ЦЕНТР – САХЪАТ  СЫВÆЛЛÆТТÆН

Уæрæсейы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Вероника Скворцовайы руаджы, республикæйы медицинæйы къабазы цæуы бирæ ивддзинæдтæ хорзæрдæм. Ныр цалдæр аз мæскуыйаг æмæ петербургаг дохтыртæ Дзæуджыхъæуы ауадзынц наукон-практикон конференцитæ, сæ фæлтæрддзинадыл ахуыр кæнынц ирыстойнаг дохтырты. Уымæй дарддæр, афæдз иу-дыууæ хатты цалдæргай бонтæ фæисынц рынчынты бынтон лæвар.

Ныр дæр та республикæмæ æрцыдысты Уæрæсейы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры æххуысгæнæг Анатолий Гулин æмæ Мæскуыйы Сывæллæтты психоневрологон, наукон-практикон центры директор, профессор Чехойты-Батышева Татьянæ. Зындгонд специалисттæ канд рынчын, сахъат сывæллæтты нæ исдзысты, фæлæ сæм ис ноджы ахсджиагдæр фæндтæ. Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ сæ фембæлды рæстæджы радзырдтой сæ дарддæры плæнтты тыххæй. Татьянæ Батышева куыд банысан кодта, афтæмæй федералон разамындимæ ба-уынаффæ кодтой, цæмæй Цæгат Ирыстоны нуæртты низтæй рынчын æмæ сахъат сывæллæтты реабилитацион центр бакæной. “Нуæртты низæй рынчын сывæллæттæ, уыимæ церебралон параличæй рынчынтæ, Цæгат Кавказы тынг бирæ ис. Уырны мæ, ахæм центр фадат кæй ратдзæн рынчын сывæллæтты нымæц фæкъаддæр кæнынæн, рæстæгыл медицинон æххуыс райсынæн. Ам ма ахсджиаг у аккаг кадртæ ссарын дæр. Æнæмæнг, саразын хъæудзæн конкурс дохтырты ‘хсæн æмæ равзарын, фаг зонындзинæдтæ кæмæ ис æмæ ахæм уæззау рынчын сывæллæттимæ кусынмæ цæттæ чи уа, ахæмты”, – загъта Татьянæ Батышева.

   Ахæм хорз хабарыл республикæйы разамынд, стæй цæрджытæ дæр сæмбæлдысты æхсызгонæй. Битарты Вячеслав зæрдæбын арфæ ракодта Батышевайæн: “Стыр бузныг дын зæгъын мæхи æмæ адæмы номæй, дæ фыдыуæзæгæн афтæ кæй лæггад кæныс, дæ уидæгтæ кæй нæ рох кæныс, æрвылаз дæр рынчынтæ исынмæ æмæ дзæбæх кæнынмæ кæй æрцæуыс, уый тыххæй. Кæддæ-риддæр нын де ‘рцыд у бæрæгбоны хуызæн. Ахæм рынчынтæн бынаты баххуыс кæныны фадат нæй алыхатт, цæуын сæ бахъæуы Уæрæсейы стыр го-рæттæм, ныр ацы фарст скъуыддзаг цæудзæн нæ-химæ – центры, уый та у сымах хуызæтты руаджы. Мах цæттæ стæм цавæрфæнды организацион фарстыты дæр сымахæн баххуыс кæнынмæ”.

 Уазджытæ куыд загътой, афтæмæй бацархайдзысты, цæмæй арæзтад райдайа ног азæй. Ахæм центр бакæнын республикæйы медицинæйы уы-дзæн ахсджиаг цау, уæззау рынчын сывæллæттæн та – ахадгæ æххуыс.

                                        ФУТБОЛÆН  ÆХХУЫСÆН

Фæстаг дыууæ азы та Цæгат Ирыстоны футболæн хорз æнтыстытæ кæй ис, уый нымайгæйæ республикæйы Хицауад бацархайдтой, цæмæй стадион “Спартак” бахауа федералон проект “Развитие физической культуры и спорта”-йы фæлгæттæм. Уыцы проектмæ гæсгæ, стадион 2020-2021 азты хъуамæ ‘рцæуа реконструкцигонд.

 Дзæуджыхъæуы стадион арæзт æрцыд 1962 азы æмæ абоны домæнтæн дзуапп нал дæтты. Ба-зæронд сты æмæ згъæлынц йæ къултæ, ныцъæлтæ сты йæ бандæттæ, бирæ рæтты скалд хъазæн фæз… Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй стадионы ахæм уавæры хъазын тæссаг у. 

“Спартак Алани”-йы раздæры сæйраг тренер Гæззаты Валери куыд нымайы, афтæмæй футболон клуб йæ традицитæ хъуамæ сног кæна, нæуæдзæм азты æнтыстытæ раздаха. Уый тыххæй та хъæуы бындур, уавæртæ, тыхджын спортивон инфраструктурæ, сæйрагдæр та – стадион. 

 Специалистты нымадмæ гæсгæ, стадионы арæзтадæн бахъæудзæн дыууæ миллиардмæ æввахс федералон æмæ бынæттон бюджетæй. Реконструкцийы фæстæ стадионы бынат уыдзæн 15 – 17 мин адæймагæн.

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.