Базальтон заводы арæзтадмæ æрæвнæлдтой 2020 азы. Инвестициты гуырахст уыд 238 милуан сомы. Объекты арæзтад æххæст æрцыд ВТБ бангы (ПАО) хатырон  кредиттæ дæттыны системæйы фæрцы.

Абон завод цæттæ у куыстмæ, цыдæриддæр æй ифтонггæрзтæ хъуыд, уыдон иууылдæр æвæрд æрцыдысты. Ныртæккæ дзы кусы 42 адæймаджы. Кусджытæн дæсныйад бацамоныны нысанæн специалисттæ æрхуыдтой  Уæрæсейæ. Ныртæккæ Уæрæсейы ахæм заводтæ ис дыууæ. Æртыккаг та арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны. Базальтон кондадты бындурæвæрæг у «Альфа Надежда», кæцы у базальтон продукцийы технологон хицау.  Уый æмгуыст кæны Уæрæсейы зонад-иртасæн институтимæ, проекттæ дæр ын саразынц уыдон. Хуссар Ирыстоны, цæмæй ахæм завод æрбайгом уыдаид, уый тыххæй «Альфа Надежда»-йы сæргълæууæг сарæзта Уæрæсейы Федерацийы коммерцион структурæтимæ авд бадзырды. Æмæ ныртæккæ уыдон цæттæ сты Хуссар Ирыстоны «Ир-Базальт»-ы  продукци æлхæнынмæ.

Кондады директор Джиоты Роман зæгъы, зæгъгæ, завод у бирæфункцион, фæлæ композицион æрмæг рауадзыны тыххæй кондадæн иууыл перспективондæр у базальты фæскъау. «Базальтон фæскъау рауадзынæн хъæуæг æрмæг у базальты хуыр. Ацы завод ницы зиан у адæмæн, экономикæйæн та у пайда. Йæ уадзыны процесс арæзт цæуы хъæрмадон энергийы стыр гуырахстæй. Цы продукци уадзæм, уымæй пайдагæнæн ис композитон æрмæджыты кондады. Сæрмагондæй – арматурæ, арæзтадон æмæ фæндагон-арæзтадон хыз æмæ базальтон тел аразыны», – загъта «Ир-Базальт»-ы директор.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй кондад йæ продукци сæйраджыдæр æрвитдзæн Уæрæсемæ æмæ æндæр бæстæтæм. Фæлæ бынæттон арæзтадон фирмæтæн дæр сæ бон уыдзæн бынаты балхæнын заводы продукци.

Нæ фарст, ома, базальты завод цас тæссаг у  цæрджытæн æмæ дзы чи кусы, уыцы адæмæн Джиоты лæппу дзуапп радта: «Заводы тыххæй ис специалисттæ – экологты æппæт бæлвырдгæнæнтæ. Уыдон куынæ уыдаиккой, уæд республикæйы территорийыл базальты завод нæ райдыдтаиккам аразын. Базальты завод хъæуы куысты бынæттæ æмæ паддзахады æфтиæгтæ фæфылдæр кæныны тыххæй. Инвестагентад цы æхцайы фæрæзтæ радта кредиты хуызы, уыдон фæстæмæ аздахын хъæуы 10 азы æмгъуыдмæ».

Сæрмагондæй Хуссар Ирыстоны территорийыл цæмæн арæзт æрцыд базальты завод, уый тыххæй та ахæм дзуапп райстам: «2019 азы «Альфа Надежда»-йы специалисттæ уыдысты Хуссар Ирыстоны, уыдон иукъуырион иртасæн куыстыты рæстæджы сбæлвырд кодтой, нæ зæххыл цы базальтон дур ис, уый нымад кæй цæуы сыгъдæг æмæ хорзыл. Йæ бакусыны аргъ лæудзæн асламдæр. Фæлæ уæддæр нырма фыццаг этапы базальт ласт цæуы æддейæ. Мах архайæм карьертæ аразыныл, стæй сæрмагонд техникæ сифтонг кæныныл дæр, æмæ уый фæстæ бынаты амал кæндзыстæм базальт дур».

Геологтæ куыд амонынц, афтæмæй  Хуссар Ирыстон  хъæздыг у базальтæй. Мах ныфс ис, нæ заводæн стыр перспективæ кæй ис. Нырма нæм кусы иу пец. Уый суткæйы мидæг дон кæны базальты дуры 600 килограммы. Уымæй райсæн ис 97 проценты таг. Иннæ æртæ проценты дуры уымæлад тæвд пецы байсысы кондадон процессы рæстæджы. Цыдæриддæр базальты зианхæссæг буарадтæ ис, уыдон баззайынц йæхи мидæг æмæ кусджытæн æппындæр ницы зиан хæссынц», – загъта Джиойы фырт.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.