25-æм октябры РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти ауагъта радон рабадт. Уым хайад райстой йæ хæдивджытæ Тъехты Алан æмæ Козаты Димитр, Экономикон райрæзты министр Зæгъойты Вильям, Стандартизаци æмæ метрологийы комитеты хистæр Цхуырбаты Зауыр, сæудæджерадон палатæйы хистæр Цоциты Рудольф, районты администрациты сæргълæуджытæ æмæ æндæр ведомствæты минæвæрттæ. Рабадтмæ ма хуынд æрцыдысты, хъæууонхæдзарадон продукци цы æмбæстæгтæ æркæнынц æмæ сæ тыллæг реализацийы рæстæджы проблемæтæ кæмæн сæвзæры, хъæуты уыцы цæрджытæ.

Бæрæг куыд у, афтæмæй районты цæрджытæ куырдиат ныффыстой Президент Тыбылты Леонидмæ, цыран дзырдæуы, цæмæй сын сæ проблемæмæ сæ хъус æрдарой хицауад æмæ скъуыддзаг æрцæуа сæ хъæууонхæдзарадон тыллæджы реализацийы фарст республикæйæн æддейæ.

Президент Тыбылты Леонид фæдзырдта Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти æмæ йæ хæдивджытæ, цæмæй ацы проблемæ æвæстиатæй иуварсгонд æрцæуа. «Уæ разы уын æвæрын хæслæвæрд, цæмæй бакусат ацы фарстыл, рафæлгъауат ын йæ сæххæст кæныны механизмтæ æмæ сæ фæхæццæ кæнат адæммæ», – загъта Президент.

Хицауады Сæрдар йæ банысан кодта: «Махæн нæ хæс у, сымах афæдзыдæргъы цæуыл фыдæбон кодтат, цы тыллæг æрзайын кодтат, фæлæ ныр, республикæйы æддæмæ уæ тыллæг куыд аласат æмæ йæ среализаци кæнат, уый ныхмæ цы цæлхдуртæ ис, уый сахуыр кæнын æмæ уын баххуыс кæнын. Уый фæдыл мæ фæнды байхъусын сымахмæ, цæмæй лæмбынæгдæр радзурат уæ проблемæ.

Хъæуты цæрджытимæ беседæйы рæстæджы рабæрæг, уыдон райгонд кæй не сты сæ продукци республикæйæн æддæмæ куы фæласынц, уæд сæ таможнæйы цы сæрмагонд гæххæттытæ æркурынц. «Иуæй, уыдон аразыныл бахъæуы къорд бонтæ, иннæмæй та, Уæрæсейы территорийыл уыцы гæххæттытæн нал вæййы тых», – дзырдтой амалиуæггæнджытæ.

Хъуылымбегты Доменти хæслæвæрд радта, ацы фарст кæмæ хауы, уыцы ведомствоты къухдариуæггæнджытæн, цæмæй йыл бæстон бакусой æмæ йæ уый фæстæ фæхæццæ кæной адæммæ.

Профилон ведомствотæн бахæсгонд æрцыд, цæмæй бадзурой æмæ  официалонæй сæ къухтæ æрфыссой Цæгат Ирыстоны коллегæтимæ, цæмæй нæ республикæйы лæвæрд гæххæттытæн уа закъонон тых.

Фæлæ уыимæ иумæ Хицауады Сæрдар фехъусын кодта цæрджы-тæн, сæ продукци реализаци кæныны тыххæй æнæмæнгхъæуæг цы у æмæ цы критеритæ хъуамæ хъахъхъæд цæуой. «Æппынфæстагмæ, бынæтты, районты, куыд алы районы администрацийы, афтæ хъæууон хæдзарады министрады хайадты кусджытæ дæр хъуамæ бæстонæй æмбарын кæной не ‘мбæстæгтæн, цы мадзæлттæ исын хъæуы райдианы сæ продукци реализаци кæныны тыххæй», – Хъуылымбегты Доменти дзырдта.

«Сымах дæр хъуамæ æмбарат, Уæрæсейы Федерацийы цы закъон уæвынад кæны, уый кæй бæстон кæны бæрæг нормæтæ, сæ территоримæ цы товартæ ластæуы, уыдоны гъæды фæдыл. Афтæ ма ис бæрæг лабораторион домæнтæ дæр. Уымæ гæсгæ алцы дæр хъуамæ дзуапп дæтта уыцы домæнтæн», – загъта ма Хъуылымбегты Доменти. Уæлдæр загъдгонд фарстатæ аскъуыддзаг æмæ æрбиноныг кæныны хæстæ æвæрд æрцыдысты Хицауады Сæрдары хæдивæг Козаты Димитрыл. Уый ацы фарстатæ зонгæйæ фæндон бахаста, цæмæй арæзт æрцæуа сæрмагонд центр, цыран ацы фарстыл чи кусдзæнис, уыдон уой иу бы-наты æмæ хъæууон цæрджытæн сæ продукци реализацийы тыххæй цы документтæ лæвæрд цæуы, уыдон ист цæуой мобилонæй.

Районты администрациты хистæртæн хæсгонд æрцыд, цæмæй, сæ районы цæрджыты хъæууонхæ-дзарадон продукцийæн йæ бæрц цас у. Уыцы зонæнтæ та, дам, бавдисын хъæудзæнис республикæйы хицауадмæ.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.