицауиуæгады ‘рдыгæй ирæтты геноцид банымайыны фарсты фæдыл.

«2020 азы Гуырдзыстоны фарсæрдыгæй ирæтты геноцидыл сæххæст уы-дзæн 100 азы. Юристтæм нæ Хицауад куы бахата, уæд уыдон сахуыр кæндзысты æмæ хъахъхъæндзысты Хуссар Ирыстоны интерстæ æхсæнадæмон фæзуæтты», – загъта уый.

Уымæй уæлдай ма, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр банысан кодта, Брюсселы Европарламенты депутат Татьянæ Жданокимæ фембæлды рæстæджы цы æнтыстджын куыст бачындæуыд, уый. Фембæлды рæстæджы ма æруынаффæ кодтой Гуырдзыстоны фарсæрдыгæй ирæтты геноцидыл 100 азы сæххæсты сæраппонд  иумæйаг мадзæлттæ æмæ тымбыл фынгтæ ауадзыны фарстыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй фæндонмæ акастысты æмбаргæ цæстæнгасæй. 

Бибылты Анатоли европæйаг турнейы рæстæджы Медойты Димитры куыст банымадта æнтыстджыныл æмæ æрсидт цæмæй дарддæр дæр кусой ацы здæхты. Уый банысан кодта, зæгъгæ, æнæмæнгхъæуæг у геноциды фæдыл къамисы куыст æрбангом кæнын, афтæ ма хуссарирыстойнаг парламентаритæ цы куыст кæнынц, уый дæр.

«Ирæтты геноциды тыххæй объективон информаци дунеон æхсæнадмæ фæххæцæ кæныны политикæ адарддæр кæнын хъæуы. Æппæт аивгъуыйгæ азты уыцы факттыл нæ дзырдæуыд. Ныр у ахæм рæстæг, алыгъуызон бæстæты æхсæнадон архайджытæ æмæ политиктæ кæй райдыдтой цымыдис кæнын, 100 азы размæ, æцæгæйдæр, цы æрцыд, уымæ», – загъта паддзахады сæргълæууæг. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, цы бæлвырдгæнæн документтæ ис, уыдоны хъуамæ базона дунеон æмæхсæнад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.