Æрæджы мæм телефонæй æрбадзырдта гуырдзиаг-ирон хæсты фæмардуæвджыты æмæ æбæрæгæй сæфт адæймæгты бинонтæн æххуысы хæрзаудæн республикон фонды сæрдар Тедеты Заринæ. Уый мæ раст цыма йæхицæн исты куырдта, уыйау мæм æфсæрмгæнгæйæ бахатыд, цæмæй газет «Хурзæрин»-ы фæрстыл æрæмысæм, 1992 азы июнь-июлы мæйты сæ райгуырæн зæхх хъахъхъæнгæйæ, хъæбатырæй цы ирон лæппутæ фæмард сты, уыдоны рухс нæмттæ. Уымæн æмæ се ‘взонг удтæ куы аскъуыдысты, уыцы бонтæй рацыд 25 азы.

1992 аз, июнь… дæргъвæтин рæстæджы дæргъы Цхинвал æппынæдзух  ис æхстыты бын, æхсынц тугмондаг сырдтæ горæты алы къуыммæ дæр, нæмыг кæуылфæнды сæм-бæлæд, фæнды сывæллоныл, фæнды – сылгоймагыл, кæнæ зæронд адæймагыл, уæлдай сын нал уыд лæгсырдтæн, сæ фæнд уыд æрмæстдæр ирон адæмы ныццæгъдын, фылдæры дзы скуынæг кæнын. Горæты сæрмæ хъæды æрбынат кодтой снайпертæ, кæцыты къухæй фæмард æмæ фæцæфтæ сты бирæ адæм. Иу уынгæй иннæ уынгмæ ахизæнтæ дæр нал уыд, горæт хуыдуг кодта… Уазал, æххормагдзинад, тасдзинад, алыварсон блокадæ, уыцы нымæцы информацион блокадæ дæр. Чысылнымæц ирон адæм фæдисы хъæр кодтой, фæлвæрдтой дунеон  æхсæнадæн фехъусын кæнын Гуырдзыстоны фашистон режим, йæ сæргъ Гамсахурдия, афтæмæй ирон адæмæн радон хатт геноцид кæй аразынц, уый,  фæлæ сын сæ тыхст хъæр ничи хъуыста.

1991-92 азты тынг уæззау дуг ныккодта хуссарирыстойнаг адæмыл. Адæймаг бонæй-бон цыфыддæр хабæрттæ хъуыста, бонæй-бон æвзæрдæр кодта нæ цард, бонæй-бон фылдæр кодта гуырдзыйы амæттæгты нымæц… Тынг зын ферохгæнæн сты, гуырдзиаг агрессортæ Хуссар Ирыстоны зæххыл цы сырдон митæ фæкодтой, уыдон. Ирон бархионтæ кæд аккаг ныхкъуырд лæвæрдтой знæгтæн, уæддæр уыдон бирæ фылдæр уыдысты, стæй ифтонг уыдысты алыгъуызон хæцæнгæрзтæй æмæ алы фыдмитæ кодтой ирон адæмæн. Гуырдзиаг-ирон конфликты рæстæджы фыццаг дыууæ азы фæстиуæг у ахæм: фæмард 1000 адæймаджы, фæцæф  сты 3500 адæймаджы, æбæрæгæй фесæфтысты 112 адæймаджы. Сæ цæрæн бынæттæ ныууагътой æмæ Хуссар Ирыстонæй ацыдысты 12 861 адæймаджы. Гуырдзыстоны мидæггагон районтæй ралыгъдысты 100 мин адæймаджы.

Æхстытæ-иу бирæ хатт æнæхъæн суткæты дæргъы дæр не ‘рсабыр сты æмæ афтæмæй мардысты куыд хæстон лæппутæ, афтæ сабыр цæрджытæ дæр. Адæмæн сæ бон нæ уыд ныккæндтæй рахизын, нæмгуытæ ихуарæгау кæй кодтой, уый фæстиуæгæн. Нæ лæппутæ та ахæм тыхджын æхстыты бын хъæбатырæй лæууыдысты знаджы ныхмæ. РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд нысаниуæджы къор-дæн уыд æртæ взводы. Ацы æртæ взводы лæппутæ  лæууыдысты иууыл тæссагдæр бынæтты.

1992 азы июнь-июлы фæмард тынг бирæ адæм, цæфтæ та фесты дæсгай адæй-мæгтæ. Мæнæ ацы æдзард лæппутæ сæ цард нæ бавгъау кодтой сæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау, Ирыстоны, ирон адæмы рæсугъд фидæны тыххæй: Æлборты Алан, Багаты Эрик, Бесаты Юри, Бестауты Аслан, Джиоты Владик (Басмач), Джиоты Маирбег, Джиоты Олег, Гуыбаты Зураб, Дыгъуызты Георги, Къæбулты Ирбег, Кæсойты Тамаз, Кæрчиты Альберт, Чилæхсаты Валентин, Чилæхсаты Рутен, Кокойты Сергей, Лалыты Инал, Остъаты Алан, Остъаты Олег, Пухаты Гурам, Санахъоты Мераб, Сатхъоты Ханджери, Табуты Радион, Тедеты Æхсар, Тедеты Вадим, Туаты Ансер, Михайленко Александр (Саша), Санахъоты Григори, Дзабиты Геннади æмæ бирæ æндæртæ.

1992 азы 7-æм июны Мидхъуыддæгты министрады Сæрмагонд нысаниуæджы къорды æртыккаг взвод хъахъхъæдта ТЭК-ы районы пост. Взводы сконды уыд 17 адæймаджы, йæ командир уыд Гуыбаты Зураб, взводы сконды уыдысты Дзабиты Геннади, Санахъоты Гришик æмæ æндæртæ, æдæппæтæй 17 адæймаджы. Взводы лæппутæй иууыл кæстæр Санахъоты Гришикыл цыд 17 азы æмæ иууыл хистæрыл та – 30 азы.

Уыцы бон  11 сахатмæ æввахс уавæр цæхгæр фендыгъддæр. Райхъуыстысты тыхджын срæмыгътытæ, знæгтæ се ‘мбæхæсæнтæй взводы позициты райдыдтой æхсын егъаукалиброн хæцæнгæрзтæй. Уыцы бон æхстытæ не “рсабыр сты суанг изæрмæ, лæппутæн горæтимæ цы бастдзинад уыд, уый уайтагъд фесæфт. Кæй зæгъын æй хъæуы, æхстытæ горæты цæрджытæ дæр хъуыстой æмæ катайы бахаудысты. ТЭК-ы район рыг æмæ фæздæджы бын фæцис, алырæтты дзы сармадзаны нæмгуытæ кæй пырх кодтой, уый фæстиуæгæн.

Дзабиты Геннади службæ кодта Афганистаны æмæ йæм уыд хæстон цæттæдзинад, фæлæ уый фæмард фыццаг. 12 сахатыл минæ спырх йæ цуры æмæ йыл йе схъис сæмбæлд. Йæ туджымæцгæйæ ма йæ Цхуырбаты Вова æмæ Туаты Алан Вовайы зæронд «Москвич»-ыл куыддæрты æрластой рынчындонмæ, фæлæ йын дохтыртæ дæр ницыуал баххуыс кодтой, афтæмæй йе ‘взонг цард аскъуыдис. Йæ хæстон æмбæлтты ныхæстæм гæсгæ, взводы командир Гуыбаты Зураб уыд тынг хъæбатыр æмæ уæндон. Арæх-иу рахызт знæгтæм æргомæй æмæ-иу сæ афтæмæй æхста. Раст афтæмæй  сæмбæлд знаджы нæмыг йæ сæрыл æмæ дæ балгъитæг дæр афтæ фæуæд. Зураб уый размæ цард Красноярскы, ахуыр кодта юридикон факультеты, уыдис ын цардæмбал æмæ иу чызг. Фæлæ йæ Райгуырæн бæстæ тыхст уавæры куы бахаудта, уæд Уæрæсейы зæх-хыл ныууагъта йæ ифтонг цард æмæ æрыздæхт йæ уарзон Цхинвалмæ, цыран ссардта йæ мæлæт дæр.

Лæппутæ сæ командиры фесафгæйæ, æнхъæлмæ кастысты горæтæй æххуысмæ æмæ изæрмæ аккаг ныхкъуырд лæвæрдтой знагæн, фæлæ сæ хæстон æрмæджытæ фесты. Знæгтæ дзуаппон æхстытæ куынæ уал хъуыстой, уæд  ТЭК-мæ фæзындысты цыппар БМП-ыл. Уыдонæй дыууæ æрбацыд Гуры  ‘рдыгæй æмæ дыууæ та – Присы ‘рдыгæй. Сæ фæстæ та цыдысты танкæтæ. Сырдон æгъдауæй амардтой Санахъоты Гришикы. Йе ‘взонг буарыл ахæм бынат нал баззад, уый æхст æмæ фыднад цыран нæ уыд, фæлæ уæддæр Ирыстоны хъайтар фæстаг сулæфты онг дæр хъæр кодта, «æз ирон дæн», зæгъгæ.

8-æм июны ТЭК-ы Джиоты Владик æмæ йæ хæстон æмбæлттæн гуырдзиаг лæгхортимæ бацайдагъ удуæлдай æнæмсæр тох.  Владик уыд тынг æхсарджын адæймаг, тас  цы уыд уый нæ зыдта, иууылдæр цыд лæппуты разæй. Уый йæхæдæг иунæгæй айнæг хохау удуæлдай тохы бацыд дæсгай знæгты ныхмæ æмæ хъæбатырæй фæмард. Гуырдзиæгтимæ уыд, Афганистаны кæимæ службæ кодта ахæм лæппу æмæ фæстæдæр загъта, зæгъгæ, дам, йæ хæцæнгæрзты иу нæмыг дæр нал уыд, æхста, дам, фæстаг нæмыджы онг. Уый йæ разæй йе знæгтæй бирæйы барвыста. Нæ фæтарст Джиоты цæнгæтфарс лæппу, кæд ыл знаджы нæмгуытæ ихуарæгау кодтой, уæддæр. О, цас хъару æмæ цас  тых уыд йе ‘взонг уæнгты, цæфæй дæр йæ ныфс нæ асаст, йæ хæцæнгарзыл фидар хæцыд æмæ фæстаг нæмыджы онг дæр æхста знæгты. 12-æм июны та, Цхинвал хъахъхъæнгæйæ  хъæбатырæй фæмард Табуты Радион.

Æрмæст 12 июлы Тамаресмæ æввахс фæмард сты авд ирон лæппуйы æмæ 42 адæймаджы та цæфтæ фесты.  Тедеты Æхсар æмæ Дриаты Олег дæр фæмард сты уыцы бон. 12 июлæй 13 июлмæ æхсæвы Тамаресы арæныл знаджы нæмыгæй мæлæтдзаг цæф фæцис Тедеты Æхсар. Йæ фæтæн риу нæмыджы раз фидар къулау чи æвæрдта, тæккæ зындæр хæс йæхимæ чи иста, уый рафæлдæхт. Æххуысмæ ма йæм бæргæ балыгъд йæ тохы æмбал, хæрзæвзонг Дриаты Олег, фæлæ уый дæр æдзардæй æрхауд йæ фарсмæ. Дыууæйæ иумæ зынгхуыст фесты, фидауынгæнæг тыхты æрбацыдмæ ма бæрцæй дыууæ боны куыд хъуыд, афтæ. 12-æм июлы снайперы нæмыгæй фæцæф Æлборты Алан. Бæргæ ма йæ аластой Дзæуджыхъæуы рынчындонмæ, фæлæ йæ цардæй ахицæн 14-æм июлы, Хуссар Ирыстонмæ фидауынгæнæг тыхтæ куы æрбацыдысты, уыцы бон.

Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд арæзт куы æрцыд, уæд Михайленко Саша дæр бацыд ацы къордмæ. Гуырдзиаг фашистты ныхмæ хæцыны æмрæнхъ ма уый куыд дохтыр, афтæ фыццаг æххуыс кодта цæф лæппутæн æмæ сæ ласта республикон рынчындонмæ. Цæф лæппутæй-иу туг кæй бахъуыд, уымæн-иу радта йæхи туг дæр. Сашæйæн йæ бон уыд æмæ соматикон рынчындоны дохтыртæн æххуыс кодтаид, ничи дæр дзы хъаст ракодтаид постытæм куынæ цыдаид, уæддæр, фæлæ уый бæсты æппынæдзух дæр уыд æндыгъд бынæтты. Уыцы æлгъыстаджы бон,  дæр кæд йæ рад нæ уыд, уæддæр йе ‘мбæлтты цур балæууыд æмæ йыл йæ хур цæрæнбонтæм ахуыссыд. 1992 азы 23 июлы знаджы нæмыгæй фæмард Чилæхсаты Рутен. Уый хæцыд Коцты Толикы къорды, хъахъхъæдта Къуернеты бæрзæнды.

Æнæмæлгæтæн кардзинад нæй. Сæ фæлгæндзтæ мысгæйæ сын сæ цæсгæмттыл никуы фендзыстæм кары æнцъылдтытæ, æвзонгæй кæй аивгъуыдтой се ‘нусон бæстæм, уый фæстиуæгæн. Æрвылаз дæр июнь-июлы мæйты æрбалæудимæ цæстыты раз сыстынц кæрæдзийы фæдыл уыцы азты тугæвдылд цаутæ, кæй зыдтай æмæ кæй нал уыныс, кæуыл нал æмбæлыс горæты уынгты, æгъатыр мæлæт кæй ахаста, уыдоны цæсгæмттæ. Цас уыдысты, цас! Фылдæр æвзæнгтæ, йæ цард нырма разæй кæмæн уыд, ахæмтæ. Цы ракодтой хуыцауы раз æмæ кæй къухæй фæмард сты, уыдоны раз дæр? Мур дæр ницы. Æрмæст уарзтой сæ райгуырæн бæстæ, нæ сæ фæндыд цагъарæй искæйы къæхты бын цæрын. Фæлтау мæлæт хуыздæр! Афтæ хъуыды кодтой уыцы сахъгуырдтæ. Фæмардуæвджыты хъæбатырдзинæдтимæ зонгæ кæндзысты Ирыстоны æвзонг фæлтæртæ æмæ сын цæвиттойнаг уыдзысты, Райгуырæн бæстæйæн куыд аргъ кæнын хъæуы, уый фæдыл.

Абон мæ уацы, не скодтон фæмардуæвджытæй алкæйы кой дæр, бæрæггæнæнтæ мæм кæй нæ уыд, уый аххосæй. Уымæ гæсгæ сын сæ бинонтæй курын хатыр.

Джиоты Е.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.