Куыд алы аз, афтæ та ацы аз дæр Кадетон скъолайы хъомылгæнинæгтæ сæ ахуыргæнджытимæ экскурсийы уыдысты Ставрополы крайы. Уыдон уым лæмбынæгдæр базонгæ сты зынгæ уырыссаг поэт Михаил Лермонтовы сфæлдыстадимæ. Кадетон скъолайы ахуыргæнинæгтæ Лермонтовы цард æмæ сфæлдыстадимæ зонгæ кодтой Пятигорск, Кисловодск, Железноводск æмæ æндæр горæтты. Уыдон бацыдысты Лермонтовы цыртмæ, йæ дуэлы бынат, музейтæ æмæ æндæр бынæттæм. Экскурси сын цалдæр боны дæргъы уагъта бынæттон гид.

Экскурсийы уыдысты 9-10 къласы ахуырдзаутæ. Уыдонæн тынг ахсджиаг уыдис ацы бынæттæ фенын, уымæн æмæ фарастæмкъласонтæ ацы аз ахуыр кæндзысты Лермонтовы цард æмæ сфæлдыстад.

Кадетон скъолайы ахуыргæнинæгтæн экскурситы ацæуыны фадат фæзыны Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады æххуысæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.