Чизоны, уартæ рагæй фæстæмæ кæй кой кæнынц, уыцы æнæзæххон цивилизацийы райдыдтам цæрын, фæлæ нын æй нæ хъæр кæнынц… Омæ уæдæ ай цы хабар у – дуне афтæ æддæг-мидæг куыд ауад, адæм афтæ куыд сæмтъеры сты æмæ сæм нал дæр царды хъæр хъуысы, нал дæр кæрæдзи æмбарынц!.. Æви æддæг-мидæг цы дуне ауад, уыцы дунейы хицæуттæ хин скодтой адæмæн, сæ зонд сын хæйрæджытæн радтой,  сæхи сын куырм бакодтой…

Чизоныйыл ма сыкъатæ вæййы!.. Ныртæккæ дунейы хъысмæт кæй къухы ис, уыдонæй хъуысы дыууæ фæдисхъæр. Фыццаг фæдисхъæр: мæнæ, дам, кæмæй цагъды кæнут, уый, дам, у хæцгæ низ,  хъуырнавирус, дам, у æмæ, дам, маскæтæ куынæ дарат, вакцинæтæ куынæ саразат, уæд, дам, иууылдæр ныццагъды уыдзыстæм. Ахæм фæдисхъæр хъусæм æрвылбон дæр –  телевизоры, радиойы, интернеты, газетты (кæд ма сæ исчи фæрсы, уыд), æмбырдты, сходкæты, брифингты, пресс-конференциты æмæ афтæ дарддæр. Стæй, дуне кæй къухы ис, уыдон фыццаг фæдисхъæрæй куы бафæллайынц, уæд ахизынц дыккаг фæдисхъæрмæ. Ам сæ сæртæ ноджы зæрдиагдæрæй ныххойынц: Афганистаны, дам, талибтæ хицауиуæгад бацахстой æмæ, дам, тас у ноджы фыддæр терроризмæй дæр,  сæ сыхаг бæстæтæм  бырсын куы райдауой, уымæй дæр, æмæ афтæ дарддæр…

Оу, мæнæ диссæгтæ! Афтæ нæ дзурут, æнæ маскæтæ æмæ вакцинæйæ быныскъуыд суыдзыстæм?!. Æмæ кæд афтæ у, уæд цæмæй тæрсут уыцы æнæхайыры талибтæй? Хорз æй куы зонут, уыдон нæ дæр маскæтæ дарынц, нæ дæр вакцинæ аразынц – значытт быныскуыд суыдзысты æмæ фæцис, цæмæй сæ тæрсут?!.

Афтæ махмæ дæр! Æйтт-уйтт æмæ та: аррика, журналисттæ, рацæут, мæнæ та ног хабæрттæ, ног зонæнтæ, ног нымæцтæ! Æмæ та: къордгæйттæй лæууынæй уæхи хизут, мард-дзуар уын мауал уæд, чындзæхсæвтæ ма кæнут, æмæ цынæ диссаг фехъусдзынæ…

Фæлæ дзырд цæуыл цæуы, уымæй, уый æмрæстæджы чи цæуы, уыцы диссаг ноджы диссагæн дзуринагдæр у: нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыны бæрæгбоны, дам, нæхи артисттæй æрхонгæ артисттæ фылдæр цæмæн уыдысты, концерты, дам, бирæ адæм цæмæннæ уыдис, æмæ афтæ дарддæр…

Æмæ, дам, ма дис кæн… Уæ хорзæхæй, цы уыл æрцыд, адæм? Кæд уыцы фыдбойнаджы хъуырнавирус афтæ гæппæввонгæй лæууы æмæ хисты уа æви чындзæхсæвы уа – адæймаджы уыцы-иу фæхæппæй æрбатæппæлæг кæндзæн, уæд концертмæ фылдæр адæм кæй не ‘рбацыд, ууыл цин ма хъуамæ кæнат, кæнæ нын нæхи артисттæ æрхонгæ артисттæй уæлдайагдæр сты?..

Уый дын диссæгтæ, æддæг-мидæг ауайæг дунейы диссæгтæ! Цавæр хырхæй пайда кæнæм, уый ма исчи бамбарын кæнæд адæмæн. Кæд иуæрдæм фæхырх кæны, уæд иннæрдæм йæ дæндæгтæ искæй бæрзæйы нуæртты ныссæдзынц?

Уый иу мардæрцыд. Дыккаг мардæрцыд та уый у, ацы риссаг фарстæн кæрон скæнынхъом кæй нал стæм… Цæмæн ма нæ хъæуынц нæ культурæ æмæ нæ аивад, бюджеты цæмæн æвæрæм уый бæрц æхцайы фæрæзтæ, цæмæн  дарæм алыгъуызон ансамблтæ, сфæлдыстадон къордтæ æмæ афтæ дарддæр? Алы хатт, алы хатт нæ фарсæй цæмæн фæвæййынц нæ бæрæгбонтæ? Чи сты ацы урагантæ, кæсгæттæ, пысылмæттæ æмæ алыгъуызон хонгæ æмæ æнæхонгæ артисттæ, цы уынгæджы бон ныл ныккодта, нæхиуæтты цæмæннæ зарын кæнæм, нæхиуæтты цæмæннæ кафын кæнæм? Æви махмæ аивад нæй, культурæйæ искæмæйты дзыхъылæуддæр стæм, цы равдисæм, нæхи цæмæй бабуц кæнæм, уый нæм нæй? Цы рцыд, цы хабар у, хæддзуйæ æлдар цæмæн кæнæм, цы нын ис уымæй «ис нын» зæгъынхъом цæмæннæ стæм?

Уыдонмæ дæр вæййы бæрæгбонтæ, уыдонмæ дæр вæййы концерттæ, уый тыххæй цы – уыдон дæр сæ бæрæгбонтæм мах артистты фæхонынц, мах аивадæн фемдзæгъд кæнынц? Мах цæмæннæ исчи хоны æмæ уарзы, мах цæмæннæ исчи ауындзы йæ хъуырыл?..

Уымæн ныл афтæ хæцынц, гъе, дæлæмæ алырдыгæй дæр – нæ фыдæлты нын сæхи уымæн бакодтой, нæ симд нын уымæн исынц… Цæрæнбонты нæ хъысмæтмæ дæр, нæ историмæ дæр æмæ нæ аивадмæ дæр ахæм уæлæнгай цæстæй кæй кæсæм, уый тыххæй…

Цы иуæрдыгæй, цы – иннæрдыгæй… Фæлæ уæддæр махæрдыгæй, Ирыстонæн йæ хуссар хайы рдыгæй арæхдæр сæнхъизы æнæразыдзинад: не знæгты, гуырдзиаг ансамблты, дам, сæхимæ гастролты цæмæн бауадзынц…  Раст у, хъуамæ сæ ма уадзой, уымæн æмæ уыдон не знæгтæ сты. Раст у, хъуамæ гуырдзиаг къах Ирыстоны сценæйыл ма æрлæууа, цалынмæ нæ хатыр ракурой, уæдмæ. Августы хæсты хæдфæстæ Гергиты Валери Цхинвалы сыгъдæттыл концерт кæй радта, уыцы хъуыддаг «гнилой поступок» кæй Зураб Соткилава схуыдта, уыцы нацийы аивад хъуамæ æлгъыстаг æмæ хъодыйаг уа Ирыстоны зæххыл…

Фæлæ кæд искæй цæсты æрду уынæм, уæд нæхи цæсты къала бæлас цæмæннæ уынæм? Мах цæмæн кæнæм афтæ, нæ хъазты фæз нæхицæй æндæртæн хæстæгдæр цæмæн скодтам? Дунейыл бирæ аивады дæснытæ ис, фæлæ искуы федтам æмæ Уæрæсейы Стыр Уæлахизы бон нысан кæнгæйæ Лев Лещенкойы разæй искæцы бæстæйæ æрхонгæ зарæггæнæг Уæлахизы зарæг азарыд? 26 августы нын Уæрæсейы Федераци нæ хæдбардзинад кæй банымадта, уый у мах бæрæгбон. Мах, хæстæн дæр, блокадæйæн дæр æмæ мæлæтæн дæр чи бафæрæзта, уыцы Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмы бæрæгбон. Мах куынæ уыдаиккам, мах куынæ бафæрæзтаиккам, уæд  Уæрæсе кæй хæдбардзинад банымадтаид, уый дзы нал уыдаид. Уымæ гæсгæ нæ бæрæгбон куы нысан кæнæм, уæд дзы хъуамæ æрмæстдæр кæнæ фылдæр ирон зарæг хъуыса. Цæмæй афтæ мачи зæгъа, адон цæй хæдбардзинады аккаг сты, кæд сæ бон сæхи тыхтæй бæрæгбонон концерт радтын нæу, уæд… Цыфæнды адæмæн дæр, цыфæнды паддзахадæн дæр сæйраг у йæ аивад. Нæй аивад, уæд нæй наци дæр æмæ паддзахад дæр.

Ирон адæмæй уазæгуарзондæр адæм нæй. Уарзæм уазæг дæр æмæ искæй аивадæн аргъ кæнын дæр. Фæлæ нæ хъуамæ ма рох кæна, кæрцæн йе мпъузæн дæр йæхицæй кæй хъуамæ уа!

Фæлæ та рацæй-рабон æмæ та дыккаг мардæрцыды фæстæ æртыккаг мардæрцыд дæр рахъил…

Адæмы æнæразыдзинадæн та кæрон нал ис… Кæд ма, дам, нæм уыд афтæ – дыууæ мин æвддæсæм азы онг, дам, нæм ахæм диссæгтæ  никуы уыдис, ныр, дам, æрцæуæггæгты къæхты бын фестæм, нæхи зарæггæнджытæн, дам, сæ хурхыл ныххæцыдысты…

Мæнæ диссæгтæ, æддæг-мидæг ауайæг дунейы æнахуыр диссæгтæ!

Куыд нæм никуы уыд афтæ? Иу-стæм бæрнон бынаты йедтæмæ нæм, суанг хицауады сæрдарæй райдайгæйæ, иууылдæр æрцæуæггæгтæ куы бадтысты сойджын бынæтты…  Нæ телеуынынад дæр, нæ киноконцертон зал дæр цæгаткавказаг зарæггæнджыты куы уыдысты, райсомæй цай куы цымдтаис, уæд дæм агуывзæйæ дæр Султан Ураганы зарæг куы хъуыстаид…

Бæрæгбоны, 26 августы райсом раджы интернетмæ баппæрстой видео-æрмæг, Зæрæмæджы контролон-уадзæн пункты фаллаг фарс цалдæр машинæйы кæрæдзийы фæдыл урæдæй… Видеойы автор дзуры, зæгъгæ, ныр иу сахаты бæрц лæууын ацы ран… Æмæ, дам, дыууæ мин æвддæсæм азы онг ам ахæм цыдæр никуы уыд…

Ферох уæ, иу хатт Дзæуджыхъæуæй ирон адæмы уанелæй рацæуæг хуссарирыстойнаг делегаци поезды дæргъæн автобусыдзагæй уыцы ран иу суткæйы бæрц куы фæлæууыд?.. Ферох уæ, уыцы æнæхайыры арæныл-иу æртыгай-цыппæргай бонтæ æмæ æхсæвты астæумæ цъыфы сагъдæй, нæ хъысмæты карз æлгъыст кæнгæйæ куы лæууыдыстæм?..

Ай, цы диссæгтæ цæуы дæ быны, Хуыцау, цы дын кодтой дæ адæм, цæмæн сæ скодтай кæрæдзимидæг?!.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.