2015-2017 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицон программæйы фæлгæтты цы ахсджиаг объекттæ арæзт цæуынц, уыдонæй сæ иу у Дзауы районы Синагур-Карзманы фæндаджы арæзтад. Ацы фæндаджы сырæзтæй бирæ фæхуыздæр уыдзысты бынæттон цæрджыты уавæртæ. Афтæ ма йын ис стратегион нысаниуæг дæр, уымæ гæсгæ йæ арæзтадмæ стыр хъусдард здæхт цæуы куыд Уæрæсейы, афтæ нæ республикæйы разамынады ‘рдыгæй дæр. Нæ республикæмæ æрцæугæйæ Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады комитеты нымæрдары хæдивæг Рашид Нургалиев бабæрæг кæны ацы объекты. Æмæ та ныр дæр нæ республикæмæ æрцæугæйæ РХИ-йы Президент Тыбылты Леонидимæ ацыдысты æмæ базонгæ сты куыстытæ куыд цæуынц, уыимæ. Семæ ма уыдысты РХИ-йы Æдасдзинады Советы нымæрдар Плиты Анатоли, Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард æмæ «Дорэкспострой»-йы директор Лалыты Мурат.

Комитеты Сæрдар куыд радзырдта, афтæмæй Синагур-Карзманы арæнгæрон фæндагыл куыстытæ цæуынц снысангонд æмгъуыдты æмæ хъуамæ фæуой 25 ноябрмæ. Фæлæ йæ ныхæстæм гæсгæ фæндагаразджытæ план кæнынц, цæмæй æппæт куыстытæ дæр æххæст æрцæуой уыцы æмгъуыдæй раздæр – 15 ноябрмæ.

Фæндагы дæргъ æдæппæт у 10 километры æмæ 400 метры. Ныртæккæ йыл ногæй хуыр калд цæуы æмæ йæ ныннæмынц, афтæ ма куыстытæ фæуд кæнынц донуадзæн коммуникациты фæдыл. Фæндагон змæлды æдасдзинад ифтонг кæныны нысанæн фæн-даджы былтыл æвæрд цæуынц æфсæн-бетонон констркуцитæ, афтæ ма йæ былтыл æвæрд цæуынц фæндагон змæлды нысæнттæ дæр.

«Фæндаг хæххон бæрзонд бынаты арæзт кæй цæуы, æмæ дзы арæх мигъ кæй ныббады, уый тыххæй мах аскъуыддзаг кодтам, цæмæй дзы сæвæрæм сигналон нысæнттæ. Проектмæ гæсгæ фæндагæн йæ фæтæн у 4,5 метры, фæлæ йæ мах ауæрæхдæр кодтам 6 метры бæрц. Уымæ гæсгæ фæндагыл кæмфæнды дæр, цахæмфæнды стыр машинæтæ дæр кæрæдзийы фæрсты ахиздзысты», – загъта Гуыззыдтаты Эдуард.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй хуссарирыстойнаг подрядон организаци республикон паддзахадон куыстуат «Дорэкспострой»-йы кусджытæ райстой фæндагон арæзтадон куыстыты стыр фæлтæрддзинад æмæ сын уый æххуыс кæны сæ разылæууæг хæстæ профессионалонæй æмæ гъæдджынæй æххæст кæнынæн. Банысан ма кодта, зæгъгæ, ацы объекты ныртæккæ кусынц 400 адæймаджы бæрц.

Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Советы нымæрдары хæдивæг Рашид Нургалиев йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, Ленингоры районмæ фæндагарæзтадыл куыст, кæй зæгъын æй хъæуы,  стыр ахъаз фæцис фæндагарæзджытæн. Райстой хорз фæлтæрддзинад æмæ уый тынг фæзынд сæ куысты гъæдыл.

«Фидарæй зæгъæн ис, ныртæккæ ацы фæндагыл, цæрджытæн сæ бон кæй у Карзманæй Синагурмæ æрцæуын, – афтæ ма арæнхъахъхъæнджытæн дæр сæ бон у сæ хæстæ æдых-стæй скъуыддзаг кæнын. Фæндагыл цæуæн ис сæрибарæй, цæмæй цæрджытæ кæрæдзимæ цæуой. Æз алыхатт дæр зонын иу хъуыддаг иннæимæ абарын æмæ æры-мысыдтæн фыццаг хатт ардæм цæугæйæ куыд цыдыстæм КАМАЗ-ыл, техникæ иу ныххауд цъыфы, афтæмæй цыдыстæм æртæ сахаты дæргъы. Абон фенæн ис æндæр ныв. Уымæ гæсгæ мæ цæст сымахæн уарзы æнтыстытæ уæ дарддæры царды, уымæн æмæ мах ацы куыстытæ аразæм адæмæн, загъта Рашид Нургалиев.

Балцы рæстæджы ма Тыбылты Леонид бацыд Карзманы хъæумæ. Фембæлд цæрджытимæ. Уыдон Президентæн радзырдтой сæ проблемæты тыххæй. Домдтой, кæй сæ фæнды, сæ уæййæгты базармæ ахæссын æмæ сын уый фадат кæй нæй.

Президент йæ рады хъæуы цæрджытæн баныфс æвæрдта мадзæлттæ кæй райсдзæн æнæмæнгхъæуæг æххуыс бакæнынæн. Уый ма бабæрæг кодта Карзманы хъæуы æндæр хъæутимæ чи иу кæнынц, уыцы дыууæ хиды арæзтадты. Уыдонæй иу уыдзæнис чысылдæр, хъæумæ æввахс къахæй йыл бахизынæн. Дæлдæр та арæзт цæуы стырдæр хид капиталонæй, машинæтæ кæуылты цæуой æдæрсгæйæ, ахæм. Зæгъын хъæуы уый æмæ ацы хидтæ арæзт кæй цæуынц Президенты инициативæйæ. Фæндагы арæзтад куыд цæуы, уый бабæрæг кæныны тыххæй фыццаг хатт куы уыд уым, Президент, уæддæр бабæрæг кодта Карзманы хъæуы цæрджыты æмæ йын уæд уыдон рахъаст кодтой доны сæрты хизын сын тынг зын кæй у, æвзарынц зындзинæдтæ. Уæд сын Тыбылты Леонид баныфс æвæрдта хид арæзт сæм кæй æрцæудзæнис, уымæй. Ныр цæрджыты цинæн кæрон дæр нæ уыд, иу хид нæ, фæлæ ма сын дыккаг дæр арæзт кæй цæуы, уй тыххæй. Цæрджытæм стыр хъусдард ис «Дорэкспострой»-йы разамынады ‘рдыгæй дæр. Йæхи фæрæзтæй сын самал кодта ссад æмæ сын сæ æххуысы хуызы байуæрстой. Ныр дæр та бахатыдысты цæр-джытæ Президентмæ дизелон æртаг сын кæй нæй, уый тыххæй. Президент бахæс кодта Лалыйы фыртæн, цæмæй сæххæст кæна цæрджыты ацы домæн дæр. Зæгъын хъæуы уый æмæ хъæуы цæрджытæ сæхæдæг дæр хайад кæй исынц фæндаджы арæзтады.

Фæндаджы арæзтад æцæгæйдæр у уникалон. Йæ хæрзарæзт адæймаджы дисы æппары. Уый та у Гуыззыдтаты Эдуард æмæ Лалыты Мураты диссаджы арæхсты руаджы. Фæндагæн цы проект арæзт æрцыд раздæр, уый нæ рабæззыд, дзуапп нæ радта фæндаджы до-мæнтæн. Ныртæккæ фæндаг кæуылты цæуы, уый лыг кодтой сæхæдæг Мурат æмæ Эдуард. Бирæ хъизæмæрттæ æвзæрстой, хъæд цæгъдгæйæ, хæхты рæгътыл хизгæйæ-иу фæдзæгъæлтæ сты. Ныр фæндаг рауад лæгъз æмæ рæсугъд æмæ алыфарсонæй дæр дзуапп дæтты фæндаджы домæнтæн.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.