Дзауы район

Дзауы райадминистрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ сцалцæг кодтой, Чысыл Гуфтамæ цы фæндаг цæуы,  уый, – фехъусын кодта ИА «Рес»-æн районы администрацийы пресс-службæ.

«Уалдзæджы æрбалæудæй хъæутæм фæндагон бастдзинад æвзæрдæр кæны къæвдаты æмæ мит тайыны фæстиуæгæн.  Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ сæ рады кæсынц фæндæгты уавæрмæ», – загътой пресс-службæйы.

Уым ма куыд банысан кодтой, афтæмæй цалцæг æрцыд, Чъимасы хъæумæ цы фæндаг цæуы, уымæн йæ иу хай. Уый бахъыгдард ис уалдзыгон къæвдатæй.

Дзауы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæр Цхуырбаты Тамерлан куыд радзырдта, афтæмæй фæстæдæр фæндаг капиталон æгъдауæй цалцæг æрцæудзæн.

Уый ныхæстæм гæсгæ, дуртæй сыгъдæг цæуы Чеселтмæ фæндаг дæр. 

«Ныртæккæ хъæумæ фæндаг у æхгæд, уагъд цæуынц дуртæй сыгъдæггæнæн куыстытæ», – загъта Цхуырбайы фырт.

           Знауыры район

Знауыры районы дæр Балтайы хъæууон администрацимæ хауæг 5 хъæумæ фæндæгтæ цалцæг цæуынц. Уый тыххæй фехъусын кодта ИА «Рес»-æн районы администрацийы пресс-службæ.

«Фæндаджы вазыгджын хай ис Калет æмæ Цънелисы хъæуты ‘хсæн, фæндаг къæвдаты рæстæджы арæх бахъыгдард вæййы», – банысан кодтой пресс-службæйы.

Уым ма куыд загътой, афтæмæй кæд цалцæггæнæн куыстыты архайы æнæмæнгхъæуæг фæндагон техникæ, æрмæджытæй та пайда кæнынц бынæттон кондадæй.

Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй кæд хорз боныгъæдтæ ахæссой, уæд фæндаг эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн дыууæ къуыримæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.