Президент Гаглойты Алан Хӕлардзинады орденӕй схорзӕхджын кодта сгуыхт дохтыр, фӕллойы ветеран ӕмӕ Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты фӕсчъылдымы ветеран Уалыты Лидияйы.

Уӕлдӕр хорзӕх лӕвӕрд ӕрцыд РХИ-йы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны рӕзтмӕ егъау хайбавӕрд, бирӕ азты дӕргъы дохтырæй куыст æмæ райгуырӕн боныл 90 азы сӕххӕсты цытӕн.

Уалыты Лидияйӕн арфӕкӕнгӕйæ паддзахады сӕргълӕууӕг бузныджы ныхӕстӕ загъта бирӕ арзты дӕргъы йæ цæсгомджын куысты тыххӕй ӕмӕ йын йӕ цӕст бауарзта фидар ӕнӕниздзи-над, фӕрныгад, ӕввахс адӕмы ӕххуыс ӕмӕ хъусдард.

«Хӕларзӕрдӕ адӕймаг ӕнусӕй фылдӕр цӕры. Ахӕм ныхӕстӕ фӕзӕгъынц бирӕ чи фӕцӕры, уыцы адӕмӕй. Хистӕр кары адӕмы фӕрцы абон цӕры ныры фӕлтӕр. Уӕ цӕвиттонтыл хъомыл кӕнынц ӕвзонг фӕсивæд. Max хӕсджын стӕм Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ӕппӕт хайадисджытæй, мах хъуамӕ кад кӕнӕм уе сгуыхтдзинӕдтӕн. Сымахæн уæ цард ӕнæфӕиппӕрдгӕнгӕ баст у паддзахады цардимӕ», — загъта уый.

Уалыты Лидия бузныджы ныхӕстӕ загъта Президентӕн йӕ хъусдарды тыххӕй ӕмӕ радзырдта зын хӕстон ӕмӕ фӕсхӕсты рӕстӕджы тыххӕй. Уый 67 азы куыста ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны фадыджы.

«Мӕ фӕлтӕры куыд иннӕ минӕвӕрттӕ, афтӕ ӕз дæр кодтон зын, фӕлӕ аккаг цард. Max нӕ царды бирӕ зындзинӕдтӕ федтам, фӕлӕ алцӕуылдӕр фæтых стæм. Бузныг дын, кæй ныл тыхсыс кæй нæ рох кæныс. Мæнæн стыр кад у ахæм уæлдæр хорзæхы аккаг кæй стæм», — загъта Уалыты Лидия.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.