Арæх чысыл цухдзинæдтæн нысаниуæг кæй нæ радтæм, афоныл сæ кæй нæ аиуварс кæнæм, уый аххосæй æрцæуы æнамонддзинад дæр. Хуссар Ирыстоны телерадиокомпани «ИР»-ы бæстыхай арæзт куы æрцыдис, уæд ма йæ фарсмæ аразджытæ сарæзтой, 60 кубометры дон кæм цæуы, ахæм æфсæнбетонон конструкцитæй арæзт донæмбырдгæнæн. Аразджытæ дзы ауагътой дон, фæлæ доны уæзæй къултæ ацыдысты фæйнæрдæм æмæ дон акалд. Ахицæн кодтой доны хæтæлты æмæ дзы иунæг хатт дæр нал спайда кодтой. Уæдæй рацыд 30 азæй фылдæр. Донæмбырдгæнæны уавæр ноджыдæр фæмæгуыраудæр. Ныр йе ‘мбæрзт æмæ доны хæтæлтæ фегæмттæ сты. Кæд донæй байдзаг вæййы, тæссаг дзы у ныххауынæй, уæддæр сабитæн ссис сæ уарзон æмæ хъазæн бынат, сæ ныййарджытæн та, тас кæцæй цæуы, ахæм бынат.

Хорз уаид, фарстмæ куы æркæсиккой куыд горæты администрацийы, афтæ ма Цхинвалы доны хæдзарады разамонджытæ æмæ цалын-мæ фыдбылыз не ‘рцыд, уæдмæ цухдзинад иуварс куы æрцæуид.                                                                                           

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.