Ногæй та базальтон завод æмæ «Ирыстоны дыргъдæтты» тыххæй

Ирыстоны экономикæ йæ рæзты фæндагыл куыд цæуы æмæ цы æмвæзадыл ис, уый тыххæй ныхас кодтам Хуссар Ирыстоны Зонад-иртасæн институты Экономикон-социалон хайады кусæг Дзабиты Вячеславимæ.

Нæ фарст: — ныртæккæ цы рационалон нормæтыл æнцой кæны экономикæ? Национ экономикæйы рæзты темптæ фæтагъддæр кæныны тыххæй цы ориентацийыл кусы Зонад-иртасæн институты ацы хайад?

«Афæдзы мидæг иу адæймаг цы продуктты ассортимент хъуамæ хæра, уыдон сты мæнæ ахæм — кæрдзыны продукттæ (ардæм хауынц дзул, макъарон, кастæ) — 96 кг, картоф — 90 кг, халсæрттæ — 140 кг, дыргътæ — 100 кг, сæкæр 24 кг, фыдызгъæлы продукттæ — 76 кг, æхсыры продукттæ — 340 литр, айк — 270 иуæг, цæхх — 4 кг. Ацы хатдзæгтæм гæсгæ, фæцæрыны минимум у 13 сæдæ 260 сомы. Ныртæккæ статистикæмæ гæсгæ нæ республикæйы цæры 55 520 адæймаджы. Республикæйы 2021 азы зонæнтæм гæсгæ цы хъæууонхæдзарадон продукци æрзайы, уый æхцайы эквивалентмæ куы акæнæм, уæд уыдзæн 12 20 609 сомы. Уый та нысан кæны, æхсæнады кæй хъæуы 37% фылдæр продукттæ, махмæ чи зайы, уыдон та сты æрмæст 27 %. Уый, фыццаджыдæр, æвдисæн у, хъæууонхæдзарады кæй ницы арæзт цæуы, уымæн. Æмткæй, нæ республикæйы цы хъæууон хæдзарадон зæххытæ ис, уыдон сты 127 677 гектары. Уыдонæй фосы сæрвæттæ 14 481 гектар, хосгæрдæнтæ — 9 211 гектары, быдыртæ — 120 гектары. Иннæ зæххытыл цы тыд цæуы, уый тыххæй Зонад-иртасæн институты ницы зонæнтæ ис».

Дзабиты Вячеслав ма экономикæйы дарддæры рæзтыл дзургæйæ загъта: æндидзынгæнæн процессты æмрæнхъ активон куыст хъуамæ кæй цæуид адæмон хæдзарады къабазы дæр. Хицауады хъусдард та здæхт уа республикæйы инвестицион климатмæ Уæрæсейы регионтимæ æмгуыстад кæнынмæ хъуыддагон партнертæ агурын, дунеон специализацигонд фæзуатæй спайда кæнынмæ.

Республикæйы территорийыл инвестицитæ аразыны руаджы размæ цæудзæн экономикæ дæр. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуыс кæныны тыххæй фæрæзтæ кæд хицæн цæуы бынæттон бангтæй, уæддæр бирæ-бæрцæй къух нæ аразынц. Паддзахадон æххуыс лæвæрд æрцæуы проектмæ гæсгæ, фæлæ цалынмæ арендатор кондадон ифтонггæрзтæ самал кæны æмæ зайæгойты реализацийы хæрдзтæ бфафиды, уæдмæ йе ’хцайы фæрæзтæ фæвæййынц. Дарддæр цы куыстытæ бакæнын хъæуы, уымæн сæм финанстæ нал вæййы. Хицауад хъуамæ бакуса æмæ РХИ-йы Пар-ламентмæ арвита закъоны проект, цыран нысан æрцæудзæн «Амалиуæгадон архайды тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссын, кæцы фадат ратдзæн республикæйы бюджетон фæрæзтæй фылдæр рахицæн кæнын амалиуæгады рæзтæн.

Хъыгагæн, цалдæр азы размæ Цхинвалы районы Присы хъæуы арæзт цы инвестицион фæткъуыбæлæсты дыргъдон «Ирыстоны дыргъдæттæ» цыдис 50 гектары территорийыл, уый абон æрхауд æдзæллаг уагмæ. Инвестор нын уырнын кодта, ацы територийыл арæзт кæй æрцæудзæн 10 гектар хъомылгæнæн таладон, 200 тоннæйы бæрц дыргътæ æфснайд кæм цæуа, ахæм инфраструктурæимæ арæзт кæй уыдзæн. Проекты аргъ æмткæй уыд 260 милуан сомы, уыдонæй хисæрмагонд фæрæзтæ бизнесмен бахаста 60 милуаны, иннæтæ та — Инвестицион агентад. Бизнесмен ныфс æвæрдта, проект реализаци кæныны руаджы кæй фæзындзæн 50 куысты бынаты. Дыргътæ, халсæрттæ æфснайыны фадат, дам, уыдзæн хъæууон фæллойгæнджытæн дæр, «Ирыстоны дыргъдон»-ы территорийыл цы егъау уазалгæнæнтæ арæзт хъуамæ æрцыдаид, уым. Ныфс æвæрдтой, фидæны Хуссар Ирыстоны консервон завод кæй сырæздзæнис. Æмæ абон цы уынæм? Дыргъдон амард, инвестор алыгъд, ныфсытæ цæмæй æвæрд цыд, уыдонæй æппындæр ницы сырæзт. Афтæмæй экономикæ размæ никуы ацæудзæн.

Цалдæр азы размæ ма Знауыры районы хъæууон цæрджытæй дæсæн лæвæрд æрцыд хъæрмуатон хæдзарадтæ бакæныны нысанæн кредиттæ. Æнæдызæрдыгæй уый хорз проект у цæрджыты хæлцадон ифтонгады æмæ бюджетмæ хъалонтæ цæуыны нысанæн. Проекты руаджы нæ базарадон фæзуаты фæзынд бынæттон халсæрттæ. Фæлæ та цалдæр азы фæстæ уыдон дæр сæ куыст баурæдтой. Экономикæйы рæзты перспективæтæй ма нын ныфс æвæрдтой базальтон заводæй дæр. Бынæттон ресурсты бындурыл, дам, завод уадздзæн базальтон тальк бæрзонд-технологийы руаджы. Хуссар Ирыстон, дам, хъæздыг у базальты гуырæнтæй æмæ, дам, нæ адæм размæ ацæудзысты. Проекты аргъ уыд 200 милуан сомы. Ам цы таг уагъд хъуамæ æрцыдаид, уымæй, дам, пайда цæудзæн бæстыхæйтты фасад хъарм кæнынæй райдайгæйæ наутæ аразыны онг. Завод арæзт фæцис, адæм кæд йæ ныхмæ уыдысты, уæддæр. Хъуамæ скуыстаид, 30 куысты бынаты радтаид, фæлæ та уымæн дæр абон йæ кой нал ис.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.