Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли знон йæхимæ райста уæрæсейаг парламентариты делегацийы минæвæртты Уæрæсейы Федерацийы Федерацийы Советы Дунеон хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Константин Косачевы сæргълæудæй.

Бæстæйы сæргълæууæг райгондæй райста уæрæсейаг уазджыты, банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн æхсæнпарламентон æмгуысткæнынад сæндидзын кæнын. Уый сæвзæрд объективон аххосæгты фæстиуæгæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ ууыл стыр фæд ныууагъта, дунейы цы æнæхайыры пандеми рапарахат, уый дæр. Ныфс бавæрдта, цы рæстæг уагъд æрцыд, уый фæстæ нæ бæстæты ‘хсæн парламентон ахастытæ архайын райдайдзысты æххæст гуырахстæй. Уый, зæгъгæ, ахъаз уыдзæн æхсæнпаддзахадон æмæ къаддæр чи нæу, уыцы кæрæдзимæ ахастытæн. Уымæн æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл куысты гуырахст у егъау. 

«Цы æхсæнпарламентон къамисы куысты исут хайад, уый æрхæсдзæн ног, хорз фæстиуджытæ дыууæ бæстæйы закъондæттынадон органты куыстæн», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Константин Косачев куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстонимæ æмгуыстад рæзын кæныны фарстатыл, æндæр бæстæтимæ абаргæйæ, фылдæр уæрæсейаг депутаттæ æмæ сенатортæ архайынц. Бирæ хъуыддæгтæ аразын фæхъæуы фыццаг хатт, æмæ, зæгъгæ, уый дзурæг у ууыл, æмæ нæ алы райдайæн сæххæст кæнынæн дæр кæй ис æцæг фæндондзинад.

“Хуссар Ирыстонмæ мах æрцыдыстæм Федерацийы Советы дыууæ палатæйы къухдариуæгады бахæсмæ гæсгæ, æмæ нæ æрцыдæй пайдагæнгæйæ æххæстгуырахстæй хъуамæ скусын кæнæм нæ традицион æхсæнпарламентон æнгом ахастытæ», – банысан кодта Косачев.

Æхсæнпарламентон æмгуыстады бындурыл къамисы куыстæн цы плæнттæ уыд бæстонкæнинаг, уыдоныл, кæй зæгъын æй хъæуы, бандæвта пандеми дæр. Уый ма банысан кодта, Хуссар Ирыстоны Парламенты фæззыгон æмæ уалдзыгон сесситæ уагъд не ‘рцыдысты æмæ уый цæлхдуртæ æвæры æрмæст æхсæнпарламентон æмгуыстады рæзтæн нæ, фæлæ æхсæнпаддзахадон æмгуыстадæн дæр. Æмбæрст ма у иу хъуыддаг дæр, æмæ фæстаг æххæстформатон фембæлды 2019 азы ноябры мæйы цы плæнттæ нысан æрцыд, уыдон æнхъæлмæ кæсынц сæ реализаци кæнынмæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ уым ис ирд æмæ объективон аххосаг – пандемия. Хъыгагæн, ис дзы бирæ субъективон аххосæгтæ дæр.

«Ивгъуыд аз сентябры мæйæ райдайгæйæ мах архайæм парламентон æмгуыстад бирæ бæстæтимæ сæндидзын кæныныл. Фæлæ Хуссар Ирыстонимæ уавæр, хъыгагæн, æндæргъуызон у. Объективон уавæртыл йæ фæд ныууагъта политикон спецификæ. Хуссар Ирыстоны Парламент сесситæм кæй нæ æрæмбырд, уый хъыгдары æрмæст нæ æхсæнпарламентон æмгуыстад размæ цæуынæн нæ, фæлæ æмткæй æхсæнпаддзахадон бастдзинæдтæ рæзын кæнынæн», – дзырдта уый.

Кæцыфæнды бæстæйы парламентæн дæр ис сæрмагонд конституцион архайд, уымæн æмæ уый у къухдариуæгады ахсджиаг къабаз. Уыцы-иу рæстæг алы бæстæйы Парламентыл ис йæхи бæрндзинад националон закъондæттынад рæзын кæныны хъуыддаджы, кæцыфæнды бæстæйы ахсджиаг закъон райсын – бюджетæй райдайгæйæ æмæ æндæр ахсджиаг закъæттыл фæугæйæ.  

 Уæрæсейаг бæрзонд уазæджы ныхæстæм гæсгæ нæ ахастытыл дзургæйæ ма нæм æрбафтыд ахæм ахсджиаг хæстæ, куыд нæ закъондæттынад гармонизаци кæнын, цæмæй æмгуыстады æппæт механизмтæ кусой. Æмæ алы æмвæзадтыл цы уынаффæтæ ист цæуы, уыдон адæммæ хæццæ кæной рæстæгыл. Уыимæ иумæ ма уыцы куысты гуырахст, кæцы баст у нæ сразыдзинæдтæ ратификаци кæнынимæ. Куыст æрцыд егъау гуырахстыл, сæдæйæ фылдæр сразыдзинадыл. Ныртæккæ Паддзахадон Думæйы бæрæггæнæнты базæйы ратификаци кæнынмæ ис Хъахъхъæнынады æмæ Мидхъуыддæгты министрадтæй кæй ссæрибар кæнынц, уыдонæй иуæй-иутæн сахъатдзинад сбæлвырд кæныны факты фæдыл сразыдзинад нæ бæстæты ‘хсæн, цæмæй уыцы документтæ дыууæ фарсæрдыгæй дæр нымад цæуой. 

Константин Косачев банысан кодта, ацы сразыдзинады тыххæй документты нысан кæй цæуы, уый, æмæ йæ нысан кæй у Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн æмцæдисад æмæ интеграцийы рæзтæн барадон æмæ организацион бындуртæ аразын. Йæ ныхæстæм гæсгæ цæдисад æмæ интеграци у дыууæ бæстæйы Парламентты иумиаг куыст.

«Æмæ иу бæстæйы Парламент нысанмæздæхт куыст æххæст гуырахстæй куы кæна, æмæ дыккаг та зындгонд аххосæгтæм гæсгæ куынæ архайа, уæд урæд цæуы нæ иумиаг куыст, кæцы здæхт у дыууæфарсон ахастытæ рæзын кæнынмæ æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ цы проблемæтыл æмбæлынц, уыцы проблемæтæ скъуыддзаг кæнынмæ. Уый у уыцы мандат, кæцы радтой йæ рæстæджы сæ æвзарджытæн»,- банысан кодта уый.

Йæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ фембæлдæй уый ныфс æвæры фæстиуджытæй æмæ æппæт уæвæг механизмты æмархайды æнæаргъæвгæ архайдæн. Фаг рæстæг, зæгъгæ, рацыд, цæмæй ауадзæм нæ эмоцитæ æмæ æрæвналæм æндидзынгæнæн куыстмæ.

«Мах тынг фæнды, цæмæй Хуссар Ирыстон стабилон æмæ фæд фæдылонæй рæза æмæ размæ цæуа. Уымæн ахъазгæнæг та у къухдариуæгады куыстхъомдзинад. Бæстæйы æппæт институттæ хъуамæ архайой сæ конституцион æххæстбарты фæлгæтты. Мах æппындæр нæ дызæрдыг кæнæм ууыл, æмæ къудариуæгады президентон къабаз кæй архайы. Æмæ иннæ къабæзтæ дæр хъуамæ афтæ архайой», – банысан кодта уый.

Бибылты Анатоли бузныг загъта уæрæсейаг уазджытæн, уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны проблемæтæ иуварс кæныны хъуыддагмæ æмбаргæ ахаст ис Уæрæсейы ‘рдыгæй. Къухтæ бафыст æрцыдысты Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынадон уагдæтты ‘хсæн пенситæ æмæ куысты стажы тыххæй. Цæттæ ма цæуы паддзахадон службæгæнджытæ æмæ бюджетон организациты кусджытæн сæ куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны фæдыл сразыдзинад. Ныфс бавæрдта, парламентон бастдзинæдтæ ногæй кæй рахиздзысты серьезон æмвæзадмæ æмæ сын уыдзæн нæ бæстæты хæрзæбонæн хорз фæстиуджытæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Константин Косачевы сæргълæудæй уæрæсейаг парламентон делегацийы балцы нысан у хуссарирыстойнаг депутаттимæ фембæлын æдзухархайæг Æхсæн-парламентон æмгуысткæнынады фæдыл къамисы куысты бындурыл.

Делегацийы сконды уыдысты сенатортæ Крым Казаноков, Олег Селезнев æмæ Паддзахадон Думæйы Хæдбар паддзахадты цæдис, евразиаг интеграци æмæ æмфыдыбæстæйонтимæ бастдзинæдты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Тайсауты Хъазбег.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.