Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмы Уæлахизы бон – 9-æм Май, нæ адæмæн у кад æмæ сæрыстырдзинады бæрæгбон. Мах сæрыстыр стæм, нæ адæмæй уыцы хæсты хайад чи райста, уыдонæй. Ирон адæмæй ахæм хæдзар нæ баззад, иу кæнæ цалдæр хæстхъомы кæцæй нæ ацыд тохы быдырмæ.  Уыцы тугуарæн хæсты немыцаг фашистты ныхмæ хъæбатырæй, сæ цардыл нæ ауæрдгæйæ, тох кодтой ирон адæмы фырттæ æмæ чызджытæ дæр.  Уыдонæй бирæтæ, стыр хъыгагæн, баззадысты тохы быдыры,  бирæтæ та сæ онгцухтæй, цæфтæй æрыздæхысты сæ фыды уæзæгмæ.

Ирæттæ нацийы нымæцмæ гæсгæ фыццаг бынат æнæхъуаджы нæ бацахстой, уымæн æмæ нæ адæмæй Советон Цæдисы хъайтартæ цас ис, уыйас никæцы нацийæ ис.  Хъазуатон тохы бацæугæйæ, уыдон нæ хъуыды кодтой, сомбон сын исчи сæ номæн кад кæндзæн, кæнæ та сæ цасдæр рæстæджы фæстæ ферох кæндзысты, ууыл. Уыдон сæ хæсыл нымадтой сæ Фыдыбæстæ бахъахъхъæнын, немыцаг фашистты Райгуырæн бæстæйæ фæсурын, фашизм бынтондæр скуынæг кæнын. Нæ хъуыды кодтой ууыл дæр, æмæ сын се сгуыхтдзинæдты истори цавæрдæр ницæйаг адæмтæ зыгъуыммæ кæндзысты.

Абон Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæй  стæмтæй дарддæр удæгас ничиуал ис. Мах нæ уаз хæсыл хъуамæ нымайæм уыдонæн лæггад æмæ кад кæнын, уымæн æмæ абон а-дунейыл уыдоны фæрцы цæрæм. Нæ хæс та у Стыр  Уæлахизы бон – 9-æм майы  Парадмæ рацæуын, сæ нывтимæ удæгас  полчъы хайад райсын. Уымæй скад кæндзыстæм нæхицæн дæр, æмæ нæ хæстæджытæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайад чи райста, хæсты быдыры чи фæмард, уыдонæн дæр. Абон мах уыдонæн куы нæ кад кæнæм, уæд сомбон нæ абоны хъайтартæ дæр ферох уыдзысты.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.