Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр Дзауы районы хъæутæм фæндæгтæ цалцæг цæуынц, уалдзыгон мæгуырау боныгъæдты кæй фехæлынц, уымæ гæсгæ, Ныр дæр та Дзауы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæм бахатыдысты Котантойы хъæуы цæрджытæ. Сæ хъæумæ фæндаджы дæргъ у 3 километры бæрц æмæ æрывнæлдтой йæ цалцæг кæнынмæ. Фæстаг  къуыри боныгъæд æвзæр кæй уыд, уый тыххæй чысыл бакъуылымпы сты кусджытæ, фæлæ ныфс æвæрынц, æввахс бонты фæндаг кæронмæ кæй æрцæудзæнис цалцæггонд. Уыциу рæстæджы ма хæдзарады кусджытæ кусынц Ерцъойы хъæуы дæр. Уырдæм та уадзынц нуазыны дон. Дон хъæумæ уадзынц 1 километры дæрддзæгæй.

Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæг йæ хъус дары куыстыты гъæдмæ.

«Куыддæр Котантойы хъæумæ фæндаг арæзт фæуа æмæ Ерцъойы хъæумæ та дон уагъд æрцæуа, афтæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ ахиздзысты Теделеты хъæумæ. Уым фæндаг алæгъз кæндзысты суанг Синагуры хъæуы онг», – зæгъы Дзауы администрацийы пресс-службæйы кусæг Бететы Ларисæ.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй Дзауы администраци уый размæ æнгæс куыстытæ бакодта Моргойы, Гыццыл Гуфта, Бузала æмæ æндæр хъæуты.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.