Ныр дыууæ къуыримæ æввахс Хуссар Ирыстоны дзыллон информацийы фæрæзтæ фыссынц æмæ æвдисынц 2008 азы августы трагикон цауты фæмардуæвæг ирон лæппуты хъайтардзинæдты тыххæй æрæмджытæ. Мах æрымысæм, æцæгæлон Ирыстоны зæххыл се ‘взонг удтæ кæмæн аскъуыдысты, уыцы уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты рухс нæмттæ дæр, фæлæ дзы конкретонæй стæмты кой ракæнæм. УФ-йы Хъахъ-хъæнынады министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2008 азы августы Гуырдзыстоны фидыдадмæ æркæныны операцийы рæстæджы фæмард сты 70 уæрæсейаг æфсæддон службæгæнæгæй фылдæр, цæфтæ та фесты 283 æфсæддон службæгæнæджы.

Абон мысæм цалдæр фæмардуæвæг хæстоны рухс нæмттæ.

СЕРГЕЙ ШЕВЕЛЕВ

Уый уыд Цæгат Кавказы æфсæддон зылды 58-æм æфсады развæдсгарæн взводы командир. 2008 азы 8-æм августы райсомæй раджы гуырдзиаг артиллери комкоммæ тыхджын æхст райдыдта уæрæсейаг фидауынгæнджыты, уый фæстæ та – гранатæхсæнтæй. Райсомы 6 сахатыл фыццаг хатт батальоны сатакæ кодтой танкæтæй фистæг æфсады æххуысæй. Фыццаг минуттæй фæстæмæ Сергей Шевелев уыд йæ дæлбар æфсæддонтимæ иууыл тæссагдæр фадыджы. Организаци кодта хъахъхъæнынад, цæфты æдас ранмæ бакæнын æмæ батальонмæ чи æрбалыгъд, уыцы сабыр цæрджыты бахъахъхъæнын. Тохы быдыры йæ алыварс снарядтæ хæлын куы райдыдтой, уæд Сергей йæхи равдыста, куыд æцæг хъæбатыр хæстон, афтæ. Нæ алыгъд æдас ранмæ, нæ паникæ кодта. Командир фыццаг рады хъуамæ хъуыды кæна йæ дæлбар уæвджытыл æмæ уый алцыдæр сарæзта, цæмæй йæ адæм сæрæгасæй аирвæзтаиккой, фæстаг минутты онг тырныдта йæ позици сфидар кæнынмæ. 27 аздзыд хъæбатыр командир фæмард фыццаг уыцы тæссаг хæсты. Сергей Шевелев фæмардуæвджыты номхыгъды ис, уый йæ цардæмбал Аннæ базыдта тагъдыл бастдзинады руаджы. Ацы информаци бафидар кодтой поселок Прохладныйы æфсæддон хайы, цыран службæ кодта уый æмæ уырдыгæй рацыд фидауынгæнæгæй Хуссар Ирыстонмæ. Сергей райгуырд 1981 азы 1-æм марты. 2004 азы каст фæцис Санкт-Петербурджы Михайловскы æфсæдтон артиллерион университет. Уæлдæр ахуырадон уагдон каст фæуыны фæстæ æрвыст æрцыд поселок Прохладныймæ, цыран цард йæ цардæмбал æмæ йæ чысыл чызгимæ.

2008 азы 19-æм сентябры Уæрæсейы Федерацийы Президенты Барамындæй хистæр лейтенант Сергей Шевелевæн йæ амæлæты фæстæ лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Хъайтары ном «Сырх Стъалы»-йы майдан ын радтгæйæ, йе ‘фсæддон хæс æххæст кæныны рæстæджы хъайтардзинад кæй равдыста, уый тыххæй. Ныгæд æрцыд Псковы областы Псковы районы Горневойы хъæуы уæлмæрды.

 

АЛЕКСЕЙ ТАРАСОВ

«Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны августы агрессийы рæстæджы Алексей уыд артиллерион дивизионы хистæр, майор. Æмæ ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд 29 аздзыдæй! Диссаджы карьерæ! Хъуыдис æй æрмæстдæр цæрын æмæ уæд инæлары онг дæр схызтаид. Улæфты йæ нæ ауагътам 2008 азы майы мæйы, кæд уый тынг тырныдта йæ æртæмæйдзыд фырт Женькайы фенынмæ, уæддæр. Фæлæ улæфты бæсты, хайад иста ахуырты Хуссар Ирыстонимæ арæныл. Æмæ уый фæстæ та 2008 азы августы хæсты», – æнкъардæй дзуры полкы штабы хистæры хæдивæг Александр Суворов.

Артиллерион дивизион, кæцыйы штабы хистæр уыд Тарасов, Хуссар Ирыстоны территоримæ бацыд 8-æм августы æхсæвы 2 сахатыл. Хæсты дыккаг бон уырыссæгтæ Цхинвалы штурм кæнын куы райдыдтой, уæд Алексейы командæйы бын артиллеристты къорд æхсын райдыдта ныхмæлæууæджы позицитæ. Гуырдзиæгтæ æхстой комкоммæ, фæлæ майоры снаряд нæ амардта. Амардта йæ снайпер дард ранæй егъаукалиброн винтовкæйæ. Чысыл лæппу йедтæмæ ма йын баззад чызг дæр. Ныгæд æрцыд Вязовкайы хъæуы. Йæ ныгæнæн бон æй фæндараст кодта æнæхъæн хъæу. Æвзонг салдаттæ-æмгъуыдонтæ сæ къухты хастой цинкæй арæзт марды чырын. Арв дæр куыдта, майоры йæ фæстаг фæндагыл фæндараст кæнгæйæ. Тарасов 10-æм къласы ахуыр кæнгæйæ, аскъуыддзаг кодта æфсæддон суæвын æмæ каст фæцис Екатеринбурджы артиллерион ахуыргæнæндон. Алексей Тарсовæн йæ амæлæты фæстæ лæвæрд æрцыд Æхсардзинады орден.

 

АНТОН МАРЧЕНКО

Марченко контрактмæ гæсгæ службæ кодта Хуссар Ирыстоны сабырдзинад бахъахъ-хъæныны фæдыл æмхæццæ фидуынгæнæг тыхты фидауынгæнæг батальоны сконды 19-æм мотоæхсæг дивизийы механик-шофырæй. 8-æм августы гуырдзиаг æфсæдтæ сатакæ кодтой батальоны базæйон лагеры. Фидауын-гæнджытæ аккаг ныхкъуырд радтой, сæхицæй бирæ фылдæр чи уыдысты, уыцы ныхмæлæу-уæджы тыхтæн. Тохы рæстæджы Антон Марченко судзгæ БМП ракодта уæрæсейаг фидауынгæнджыты позицийæ æмæ афтæ-мæй мæлæтæй бахъахъхъæдта йе ‘мбæлтты. Рæнхъонæн нал бантыст судзгæ машинæйæ рахизын, кæцы спырх æртаджы бактæ æмæ æфсæддон комплекты дето-нацийæ. 2008 азы 1-æм октябры УФ-йы Президенты Барамын-дæй Антон Марчен-койæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Хъайтары ном йæ амæлæты фæстæ.

Райгуырд 1987 азы 5-æм сентябры, цард Оренбурджы областы Обуховойы поселочы. 2006 азы каст фæцис таможнæйон колледж. 2008 азы 19-æм августы ныгæд æрцыд горæт Бузулукы. Йæ номыл Бузулукы районы Красногвардеецы поселочы астæуккаг скъо-лайы баконд æрцыд мемориалон фæйнæг.

АРТЕМ ПОЛУШКИН

2006 азы 9-æм декабры Полушкинмæ æрсидтысты æфсады рæнхъытæм. Арвыс-той йæ Свердловы областмæ. Нырма йæ ныййарджытæм фыста фыстæджытæ, уый фæстæ сæм райдыдта æрвылбон дæр телефоны дзурын. Фæлæ иу хатт телефон банцад, æцæг сæм уый фæстæ йæхæдæг фæдзырдта æмæ сын фехъусын кодта контрактон службæмæ кæй рахызт, уый тыххæй. Уайтагъд æй ракодтой Дагъыстаны Буйнакскмæ. Йæ ныййарджытæ тынг фæдис кодтой, уымæн æмæ сæ фырт никуы дзырдта йæ ахæм фæндоны тыххæй. 2007 азы йæм ацыдысты уазæгуаты. Æмæ-иу уый фæстæ Артем дзырдта, зæгъгæ, йæ ныййарджытимæ арвитгæ дыууæ боны уымæн уыдысты йæ иууыл амондджындæр бонтæ. Систа йæ мад æм йæ фыды нывтæ танчы цур.

Хуссар Ирыстоны цауты тыххæй Полушкинты бинонтæ базыдтой 9-æм августы æмæ уайтагъддæр райдыдтой телефоны  дзурын. Бахаудтой æрмæстдæр боны фыццаг сахатыл æмæ зæрдæдзæф куыднæ фесты  – Артем фæмард. Уыцы бонæй фæстæмæ уыдон цæргæ нæ, фæлæ уæвынад кодтой. Цыппæрæм бон фехъуыстой ахæм информаци, зæгъгæ, йæ бахастой ныккæндмæ бынæттон цæрджытимæ. Уый фæстæ та нымад цыд æбæрæгæй сæфтыл. Ныфс сæ уыд сæрæгасæй кæй разындзæн, уымæй, фæлæ…

Уый фæстæ та сын фехъусын кодтой, зæгъгæ, басыгъд танчы. Йæ ныййарджытæ арвыстой туг ДНК саразыны тыххæй æмæ уый фæстæ райстой официалон гæххæт йæ амæлæты тыххæй. Иннæ бонты та æнхъæлмæ кастысты, кæд æй æрласдзы-сты, уымæ… Йæ ныййрджытæ сæ хъæбулы нывтæ æрæмбырд кодтой иу альбомы, Артем йæ фæстаг ныв систа, æфсадмæ йæ куы фæндараст кодтой, уæд, кæцы уæлдай тынгдæр риссын кæны зæрдæ – автобусы ру-дзынгæй йæ къухтæ тилы йæ фæндарастгæджытæм æмæ йæхицæн та йæ цæстытæ сты тынг æнкъард, раст æй цыма зыдта, уый йæ мæлæты фæндаджы райдиан кæй у, уыйау…

Артем Полушкинæн йæ амæлæты фæстæ лæвæрд æрцыд Æхсардзинады орден.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.