ÆМГУЫСТАД – БÆРЗОНД ÆМВÆЗАДЫЛ

Мæскуыйы уыд УФ-йы Федерацийы Совет æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмгуысткæнынады фæдыл къамисы рабадт, цыран фидар æрцыд 2020 азæн къамисы куысты план. Рабадт уагъта Æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл Федерацийы Советы комитеты уæнг, Уæрæсейы æрдыгæй комитеты æмсæрдар Сергей Цеков. Уæрæсейы æрдыгæй рабадты хайад райстой Социалон политикæйы фæдыл Федерацийы Советы сæрдары хæдивæг Елена Бибикова æмæ Аграрон-фæлхасадон политикæйы æмæ æрдзæй пайда кæныны фæдыл Федерацийы Советы комитеты уæнг Фадзайты Арсен. Хуссарирыстойнаг делегацийы сконды уыдысты РХИ-йы Парламенты вице-спикер Плиты Александр æмæ Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Дриаты Заза.

Сфидаргонд боны фæткмæ гæсгæ рабадты уынаффæ цыд Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Бадзырды закъондæттынад сифтонг кæнынмæ хауæг фарстатыл, афтæ ма Федерацийы Советы комитетты аппаратты æмæ Парламенты уæлдæр палатæйы аппараты структурон дæлхæйтты куысты фæлтæрддзинад кæрæдзийæн бацамоныныл.

Плиты Александр куыд радзырдта, афтæмæй бындурон боны фæткыл уынаффæ кæнынæй дарддæр, хуссарирыстойнаг фарс раразмæ кодта уæлæмхас фарстатæ, кæцытæ абоны бон актуалон сты Хуссар Ирыстонæн.

«Сæрмагондæй раразмæ æрцыд фарст Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Бадзырды закъондæттынад сифтонг кæнынмæ хауæг фарстатыл, цыран фæнд цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты социалон фæдзæхстады тыххæй уæлæмхас сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын. Уыйразмæ, раздæры фембæлдтыты раразмæгонд æрцыд фарст æнæмæнгхъæуæг медицинон фæдзæхстады тыххæй, æмæ уыцы фарст ныридæгæн скъуыддзаг цæуы. Уый тыххæй информаци радта РХИ-йы æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Тотчиты Георги, кæцы хайад иста рабадты. Уый бæлвырдæй фехъусын кодта, социалон фæдзæхстад райсыны тыххæй документтæ аразгæйæ, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ цы проблемæтыл сæмбæлынц, уыдон», – загъта Плиты Александр.

Вице-спикер банысан кодта, зæгъгæ, рабадты раразмæгонд æрцыд фарст 1920 азы Гуырдзыстоны æрдыгæй ирон адæмы геноцид банымайыны тыххæй.

«Уæрæсейаг фарс æмбары уыцы фарсты серьезондзинад. Банысан æрцыд, геноциды фарстыл тынг лæмбынæг бакусын кæй хъæуы, уый дæр. Банысан кæнын ма мæ фæнды уый, æмæ УФ-йы Федерацийы Совет æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмгуысткæнынады фæдыл къамисы радон рабадт кæй уыдзæн 2020 азы апрелы. Мæн фидарæй уырны, уыцы рæстæгмæ бæрæг куыст кæй бакондæуыдзæн геноциды фарсты фæдыл æмæ куыст размæ кæй феггуырсдзæн», – банысан кодта Плиты Александр.

 «Дыууæ фарсы дæр æрцыдысты иу хатдзæгмæ, зæгъгæ, кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ базонгæ кæныны фæдыл куыст уыд фæстиуæгджын æмæ уыцы здæхты куыст дарддæр цæудзæн. Фидæн аз РХИ-йы Парламенты аппараты æмкусджытæ  балцы ацæуынвæнд кæнынц УФ-йы Федерацийы  Советмæ», – йæ ныхасы кæрон банысан кодта вице-спикер.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.