Дзауы районы администрацийы раз ацы аз цы хæстæ лæууы, уыдонæй сæ иу у Хуыцъейы хъæууон администрацийы бæстыхай капиталонæй сцалцæг кæнын. Ад-министрацийы бæстыхай у рагон æмæ уыдис æдзæллаг уавæры, къултæ хъуына кодтой, тынг уымæлад дзы кæй уыдис, уый аххосæй. Зæххæнкъуыстæй фæстæмæ кæй никуы цыдис цалцæггонд,  уый зыдта райадминистраци æмæ йæ азы райдианы бахастой, районы 2020-æм азы арæзт цы хъуамæ æрцæуа, уыдоны номхыгъдмæ. Районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ цалцæггæнæн куыстытæм æр-æвнæлдтой июны æмбис æмæ ныр сты сæ тæмæны. Хуыцъейы хъæуы администрацимæ ныртæккæ хауынц: Хуыцъе, Борджынис, Църу, Мугут, Шушитæ, Стырфæз æмæ Чъимасы хъæутæ.

Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ Хуыцъейы хъæууон администрацийы къухдариуæгад ацы фарст æвæрдтой арæх æмæ ныр æрцыдис сæ рад дæр. «Хуыцъейы хъæуы администрацийы кусджытæ бахатыдысты махмæ, цæмæй капиталонæй сцалцæг кæнæм бæстыхай. Ныр уым цæуынц арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ æмæ хъуамæ дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ фæуой сæ куыст. Тынг бирæ куыст дзы ис, раивтам ын йæ уæлхæдзар, мидæгæй уымæлад тынг кæй уыдис, уымæ гæсгæ хæлдысты йæ къултæ æмæ кæм хъуыдис, уыцы рæтты сæ ракалдтам æмæ сæ ногæй самадтам. Уыцы куыстытæ куы фæуой, уæд та дарддæр фæнд кæнæм, цæмæй Едысы хъæууон администрацийы агъуыст саразæм. Уымæн æмæ сын нæй сæхи бæстыхай, афтæ ма фельдшерон-акушерон пункт дæр. Уыцы ран зæронд администрацийы бæстыхай чи уыдис, уый лæвæрд æрцыдис уырыссаг арæнхъахъхъæнджытæн æмæ сын дзы ис заставæ. Фæнды нæ Едысы хъæуы модулон бæстыхай сæвæрын цыппар хатæнимæ æмæ дзы бынат уыдзæнис ФАП-æн дæр. Ацы арæзтæдтæ арæзт цæуынц нæхи районы бюджетæй æмæ районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады тыхтæй. Кæд нын нæ вæййы специалисттæ, уæд  сæ æрбахонæм, уыдон дæр вæййынц районæй», – загъта Джиоты Андрей.

Дзауы администрацийы сæргълæууæг ма нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ Едысы хъæууон администрацимæ хауынц Ерман, Брытъатæ, Челиат, Тыбылаты хъæутæ. «Бынæттон цæрджытæй дарддæр ма ацы хъæутæм сæрды ‘рбаскъæрынц сæ фос Цъунар æмæ Тъбетæй дæр. Уыцы комы фаллаг фарс Тыбылаты хъæумæ ныртæккæ æрбацыдысты дыууæ бинонтæ æмæ дзы дарынц бирæ фос. Уыдонæй иу бинонтæ зымæг дæр вæййынц хъæуы. Æппынæдзух ацы хъæуты чи цæры, уыдон сты авд хæдзары æмæ уыдонмæ дæр хъæуы хъусдард здахын», – банысан кодта райадминистрацийы сæргълæууæг. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй дарддæр дæр арæзт цæуынц фæндæгтæ æмæ нуазыны доны хæтæлтæ. «Абон мæм Гуфтайы хъæууон администрацийы сæргълæууæг дæр æрбахатыдис, цалдæр хæдзармæ сæм нуазыны дон кæй нæ хæццæ кæны, уый тыххæй æмæ сын рæхджы хъуамæ аскъуыддзаг кæнæм сæ фарст. Ныртæккæ уал кусджытæ кусынц, Ниниамæ цы фæндаг арæзт цæуы, уым æмæ куы фæуа, уæд та æрæвналдзыстæм иннæ куыстытæм», – загъта Джиоты Андрей.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.