1943 Украинæйы зæххыл фæмард не ‘мзæххон, нæ горæты цæрæг Санахъоты Хасан дæр. Уый хæстон архайдтыты тыххæй нын радзырдта йæ фыдыфсымæры лæппуйы лæппу Санахъоты Григол.

Хасан ахуыр кæнынмæ ацыд Бакойы æфсæддон ахуыргæнæндонмæ. Ам ын лæвæрд æрцыд лейтенанты чин стæй   бахауд Финаг хæстмæ. Йæхæдæг нæм фронтæй куыд фыста, афтæмæй уыцы аз карз зымæг уыд, пулеметæй æхсæг уыд æмæ-иу ын митыл цæуын тынг зын уыд. Хасан йе ‘мбæлттæн бауынаффæ кодта, цæмæй саразой хъæдын дзоныгътæ æмæ уыдоныл ласой сæ пулеметтæ. Æмбæлттæ тынг райгондæй баззадысты Хасаны арæзт дзоныгътæй, сæ нæмгуытæ дæр ма-иу уыцы дзоныгътыл сæвæрдтой. 1940 азы Хасан фæцис уæззау цæф. Æртæ мæйы фæхуыссыд госпиталы, стæй йæ арвыстой 161-æм дивизийы æхсæг полкмæ. Уым æй æрæййæфта Фыдыбæстæйы Стыр хæст дæр.

Уыцы дивизи уыд Могилевы горæты æмæ горæтыл куы æрхъула кодтой знæгтæ, уæд цæмæй архивон сусæг гæххæттытæ знаджы къухмæ ма бахаудтаиккой, уый тыххæй сæ хъуыд бахъахъхъæнын. Уыцы хæс йæхимæ райста Санахъойы фырт æмæ сæ фæхæццæ кодта, кæдæм æмбæлд, уырдæм. Уый тыххæй йæ схорзæхджын кодтой Кады нысаны орденæй. Йæ хæстонты ‘хсæн ын уыд стыр кад, уарзтой йæ æмæ йыл æууæндыдысты. Уыцы рæстæг карз тохтæ цыд Мæскуымæ бацæуæнты. Йæхи æхсарджын хорз кæй æвдыста, уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд капитаны цин. Хасан та ногæй бахауд госпиталмæ æмæ та йæхицæн схос кæныны фæстæ адарддæр кодта йæ тохы фæндаг. Хасан-иу куыд фыста фыстæджыты йæ хиуæттæм, афтæмæй йемæ бирæ уыд ирæттæ, фæлæ æппынæдзух йæ фарсмæ уыд уый – Шалико æвзонг афицер Уазæгты Шалико Цхинвалы районæй. Иу тохты йæ «рахиз цонг» фесæфт æбæрæгæй. Тынг-иу ыл мæт кодта Хасан, агуырдта йæ. Йæ бинонтæ йæм цы фыстæджытæ фыстой, уыдонæн-иу Хасан сдзуапп кодта. Уырныдта йæ, кæй йæ ссардзæн. Фæлæ, хъыгагæн, абон дæр, уыцы афицер нымад цæуы æбæрæгæй сæфтыл.

Фæстаг фыстæг ма Хасанæй бинонтæ, райстой 1943 азы марты мæйы горæт Кривой Рогæй. Уым фыста, зæгъгæ  Советон æфсад цалдæрæрдыгæй æрхъула кодтой знагыл. Бинонтæн Хасанæй кæд уый йæ фæстаг фыстæг уыд, уæддæр, уый фæстæ йæ дивизийы хистæрæй базыдтой æндæр зонæнтæ. Йæ дивизи дарддæр кæй сæрибар кодта Украинæйы зæххытæ знагæй æмæ уыцы тохтæй сæ иуы кæй бабын Санахъоты Хасан Дауыты фырт.

Хиуæттæ æмæ хæстæджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Санахъоты Хасаны хорзæхтæ æмæ грамотæтæ æвдисæн сты, уый Райгуырæн бæстæмæ æнæкæрон уарзондзинад кæй æвдыста. Абон дæр уый ныгæд у Украинæйы зæххыл, æфсымæрон ингæны. Цалдæр азы размæ дæр-иу уырдæм ацыдысты майы бæрæгбонты йæ хиуæттæ æмæ-иу дидинджытæ сæвæрдтой мемориалы раз. Ныр дæр уырдæм бацæуынц сæ мыггаджы минæвæрттæ, кæцытæ цæрынц Украинæйы зæххыл.

Æнусон кад уæд хъæбатыр хæстонæн, ирон лæджы кад бæрзонд чи хаста Фыдыбæстæйы хъахъхъæнгæйæ, уымæн!

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.